- Курс-практикум «Педагогический драйв: от выгорания к горению»
- «Труд (технология): специфика предмета в условиях реализации ФГОС НОО»
- «ФАООП УО, ФАОП НОО и ФАОП ООО для обучающихся с ОВЗ: специфика организации образовательного процесса по ФГОС»
- «Специфика работы с детьми-мигрантами дошкольного возраста»
- «Учебный курс «Вероятность и статистика»: содержание и специфика преподавания в условиях реализации ФГОС ООО и ФГОС СОО»
- «Центр «Точка роста»: создание современного образовательного пространства в общеобразовательной организации»
Свидетельство о регистрации
СМИ: ЭЛ № ФС 77-58841
от 28.07.2014
- Бесплатное свидетельство – подтверждайте авторство без лишних затрат.
- Доверие профессионалов – нас выбирают тысячи педагогов и экспертов.
- Подходит для аттестации – дополнительные баллы и документальное подтверждение вашей работы.
в СМИ
профессиональную
деятельность
Учебное пособие по осетинскому языку для 1 класса: изучаем букварь с Дамгъуат
Дамгъуат
(уæлæмхасæн æрмæг)
Бирæгъты Иринæ
Дзæуджыъхъæуы 33- æм скъолайы
ирон æвзаджы ахуыргæнæг
Æууæнкджын æмбæлттæ.
( Верные друзья)
Аргъау.
Цардис- уыдис иу чызг. Йæ рæстæг куы æрхæццæ скъоламæ цæуынмæ, уæд ын йæ мад æмæ йæ фыд балæвар кодтой дыууæ чиныджы. Хуымæтæг чингуытæ нæ уыдысты.
Иу дзы уыдис къаддæр. Иннæ стырдæр.
Къаддæр чиныг чи уыдис. Уый фæндыдис чызджы пъартфелмæ. Цыма иу зæгъынмæ хъавыдис: « Ахуыр мæ кæн хæдзары æмæ скъолайы дæр.Æз дын бирæ ног хабæрттæ радзурдзынæн». Стырдæр. Бæзджындæр чиныг чи уыд, уый та иу цыма сыбырттæй дзырдта: « Бакæс мæ.Æз дын бирæ диссæгтæ радзурдзынæн.
Фæлæ чызг йæ хъус ницæмæ æрдардта. Иу цасдæр рæстæг куы рацыд. Уæд ма сæ рох дæр фæкодта.
Иу бон чызгыл æрцыдис бæллæх. Бады æмæ йæ цæссыгтæй йæхи æхсы. Уалынмæ йæ хъусыл ауад « Зæгъ- ма чи дæ бафхæрдта ?»
Ракаст чызг æмæ дын диссаг, фæрсы йæ къаддæр чиныг.
- Куыд нæ кæуон. Алчи мыл худгæ куы кæны, иронау куы фæдзурын, уæд. Æмæ мæ æппынæдзух раст фæкæнынц: «Дзурын хъæуы: къах,къух,хъус, хъœбатыр».
- Æз дын баххуыс кæндзынæн. Байхъус ма мæм. Мæнæн мæ ном хуыйны «Абетæ». Кæс мæ, уарз мæ,зивæг ма кæн æмæ уыдзынæ ирон чызг».
Ныццин кодта чызг. Йæ чиныгæн æбахъæбыс кодта æмæ æркафыд йæ уаты. Фæлæ æвиппайды цæуылдæр ахъуыды кодта æмæ та хъæрæй ныккуыдта.
-Цæуыл кæуыс чызг?
Кæсы æмæ дын диссаг. Тæрхæгыл цы стыр чиныг уыдис уый дын куы æрхизид уырдыгæй.
- Радзур- ма мын цавæр бæллæх дыл æрцыдис. Кæд дын мæ бон бауид баххуыс кæнын.
- Куыд нæ кæуон,- зæгъы чызг. Дзурын куы райдайын , уæд мын дзырдтæ нал фæфаг кæны, æмæ уыцы иутæ фæфæлхат кæнын. Æмæ мын уæд фæзæгъынц: « Мæнæ чызг де взаджы хъæд цæй мæгуыр у?»
- Бахæлар у мемæ æмæ уæд рæсугъд дзурдзынæ. Æз дæн «Ирон таурæгъты» чиныг. Чингуытæ кæс стæй сæ кæс лæмбынæг».
Уыцы бонæй фæстæмæ чызг райдыдта хæларæй цæрын йæ чингуытимæ. Йæ цард сси хъæлдзæгдæр æмæ æнцондæр. Хорз æмбæлттæ- хорз æххуысгæнджытæ. Уымæн фæзæгъынц: чиныг у хъæздыг дыргъдон, кæцыйы ис пайда дæр, æхсызгон дæр.
Æмбисæндтæ.
Зонд æнæ чиныгæй – цъиу æнæ базыртæй.
Чиныг у де мбал,æнæ уымæй – æнæкъух.
Чиныг дын баххуыс кæндзæн фæллойы, фервæзын дæ кæндзæн бæллæхæй дæр.
Чиныг- дунемæ рудзынг, арæхдæр æм кæс.
Абетæ фыссынмæ.
Хурмæ та сæрттывта
Хъазæн цъæх фæз.
Кастæн æз цингæнгæ
Иуварсæй æз.
Махыл кæй сахуыр ис,
Уый дæр зыдтон.
«Ма- иу тыхс иунæгæй»,-
Уымæ дзырдтон.
Загътон ын: «Скъолайы
Дуæрттæ сты гом,
Уым –иу æрфысдзынæн
Мелæй дæ ном.
Уым-иу мæ зарджыты
Мысдзынæн дæу.
Доны был, дыргъдоны,
Ноджы мæ хъæу!..
Цæй уал,хæрзбон, уæдæ!
Хъазæн цъæх фæз.
Абетæ фыссынмæ
Тагъд кæнын æз.
Баситы М.
Базыдтон дамгъæтæ.
