АХУЫРГÆНÆГ: Сывæллæттæ, ныртæккæ нæм уыдзæн ирон кæсыны урок. Байхъусут зарæгмæ æмæ дзы арæхдæр цы мыртæ зæлдзæн, уымæ гæсгæ зæгъут нæ урочы темæ æмæ нысан.

(Зæлы зарæг «Цъиу, цъиу, цъиу».)

АХУЫРГÆНÆГ: Чи йæ базыдта, цавæр мыр æмæ дамгъæимæ кусдзыстæм?

(Мах кусдзыстæм мыр æмæ дамгъæ «цъ»-имæ. Алыхуызон куыстыты руаджы бафидар кæндзыстæм мыр æмæ дамгъæ «цъ».)

АХУЫРГÆНÆГ: Мыр æмæ дамгъæйæ цы уæлдай ис?

(Мыр дзурæм æмæ хъусæм, дамгъæ та фыссæм æмæ уынæм.)

АХУЫРГÆНÆГ: Цы зæгъдзыстут мыр «цъ»-йы тыххæй?

(Мыр «цъ» у зылангон æмхъæлæсон.)

АХУЫРГÆНÆГ: Æз уын дзурдзынæн дзырдтæ. Кæд мыр «цъ» дзырды райдайæны уа, уæд мын уæ тымбылæджы равдисдзыстут цъæх хуыз, кæд астæуæй уа, уæд та сырх хуыз.

  • Цъуй (рябина)
  • хыцъы (кресс-салат)
  • сырддонцъиу
  • цъыф
  • цъында
  • роцъо
  • цъылын

АХУЫРГÆНÆГ: Цъырцъырагæн йæ цæстыты конд афтæ у, æмæ æндæр саск кæнæ хилæг гыццыл дæр фезмæлыд, зæгъгæ, уæд æй уайтагъддæр ацахсы. Уый æнæхъæн бон бахæры тынг бирæ бындзытæ, къогъотæ, зулчъытæ. Уымæй хæссы тынг бирæ пайда.

Зæххы къорийыл цъырцъыраг куыд тæхы, афтæ ницы тæхы. Иу ахуыргонды къухы дæр нæ бафтыд техникæйы руаджы дæр цъырцъыраджы тахт бафæзмынын. Фæлæ уæддæр хæдтæхджытæ цы ахуыргæндтæ æрхъуыды кодтой, уыдон спайда кодтой цъырцъыраджы буары кондæй. Хæдтæхæджы базыртæ сты цъырцъыраджы базырты хуызæн.

АХУЫРГÆНÆГ: Цъысцъысаг йæ диссаджы зарæг кæны йæ даргъ къæхтæ кæрæдзиуыл хафгæйæ. Уый фылдæр хæры зайæгойтæ, фæлæ хаттæй-хатт йæхицæй лыстæгдæр сасчыты дæр бахæры. Байхъусут-ма йын йæ диссаджы зарæгмæ.

АХУЫРГÆНÆГ: Æрхъуыды кæнут хъуыдыйæдтæ дзырд «цъиутæ»-имæ.

  • Бæласы къалиуыл бадынц цъиутæ.
  • Цъиутæ алыхуызоæн хъæлæстæй зарынц.
  • Цъиутæ æрбатахтысты хъарм бæстæй.

АХУЫРГÆНÆГ: Байгом кæнут уæ чингуыты 95 фарс. Ссарут текст «Уæздан цъиу». Кæсын хъæуы аив, хъæрæй. Каст куы фæуæм, уæд хъъамæ дзуапп раттат ахæм фæрстайæн: «Хъаз хоры гага кæцы цъиуæн радта?»

АХУЫРГÆНÆГ: Уæ зæрдыл бадарут текст æмæ уæхи фæрстытæн дзуæппытæ дæттынмæ бацæттæ кæнут.

  1. Хъаз йæ цъиутимæ кæцæй æрбацæйцыдис?
  2. Цы фелвæста зæххæй хъаз?
  3. Куыд бафарста хъаз йæ лæппынты? Бакæсут-ма йæ чиныгæй.
  4. Бакæсут-ма стырдæр цъиу цы загъта, уый фыст кæм ис, уыцы бынат.
  5. Уæдæ къаддæр цъиу та цы загъта йæ мадæн?
  6. Кæмæн радта мадæл хъаз мæнæуы гага?
  7. Куыд раарфæ кодта хъаз къаддæр цъиуæн?

АХУЫРГÆНÆГ: Уæ зæрдæмæ тынгдæр чи фæцыдис аргъауы хъайтартæй?

Куыд æмбарын, афтæмæй стырдæр цъиу уæ зæрдæмæ нæ фæцыдис. Цымæ цæуылнæ? (Уый у зыд, хиуарзон, гуыбындзæл.)

Къаддæр цъиуы тыххæй та цы зæгъдзыстут? (Хæларзæрдæ, æрхъуыдыджын, цæстуарзон, мадуарзаг, уæздан.)

Цавæр уыди мадæл хъаз та? (Зондджын, растзæрдæ, растзондылхæст.)

Сымах та куыд бакодта иккат цъиуты бынаты?

Ацы аргъауæй уæхицæн зондæн цы райстат? (Зыд кæнын нæ хъæуы, уый худинаг у.)

АХУЫРГÆНÆГ: Цæсты хаутæ уæззау кæнынц, Цæстытæ сæхæдæг æхгæнынц.

Мах æнцад нæ фæллад уадзæм Уысм æнæ дзургæйæ бадæм.

Мах чысыл нæ фæллад суагътам Уæларвæй тыхтæ æрбайстам.

Цæстытæ та байгом кæнæм, Æнæзивæг афыдæбон кæнæм.

АХУЫРГÆНÆГ: Кæй уынут нывы? Цы ми кæнынц сывæллæттæ? Кæм кæнынц хæринаг, уый цы хуины? (Цъиуты хæрæндон.)

Цæмæн хъæуы цъиутæн зымæг хæринаг дæттын? Цæмæй бафиддзысты цъиутæ та адæймаджы хорздзинæдтæ? (Рæсугъд зарджытæ кæндзысты, бындзытæ, къогъотæ, зулчъытæ ахсдзысты.)

Уæдæ уалдзæджы адæм цъиуты æрбатахтмæ сæхи куыд бацæттæ кæнынц? (Сауцъиуты ахстæттæ скæнынц сæхи къухтæй æмæ сæ бæлæстыл сауындзынц.)

АХУЫРГÆНÆГ: Цавæр мыр æмæ дамгъæйыл куыстам абоны урочы? Ногæй цы базыдтат абоны урочы?

Уæ куыстæн саргъ кæнут. Урочы æрмæг иттæг хорз чи бамбæрста, уый йæ тымбылæджы равдисæд цъæх хуыз, чысыл æнæмбаргæдзинæдтæ кæмæн разынд, уый равдисæд сырх хуыз, æрмæг чи нæ бамбæрста, уый та – бур хуыз.