Базыдтон дамгъæтæ
Хъавгæ фыссын.
« Ногдзау» -ы аргъæуттæ
Уарзын кæсын.
Хъæуы кæсæндоны
Уазæг нæ дæн,
Сабиты чингуытæ.
Адджын мæнæн.
Фынгыл тæргайгæнаг
Нал дæн хæрдыл.
Стыр лæг ысуæвын мæ
Тагъддæр фæнды.
Балаты А.
Ирон æвзаджы ис 43 дамгъæйы.
Хъæлæсон дамгъæтæ сты: а, æ, е, ё, и, о, у, ы, э, ю, я - 11
Æмхъæлæсонтæ сты: б, в, г, гъ, д, дж, дз, з, ж, й, к, къ, л, м, н, п, пъ, р, с, т, тъ, у, ф, х, хъ, ц, цъ, ч, чъ, ш, щ - 31
А- йыл, дам, уæхсчытæ нæй,
Афтæмæй хæбæцц æрлæууыд.
Зоны- хайджын у фæрнæй,
Иууыл абетæн сæ цæу у.
***
Асинау йæ къæхтæ- даргъ.
Абетæн кæй дæн сæ фæтæг.
Æз дæн Агъуыст, Амонд, Арт,
Авдæн, Аргъау, Азтæ, Ард!
Бæлццæттæй мæ фæстæ цас и!
А- у зонды цъуппмæ асин!
Бакæс дзырдтæ.
Аз арв амонд архайд аххос ахсæн Азау
Арт а рм арф арфæ ахуырад авдæн Æхсар
Сыгъдæгдзуринæгтæ.
А-а-а- лæппу стыр лæг ауа.
А-а-а-цуанон саг амара.
А-а-а- ахуыр, ахуыргонд, ахуыргæнæг.
Бакæс æмдзæвгæ.
Авдæн.
Авдæн нал хъæуы мæн,
Авдæн къуымы лæууы.
Алкæд хъарм уыд, фæлмæн,
А, ныр уæртæ кæуы:
«Авд лæппуйы уызтон,
Авдæн кодтон хъæбыс.
Ам сæ зардмæ хъуыстон,
Авдæй ферох дæн æз»
Авдæн, мауал ку, цæй,
Акæн, акæн фынæй,
Азæр йе взист тынтæй
Ауздзæни дæу мæй.
Уырымты П.
А- йæн Æ йæ хо, йæ фаззон,
Æ дæр йе фсымæрау уаз у.
***
Æхсæрæг, Æхсæрæг,
Нæ чысыл хæлар,
Кæм дын ис æхсæвæр?
Кæм дын ис хæдзар?
-Мæ хæлар, мæ хæдзар,-
Бæласы мæра.
Æхсæрæг æхсæрæй
Хъуамæ цæра.
Уалыты Л.
Бакæс лзырдтæ.
Æз æгъдау æмгар æхсæрæг æвзаг
Æрдз бæлас фæз æмбал æхсæв
Сыгъдæгдзуринæгтæ.
Æ-æ-æ Ирыстон мæ Райгуырæн бæстæ.
Æ-æ-æ- хæстæн йæ кой дæр дæлдзæх.
Æ-æ-æ- æхсæв, æхсæр, æндæрг.
Бакæс æмдзæвгæ.
Æнæзивæг лæппу дæн.
Æнцад бадын нæ зонын.
Нæ годо мæ нæ хъугæн
Кæрдæджытæ фæтонын.
Баба мæ ныр лæг хоны,
Быдырмæ мæ фæхоны.
Нанайæн та гыцццыл дæн
Нæ мæм дæтты йæ цъылын.
Хъассохаты К.
Тагъддзуринæгтæ.
Æхс хæрды размæ дæ къухтæ,
Ма кæн де скъолаайæ цухтæ.
Кус, ызмæл, дæ тых æхсид,
Хистæртæн сæ хæрзтæ фид!
***
Æвзæр у , куынæ кæна
Исчи дæ мæт,
Æвзæрдæр, куынæ кæнай
Искæйы мæт.
Ахæццæ кæн дарддæр.
Фæндыр, хъæрдæр æрцæгъд!
Хистæр! Сабитæн …
(æмдзæгъд)
Уый рагæй æрцыди фыст
«Йе взаг чи нæ уарзы- у…
(æлгъыст)
Уыци- уыцитæ.
Чи хсыны дæндæгтæй хъæбæр æхсæр?
(æхсæрæг)
Хъулон хъуг урс родæн
Урс цыдæр дардта.
Базон- ма йæ уæдæ,
Гоцо цы дадта?
(æхсыр)
Æмбисæндтæ.
Æнæ кусгæйæ цард нæй.
Æнахуыр бæсты æлдарæй дæр зын цæрæн у.
Æрæджиауы зонагæй зонæг нæй.
У æгъдауимæ æмдзæрин-
Дары сиахсау худ кæддæрид…
Бакæс дзырдтæ.
Бал бон абон бæрæгбон бабыз
Баз бæрз бандон боныхъæд харбыз
Сыгъдæгдзуринæгтæ.
Бæ-бæ-бæ ирон хъæбатыр чызг Баситы Чабæ.
Би-би-би- йæ къухтæ ивазы саби.
Бы-бы-бы- къæвда уары Тибы.
Бакæс æмдзæвгæ.
Бабыз.
Бабыз цады хъазы,
Бапп-бапп.
Батилы йæ базыр,
Бапп-бапп.
Батахт сонтæй уæртæ,
Бапп-бапп.
Бамбæхсти йæ кæрты,
Бапп-бапп.
Былмæ дын фæкасти,
Бапп-бапп.
Бобикæй фæтарсти,
Бапп-бапп.
Уырымты П.
Тагъддзуринæгтæ.
Бал ныммæра, мал ныпъæра
Бахуыскъ бал. Бахус мал.
***
Бирæгъы фæсырдтой куитæ,-
Базыдтой йын
Йе взæр митæ.
Ахæццæ кæн дарддæр.
Ниугæ. Портийау тымбылæй
Тугъдзых бирæгъ ахауд…
(былæй)
Фенон хъæуты алцы
Акæн мæн демæ …
(балцы)
Уыци- уыцитæ.
Зымæг –мæгуыр, сæрд-хъæздыг.
(бæлас)
Сау дæн, æмæ сынт нæ дæн,
Урс дæн, æмæ цыхт нæ дæн.
(булкъ)
Æмбисæндтæ.
Бæстон куыст бæркадджын у.
Бафæрсын худинаг нæу.
Бирæ фосæй бирæгъ дæр не фсæды.
Ды кæсæнцæстытæ зоныс,
Мæн сæ халдих хонынц.
***
В –нæу Иры базырджын,
В –йæ райдайгæ дзырдтæ
Махмæ ис æрмæст æртæ.
Вæзн, Вæййынц, æмæ, Вазыгджын.
Уалыты Л.
Бакæс дзырдтæ.
Аз арв царв æвзист æвзарын
Æвзалы авдæн кæвдæс тæвд
Бакæс æмдзæвгæ.
Авдæны зарæг.
Авдæн- хуры хæдзар , Хуры,
Мад хъæбулмæ худгæ дзуры:
Пух къух авдæнæй æрзæбул.
Райхъал у мæ уарзон хъæбул.
Фехс дæ уæрджытæн сæ баз,
Азгъор, тæрхъустимæ хъаз.
Мæргъты лæппынтимæ дзур,
Дардмæ цъиусуры фæсур.
Зын- йæ райдайæн фæндагæн,
Хæц йæ саджы сытыл сагæн
Авдæн- хуры хæдзар , хуры,
Мад хъæбулмæ худгæ дзуры:
Дауырæ
Тагъддзуринæгтæ.
Гæдыла бахъуызыд
Кæркдонмæ хъавгæ,
Мила йæ рацахста
Уасæджы давгæ.
Ахæццæ кæн дарддæр.
Диссæгтыл дисгæнæг
Цæр æмæ цæр!
Диссаг нæ уынæг
Дæ ном у «Æ.зæр»
***
Лæппу байрагимæ хъазы,
Размæ йын йæ хъус и.азы.
Дауырæ.
Уыци-уыцитæ.
Не скъæты сырх гал баст.
(æвзаг)
Баныгæн æй- не мбийы,
Доны йæ баппар- аленк кæны.
(æвзалы)
Æмбисæндтæ.
Æвзагджын лæг фæринк у.
Цы взаг Тулы, уый æмбулы.
Æнæвзаг æвзагджынæн æргъомдзау у.
Г цæвæгыл цæуы барст-
У цæвæджы хуызæн раст.
***
Гинойыл фæкæнæм дис.
Мыстимæ фæлымæн.
Къæбицæй фæдавы Гисс
Бур цыхтытæ уымæн.
Гогыз Гисмæ тынг хæцыд.
Гогыз æй фæнадта.
- Гоппайæ дæ зонд фæцыд,
Мыстæн цыхт куыд радтай?
Гисс нæ уарзта
Загъта- багъта,
Цыхт æрхаста
Æмæ загъта.
-Мысты дæр хъæуы цæрын,
Мысты дæр хъæуы хæрын.
Бакæс дзырдтæ.
Гал аг чиныг гауыз
Гæды фынг сынтæг мæсыг
Гогыз зынг уалдзæг уазæг
Бакæс æмдзæвгæ.
Гал.
Гал йæ сыкъатæй æвзиды.
Гал мæсты у, знæт.
Гыццыл род ныууазал митыл,
Галы нæй йæ мæт.
Гал, æрсабыр у,фæкæс æм,
Гайлаг куы у хорз,
Гал, дæуæм дæр мах куы хæссæм
Голладжы цъæх хос.
Уырымты П.
Сыгъдæгдзуринæгтæ.
Га-га-га- гаги, галл, гауыз.
Ги-ги-ги- гино,гино, гисс,гисс.
Го-го-го- годо, голлаг, гогыз.
Тагъддзуринæгтæ.
Арынг-уылынг,
Уазæгæн фынг.
Сивыр-цыбыр,
Дзыхыл- гуыдыр.
Ахæццæ кæн дарддæр.
Æмраст дар дæ гуыр
Кæннод уыдзынæ …
(гуыбыр)
Бæх уыдис гыццылæй байраг
Дынджыр гал- чысыл род…
(гайлаг)
Уыци-уыцитæ.
Чи йын бафиддзæн йæ хæрзтæ,
Ахсадта та нын нæ гæрстæ.
(гæрстæхсæн)
Æфсæст куы вæййы, уæд хъил лæууы,
Æххормаг куы вæййы- хуысгæ кæны.
(голлаг)
Æмбисæндтæ.
Гуыбынтæ фсымæртæ сты.
Гуыбыны коммæ кæсын нæ хъæуы.
Галиудзинадмæ мин фæндаджы ис, рæстдзинадмæ -иу.
Доны сæрты чи акæны гæпп,
Уый фæзæгъы цингæнгæйæ «гъопп»
***
Гъери бубли, кæдæм цæуыс?
Гъери бубли, дæлæ Мугутмæ,
Гъери бубли, цæмæн цæуыс?
Гъери бубли, цыхт агурæг.
Бакæс дзырдтæ.
Рагъ агъд æгъдау
Аргъ аргъау бирæгъ
Сæгъ æгънæг æгъдау
Сыгъдæгдзуринæгтæ.
Гъа-гъа-гъа- арфæйы ныхас чи зæгъа?
Гъы-гъы-гъы- цæхæрадоны сцæттæ мæнæргъы.
Бакæс æмдзæвгæ.
Митдон згъоры. 10
Ракаст хур, фæхъарм и бон.
Миты бынæй фемæхст дон..
Уый кæлы, кæлы, кæлы,
Згъоры, зарджытæ кæны!
Згъордтон æм:- Чысыл фæлæуу,
Дондугъ нæу, фæдис дæр нæу!
Уæд кæдæм кæныс ды тагъд?
Фæлæ уый уæддæр фæуайы,
Стыр донмæ йæ зæрдæ райы.
Баситы М.
Тагъддзуринæгтæ.
Урс пакъуы чысыл бæлæгътæ
Симынц цады рæгътæ- рæгътæ.
***
Нары уары,
Згъилы згъалы,
Калачы калы
Тибы сæрмæ
Тæрккъæвда.
Ахæццæ кæнут дарддæр.
Мæнæ диссаг, мæнæ аргъау
Адæм рох кæнынц ирон …
(æгъдау)
Мин хаты мæлы тæппуд
Иунæг хатт- хъæбатыр.
Цасфæнды æмбæхс дæ уд-
У хъысмæт…
(æгъатыр)
Дауырæ.
Уыци-уыцитæ.
Акæс æм- фæздæгхуыз,
Фæлæ нæу фæздæг.
Ноджы у бæмбæгхуыз,
Фæлæ нæу бæмбæг.
Циу уæдæ, зæгъ-ма?
(мигъ)
Амар æй æмæ дæхи туг акæлдзæн.
(къогъо)
Д –хæдзары сæры халдих,
Кæс- къæвдайы дон дзы ртагъди.
Бакæс дзырдтæ.
Дыргъ дур кард адæм дохтыр дыргъдон
Дон дымгæ мад ард мыд дæгъæл
Сыгъдæгдзуринæгтæ.
Ды-ды-ды къæм ныххауди сæ мыды.
Ди-ди-ди- коммæгæс чызг у Мæди.
Да-да-да- дары, дауы,давы.
Дæ-дæ-дæ- дæтты, дæуæн, дæс.
Бакæс æмдзæвгæ.
Æз æмæ ды.
Ды- къæдзæх дæ,
Æз- æндон.
Ды -фæйнæг дæ,
Æз- лæгъзгæнæн.
Ды- цыргъ цæвæг,
Æз- цыргъгæнæн.
Ды- дæ трактор,
Æз- дæ гутон.
Ды- нартхор дæ,
Æз -дæ хордон.
Ды- хъæсдарæг,
Æз- куырд, хойæг.
Ды-кæрдæг дæ,
Æз –дæ кæрдæг.
Гуацъæты Ю.
Уыци- уыцитæ.
Гал ахордтон œмœ йœ къœдзил мœ къухы аззад.
(кœрдо)
Дыууœйœ кœрœдзимœ кœсынц ,
Фœлœ кœрœдзимœ нœ хœццœ кœнынц.
(доны былтœ )
Джитъри- митъри
Къабуска
Айтег харбыз
Рабырста.
Джитъри.
Джихæй баззад хуымы
Джитърийы лæппын:
«Джидзæджы дæр не вдæлд
Джигулмæ æппын?»
Бакæс дзырдтæ.
Джызæл денджыз джыджына фыдджын адджын
Сыгъдæгдзуринæгтæ. 12
Джи-джи-джи-джир, джиранкæ, джитъри.
Джы-джы-джы-джыбы, джыджына, джынасу(ртуть).
Дже-дже-дже- джебен, джебогъ, джеджджын.
Бакæс æмдзæвгæ.
Джафар.
(скъуыддзаг)
Джафар нæ кæрчытæн æлдар у.
Æдзух нывыл йæ ныхас.
Джафар кæддæриддæр Джафар у.
Нæ кæрчыты -сæрылхаст.
Æрбарæдыд нæм искæй хъохъо.
Æнæнхъæлæджы иугæр,
Джафар ын апиры йæ корто,
Фæкæны йæ фыдизæр.
Балаты А.
Дзывылдар.
Дзывыл-дзывыл
Дзывылдар,
Цæмæй конд у
Дæ хæдзар?
- Кæрдæг хæлттæй
Мæ хæдзар,
Æнæ рудзынг,
Æнæ дуар.
Бакæс дзырдтæ.
Дзул дзаума дзырд рæстдзинад дзуг дзæмбы
Дзых дзырдзæугæ дзуар дзынга дзæнгæрæг
Сыгъдæгдзуринæгтæ.
Дза-дза-дза- дзабыр, дзала, дзаума.
Дзæ-дзæ-дзæ- фыр фæлладæй кæнын рæдзæ- мæдзæ.
Дзы-дзы-дзы- нæ цæхæрадоны æрзади диссаджы уырыдзы.
Бакæс æмдзæвгæ.
Дзырдарæхст.
-Фыдуæгтæ ма кæн,-
Дæттын дæ куыдзæн.
- Уæд ма мæ мадæн.
Лæппу кæм уыдзæн?
-Ныппардзынæн дæ
Йæ арфмæ цадæн.
-Кæм ма уыдзæнис
Лæппу мæ мадæн.
Мæ мад мæ уарзы,
Кæны мæ сомы!-
Дзырдарæхст лæппу
Сæттын нæ комы.
Дауырæ.
Тагъддзуринæгтæ.
Дзуринаг дзургæйæ
Дзуринаг у дзурæг.
***
Рæвдз, мæ къонатæ, мæ хуртæ!
Рæвдз, мæ коммæгæс хъæбултæ!
Згъорут! Арвайдæн уæм дзуры,
Дзуццæг абадут йæ цуры,
Зивæг, хуыссæджы фæсурут!
Йемæ, цæй, иронау дзурут!
Дауырæ.
Ахæццæ кæнут дарддæр.
Хур ныккасти, бæстæ зынг,
Бакодтон æз дæр мæ уаты …(рудзынг)
Цæй сæрæн дæн уæвгæ
Сахуыр кодтон мæ…(æмдзæвгæ)
Уыци- уыцитæ.
Чи мæ бахъыгдары
Уый кæуын байдайы.
(хъæдындз)
Æрзымæг. Дон ныййих, ныкъкъæй,-
Мæ бæхæн бауромæн нæй!
Æрцыди уалдзæг, бахъарм зæхх,
Æмæ ныууоцани мæ бæх.
(дзоныг)
Æмбисæндтæ.
Дзыхы дуар- чиныг.
Дзыхджын- бæхджын, æнæдзых- фистæг.
Дзырд нæмыгау у- куы аирвæза, уæд ын æрцахсæн нал и.
Æ- дыууæ дамгъæйæ арæзт,
Цæй, лæмбынæг ма йæм бакæс,
А- ма рахицæн кæн Æ- йæ
Æмæ агæпп ласдзæн Е- йæ.
***
Ехс бийын куыд хъæуы,
Зоны уый Гæгу.
Уарзынц æй нæ хъæуы
Уый, дам, ныр лæг у.
Бакæс дзырдтæ.
Ехс ерыс егъау еуу теман ердо егар
Терк бел теуа тел тебæ абетæ
Æмдзæвгæ бакæс.
Егар.
Егъау хъæды рувасы фæдыл
Егар куыдз ныййарц и æгæр.
Ер ацахса рог сырды ,афтæ
Ехх, бæласыл сцавта йæ сæр.
Уырымты П.
Тагъддзуринæгтæ.
Гида бе-бе-е зæгъын нæ зоны.
Уæрыччы дæр мяу-мяу хоны.
Ехх, тæхуды, ехх æвæдза
Мемæ чи ахъаздзæн, теуа?
Ахæццæ кæн дарддæр.
Нæ цæхæрадон скъахтон белæй,
Фæйнæгыл ныффыстон …
(мелæй)
Поезд араст Бесланæй
Фыстæг райстон Е…..
(Елхъанæй)
Уыци- уыцитæ.
Куы лæдзæг у, куы къæлæт,
Куы æрдын у, куы- æлæт.
Уадзы буарыл тæлмвæд,
Аххосджын та у йæ хъæд
(ехс)
Æмбисæндтæ.
Егар куыдз бирæтæн йе знаг.
Ехсмæ гæсгæ бæх у
15
Елкæ циу иронау, елкæ?-
Бафарста Илас.
Фарстæн дзуапп дæтты Аленкæ:
- Уый у заз бæлас.
Дзырдты стъæлфыты бæсты сæвæрын хъæугæ дамгъæтæ.
Сер.жæ, Ал.нæ, Л.вæ, .лкæ.
Федтай кæд цæугæ хъæндилы
Цыма Ж дамгъæ фæзилы.
Жираф нæ сырддоны куыдта,
Жираф зæрдиагæй куырдта,
Ныфысс мын иу фыстæг мæ мадмæ,
Мæ мадмæ Африкæйы дардмæ.
Жираф.
Жираф нæ хæхбæсты цæры,
Жирафы фенæм мах сырддоны,
Жирафбæрзонд хæцы йæ сæрыл,
Жираф, тæппуд циу, уый нæ зоны,
Жираф дзыгъуыртæ æмæ даргъ у,
Жираф суанг бæлæстæм æххæссы,
Жираф æгъдауæй та уæздан у,
Жираф домбайæ дæр нæ тæрсы.
Уырымты П.
У зырнæйзылд дамгъæ З,
Уый «æртæ»- йæн дæр бæззы.
Зæрватыччы уаст.
Ус- дыууæ хордон,
Лæг- иу хордон,
Кæд мæнг зæгъын,
Уæд куыройы æргъæсчъы астæу
Мæ сæр -цъ-и-и-ст!..
Бакæс дзырдтæ.
Аз зонд зымæг баз уарзон заз
Зарæг зæрватыкк хъаз фаззон
Сыгъдæгдзуринæгтæ.
За-за-за- саби Ирвыстон уарза,
Зæ-зæ-зæ- цырд чызг у Азæ.
Зы-зы-зы- мад авдæн узы.
Бакæс æмдзæвгæ.
Заз.
Зазы та фæрæтæй
Зыпп, зæгъгæ, ныццавтой,
Заз фæцух и хъæдæй,-
Залмæ йæ æрдавтой.
Зазыл- бирæ хъазæн,
Зарын азæлд дардыл.
Зын куыд нæ уа зазæн-
Зыны цырæгътæ- буарыл.
Уырымты П.
Тагъддзуринæгтæ.
Зары Зарæ зарæг
Залы зæлы зард.
Зарæг у йæ дарæг,
Зарæг у йæ цард.
***
Зараг лæппу нæ аразы хæдзар,
Зарагæн лæджы зæрдæ- йæ хæдзар.
Ахæццæ кæн дарддæр.
Æрхæццæ та нæм Ног аз,
Сфæлыстам диссаджы …
(заз)
«Фондз» райстон абон æз,
Æнхъæлмæ мæм кæсы хъазæн…
(фæз)
Уыци- уыцитæ.
Цæй- ма, базон æмæ зæгъ
Урс кæд адары нæ зæхх,
Уадмæ хъусгæйæ.
(зымæг)
Æрбацæуын Ног азы лæвæрттимæ
Фæкалын цæхæртæ.
(заз)
Æмбисæндтæ.
Зондджын сæрæй архайы, æдылы та- тыхæй.
Зиудыхæй бирæ æнтысы.
Зæхх чырын у: цы дзы сæвæрай, уый дзы сисдзынæ.
Иуæй иннæ хахмæ хах-
Дæлейæ уæлæмæ,
Базыдтам та афтæ мах
Ног дамгъæ уæдæмæ.
***
Индийæгтæ Ирмæ
Уазæгуаты сты,
Ирæттимæ иумæ
Зилынц хæхбæсты.
Бакæс дзырдтæ.
Ис дидинæг Инал мигæнæн Ир мит
Илас билцъ ирон сир иту битъына
Æмдзæвгæ.
Мæ зарæг- Ирыстон.
Ды, Ирыстон ,- мæ зарæг!
Ды, Ирыстон,- мæ уалдзæг!
Ды, Ирыстон, нæргæ цæр!
Уæд дæ фæндаг даргъ, уæрæх.
Дæ хъæбысы райгуырдтæн,
Дæ хъæбысы схъомыл дæн.
Ирон авдæн- мæ рухс зæд,
Ирон гыцци- мæ узæг.
Ирон туг ис мæ уæнгты,
Ирон ыстæг, ирон уд.
Нæртон гуырдты фæндæгтыл
Цæуын мæнæн æхцон у!
Плиты З.
Тагъддзуринæгтæ
Куыд нæ басийы
Æвæдза, цъити,
Сæрдæй, зымæгæй
Йæ сæрыл мит и.
Ахæццæ кæн дарддæр.
Бады бæласыл дæс цъиуы
Хъуамæ дзы æрцахсон…
(иуы)
Къæлæу байрагимæ хъазы,
Хъусмæ даргъ къубал …
(ивазы)
Уыци-уыцитæ.
Арты нæ судзы
Дон æй нæ ласы.
(их)
Размæ- фæстæмæ быры.
Фындзæй æнцъылдтæ къуыры.
Царды тынг хъæугæ у, тынг.
Ма йыл æууæнд- сайы зынг.
Никуы фæлмæцы куыстæй.
Ма йæ ферох кæн тъыстæй.
Кусгæ уый кæны фæлмæныл,
Сæвæр æй фæскуыст æфсæныл.
(иту)
Æмбисæндтæ.
Иу лæг хæстæн, дыууæ æфсад.
Иу боны куыстæй ничи цæры.
Искæй хæдзары галы цæстæй кæсы, йæхи хæдзары та- цъиуы цæстæй.
Иналы зарæг.
Плиты Х. ныхæстæ
Дзитойты Ю. музыкæ
1
Нанайы зæрдæ, ой!
Иналæй райы, ой!
Нана Иналы дзæбæх фæнайы
Дзæбæх фæнайы, ой!
2
Инал фæхуды, ой!
Æрбады тасы, ой!
Бабыз- лæппынау, уым донæй хъазы!
Уым донæй хъазы, ой!
3
Уый сапон уарзы, ой!
Нæ дзы фæтæрсы,ой!
Æрбакæсут- ма, йæхи куыд æхсы
Йæхи куыд æхсы, ой!
Ног мæй И-йы сæрмæ абадт,
Й- йæ ног дамгъæ куы рауад.
***
Йод хорз у, хорз:
Къахæй туг фæтагъд,
Гъе уæд уымæн хос уæ
Хъæдгом айсæрд тагъд.
Бакæс дзырдтæ.
Мæй сой сæйраг æфсæйнаг
Къай куырой хай байраг кæфой
Æмдзæвгæ.
Уæлæ арвæй ракаст мæй.
Уæлæ арвæй ракаст мæй,
Бахудти мæм дардæй.
Кодта уый нырмæ фынæй,
Райхъал ис мæ зардæй.
Æмæ, хъæлдзæг арæзт, ныр
Рацыди йæ балцы.
Зондзынæн, куы уон ыстыр,
Мæйы тыххæй алцы.
Азтæ мыл цæуы чысыл,
Дæн дыккæгæм къласы.
Радзырдтæ кæсын, фыссын
Мæйы тыххæй уарзын.
Мæргъиты В.
Чи цæмæй тæрсы?
Уарын - мигътæй.
Кау - йæ михтæй.
Денджыз - науæй.
Быдыр - тауæй.
Чи цæмæй сæрыстыр у?
Арс -йæ кæрцæй.
Фурд - йæ бæрцæй.
Стай - йæ тыхæй.
Взæр - йæ дзыхæй.
Ахæццæ кæн дарддæр.
Кафы бæгъæввадæй цæхæртыл рог,
Хонынц æй Индийы адæмтæ…
(йог)
Уыци- уыцитæ.
Нæ цары къæдз æхсырф.
(мæй)
Хæры æмæ йæ хæрынæй не фсæды.
(куырой) 20
Æмбисæндтæ.
Йæ ахстон цы цъиу нæ уарзы, уый æлгъыст у.
Кукла базыл бафынæй,
Кукла бастад кафынæй.
***
Каркмæ цъиусур дзуры:
- Карк, кæм ис дæ цъиу?
- Куыдздонмæ фæтулы
Мард цъиусуры фиу!
Бакæс дзырдтæ.
Карк кæсаг кæрдо калм
Куыдз зæрватыкк кард кæсæн айк
Сыгъдæгдзуринæгтæ.
Кæ-кæ-кæ-кæсаг, кæрдо,кæсæн.
Ка-ка-ка- калм, кард, карк.
Æмдзæвгæ бакæс.
Карк.
Кæрдæг адардта цъæх.
Карк йæ лæппынтæм дзуры:
«Кæрты хизут дзæбæх,
Куыт-куыт, хъазут мæ цуры,
Кæннод цъиусур- тæссаг,
Кæртмæ дардæй фæкæсы.
Коммæ чи нæ кæса,-
Коммæ уыдон фæхæссы.
Уырымты П.
Ахæцæ кæн дарддæр.
Хистæр æрбацыд- дæ бынатæй сыст,
Кусыс, фæуадз уæд дæ цыфæнды…
(куыст)
Хорзы æвзæрæй кæмдæриддæр хат:
Зонын иронау – ирон лæгæн …
(кад)
Уыци- уыцитæ.
Цæуы, цæуы æмæ йæ фæд
Нæ зайы.
(кæсаг)
Æмбисæндтæ.
Куыстæн йæ сæр сындз, йæ бын- сой.
Куысты дæ хид куы нæ рацæуа, уæд æхсæвæр адджынæн нæ бахæрдзынæ.
Кæстæрæн йæ хæс – хистæрмæ хъусын.
Къæвда уары æмæ уары,
Уары : уаллæттæн – бæрæгбон,
Къанæуттæн- цæрæнбон,
Быдырæн- цъæхцъæхид таутæ,
Сабитæн- гæххæттын наутæ.
Бакæс дзырдтæ.
Къах къам къамбец къалати аркъау
Къух къул къомси къуыбыр къухмæрзæн
Сыгъдæгдзуринæгтæ.
Къа-къа-къа- цæукъа æмæ фыркъа.
Къæ-къæ-къæ- къæбæр, къæбæл, къæбыла.
Къа-къа-къа- къам, къалати, къамбец.
Тагъддзуринæгтæ.
Хъустæ, рустæ, былтæ-къæйттæ,
Къухтæ,къæхтæ дæр- дыгæйттæ.
Къухтæ кусынæн ысты,
Ма сыл бацауæрд куысты.
Дауырæ.
Ахæццæ кæн дарддæр.
Дар- иу дæ зæрдыл, мæ кæстæр, æдзух:
Хистæрмæ раздæр нæ фæдæттынц….
(къух)
Тути рудзынгæй атахти
Йæ зæрдæмæ нæ цæуы…
(къалати)
Уыци-уыцитæ.
Нæ йын райдайæн ис,
Нæ- кæрон.
(къухдарæн)
Нæ йын мад
Нæ йын фыд.
Буц у сабитæн, рæвдыд.
(къæцæлын чындз)
Æмбисæндтæ.
Къух къухы æхсы.
Къæрных алыбон сусæг нæ кæны.
Къухы цы уа, уый цæсты нæ ахады.
Л- йæн нæу йæ фыссын зын-
Д- йæн мауал ыскæн бын.
***
Цирк у циркул, Л- йы фаззон-
Сты бынтон лыстæг йæ къæхтæ,
Фæлæ зилгæ кафт куы уарзы,
О- тæ чи фыссы дзæбæхдæр?!
Бакæс дзырдтæ.
Мел луаси пæлæз был малусæг лауыз
Гал хæлаф тыл мыстулæг æлдар
Бакæс æмдзæвгæ.
Лæг.
Лæдзæджы æнцæйтты фæцæуы
Лæгау лæг нæ сыхы къуылыхæй.
Лæгæвзарæн тохы фæцæф и,
Лæппуйæ мæн тыххæй, дæу тыххæй.
Лæмæгъты нæ уарзы йæ царды,
Лæгдзинад йæ бæллиц уыд рагæй.
Лæгдыхæй йæ кард æмæ уартæй
Лæвæрдта уый карз ныхкъуырд знагæн.
Лæппулæг, фæдзæхсын дын æз:
Лæгау лæгмæ алкæд фæкæс.
Уырымты П.
Тагъддзуринæгтæ.
Цъула- цъула, Гуцъула,
Лæппу нал у Дуртула.
Халон хаста халмæ хал,
Ахстон сарæзта, ысхъал.
Ахæццæ кæн дарддæр.
Иу мæй дæр æххæст нæ цæуы
Скъоламæ нырма Бæппу,
Афтæмæй йæ иууыл хъæуы
Хонынц « скъолайы …»
(лæппу)
Уыци- уыцитæ.
Нæ чысыл тохынайæ фæздæг кæлы.
(лулæ)
Нæ гыццыл дзæкъул хурæй дзаг.
(лампæ)
Æмбисæндтæ.
Лæггаг дыууæрдæм у.
Лæг лæджы кæддæриддæр бахъæудзæн.
Лымæны куыд дарай, афтæ у.
Лæппуйæ дзураг хорз лæг нæ кæны.
Л- йыл-ма æндæр къах бафтау-
М дамгъæ фысгæ у афтæ.
***
Мысты чи фæнадта,мысты,
Мыст цæуыл кæуы?
Мыстулæг æм тынг фæмæсты,
Къахæй йыл лæууы.
Хордоны сæр ын йæ мисын
Асдæрдта Мыстачъе.
Тугтæ йыл, мыййаг, нæ мысы:
Сахуырста дзы йæ зачъе.
Бакæс дзырдтæ.
Мыд малусæг æмбал æмбисонд мыст мæлддзыг
Мигъ æмдзæвгæ мисын мад амонд æмцæдисон
Æмдзæвгæ бакæс.
Мадæй мын ма хъаст кæ,
Мацы мын дзур.
Мадæн йæ ракаст дæр
Махæн у хур.
Мадыл куыннæ зарæм,
Мад у зынаргъ.
Мачи уæ бавзарæд
Мады зынад.
Уырымты П.
Тагъддзуринаг.
Мæлдзгуытæ хæссынц дзæкъултæ,
Сты тымбылтæ æмæ зултæ.
Ахæццæ кæн дарддæр.
Уæнт дæм сылгоймæгтæ зæдтыл нымад,
Се хсæн æппæты уæлдæр æвæрд…
(мад)
Уыци- уыцитæ.
Дидинтæй чи сдары митæй йæ сæр?
(малусæг)
Чидæр сарæзта цыдæр:
Амад къултæ , амад сæр.
Дымгæ йыл нæ уадзы рыг,
Халы хи дурæй…
(мæсыг)
Æмбисæндтæ.
Мады рæвдыдæй адджындæр ницы ис.
Мады зæрдæ сабийæн- хур, фыды зæрдæ- мæй.
Мады ад- ныфсдæттæг, мады уарзт- тыхдæттæг.
Цармæ дын мæ схизын бахъуыд,
Асин та нæм уæд куы нал уыд.
Бакæс дзырдтæ.
Ныв нау нæуу ныййарæг номдар ныгуылæн
Ныфс нывгæнæг ногдзинад намыс
Бакæс æмдзæвгæ.
Науы бадынц иумæ
Нинæ,Нана,
Саг,
Ноджы тæрхъус Римæ,
Нал у уый тæрсаг.
Нарæг лæппу Юрæ
Нау ыскъæры тагъд.
Науы астæу иу ран
Наз бæлас ис сагъд.
Ног аз дзы лæвæрдтæ
Райсдзыстæм хæлæрттæ.
Уалыты Л.
25
Тагъддзуринаг.
Нæ хæххон хъæуы
Ныссагътон неси.
Ныддынджыр ис,
Цæттæ мын не сси.
Ахæццæ кæн дарддæр.
Намысæн аргъгæнæг макуы у сомæй,
Дзур-иу хæдзармæ нæлгоймаджы…
(номæй)
Уыци-уыцитæ.
Бæндæн хизы æмæ род нæрсы.
(нас)
Æнгузæй чысылдæр, лæгæй тыхджындæр.
(нæмыг)
Æмбисæндтæ.
Ныхас хъуыддагæй аразгæ у.
Ныхас- тъыфыл, йæ сæххæст та- мæкъуыл.
Нæзоныны къух нæ риссы.
О тæлы у, тулы, тулы,
Бакодта цæрмыстыгъд нулы.
***
Ордентæ æрсагъта
Олычкæ йæ риуыл.
Адон райстон, загъта,
Ерыс куысты иууыл.
Бакæс дзырдтæ.
Ололи омоним орден очерк
Орден.
О, цы хъæлддзæг бон уыд,
О, ныр дæр æй мысæм:
Орден райста мæ фыд,
Орден – Кады нысан.
Тагъддзуринаг.
Хорзæн йæ хорздзинад къæхты бын ис,
Зæхмæ ныггуыбыр кæн æмæ йæ сис.
Уыци-уыцитæ
Карк дæлдзæхы къуыртт уазы.
(картоф)
Нæ гыццыл мæсыг дурæй амад.
(нартхор)
Зæхх æй ратты,
Дур æй ныцъцъæл кæны,
Дон æй ныллæхъир кæны,
Арт æй басудзы,
Лæг æй бахæры.
(хор)
Æмбисонд.
Оммен кувæг зæронд лæгæн -æхсызгон.
Пыл мæнмæ ныккасти,
Пыл йæ фындз æруагъта.
«Пони мæ фæтарсти».
Пыл мын парчы загъта.
***
Пысыра куы сæрра-
Уынгæджы фæдæн-
«Ныууадз мæ , пысыра,
Цæмæн судзыс мæн?»
Бакæс дзырдтæ.
Пыл похци порти пыхцыл пæлæз пырындз
Бакæс æмдзæвгæ.
Пыл.
Пыл цирчы фæхъазыд,
Пыл бафæллад тынг.
Пæлæхсар бæласбын-
Парахат йæ фынг.
Пæрпæргæнгæ мæргътæ
Пыхсбынæй тæхынц.
Пысмил фосы къæхтыл
Пæррæстæ кæнынц.
Пысыра сагъæстон
Пыл фидар лæууы.
Пыл мысы йæ бæстæ,
Пыл тыхсы, кæуы.
Уырымты П.
Уыци-уыцитæ.
Сæрд дæлгоммæ,
Зымæг уæлгоммæ.
(похци)
Зымæг хæраг, сæрд- нæ.
(пец)
Æмбисæндтæ.
Пайда алчи йæ куыстæй исы.
Пайда дæр лæгмæ гæсгæ у.
Пайда мæ зиан- æфсымæртæ.
Пъæззы æмбалæн нæ бæззы,
Пъæззы- сæрæнгуырды знаг.
Зон æй, куы дæ рцахса пъæззы,
Нал дæ ысхондзысты саг.
***
Пъæнæз, тадзин æмæ дисидæ
Пъолы бын ыссардтон.
Уыдон бамбæхста уым чидæр,
Семæ ма уыд сарт дæр.
Сыгъдæгдзуринæгтæ.
Пъа-пъа-пъа- пъагон, пъадвал, пъалаткæ.
Пъæ-пъæ-пъæ- пъæра, пъæззы, пъæнæз.
Пъы-пъы-пъы- пъырыпъыф, пъырыстыф.
Бакæс æмдзæвгæ.
Уыци-уыцитæ.
Дон нуазы, фæлæ хæрын нæ уарзы.
(пъеро)
Æмбисæндтæ.
Пъæнæз- мидæмæ, фæрæт æддæмæ.
Федтон музейы æхсаргард,
Цæстытæ дзы нал истон-
Уый у агургæ- нæ аргæ,
Р дамгъæ- йæ сау фистон.
Хох у гуылывзагæн Р,
Схизынмæ уымæ тырны-
Дзуры, мæгуырæг, æдзух:
« Байраг, хæрæг æмæ рухс..»
Бакæс дзырдтæ.
Род радгæс арв æргом сæр рон рыг арф ардуан мæра
Æмдзæвгæ бакæс.
Рувас.
Рувас бастад кафынæй
Реуа-реуа- реуатæ
Рувас хъæды афынæй.
Реуа-реуа-реуатæ.
Рамæсты йæм æхсæрæг
Реуа-реуа-реуатæ.
Разгъæлдта йын æхсæртæ.
Реуа-реуа-реуатæ.
Рувас фæхъал, фæлидзæг.
Реуа-реуа-реуатæ.
Рувас хуынчъы фæмидæг.
Реуа-реуа-реуатæ.
Уырымты П.
Тагъддзуринаг.
Хиуарзон, дам, дæ!
Зæгъ-ма мын уæддæр,
Чи уарзы искæй
Йæхицæй фылдæр?!
Ахæццæ кæн дарддæр.
Лæппу йæ хъазæнтæ æфснайы,
Мады зæрдæ фыртæй …
(райы)
Низ ныр налы йæ куыст,-
Банцад дæндагæн йæ ..
(рыст)
Уыци-уыцитæ.
Дзурын уарзы,
Хъусын – нæ.
(радио)
Нæ буркæрцджын маргъы фыд уарзы.
(рувас)
Æмбисæндтæ.
Райгуырæн бæстæ мадау адджын у.
Рæстддзинад цардæн йæ бындур у.
Растæй раст зæгъ, зылынæй- зылын.
Ног мæй фæсрагъæй кæсы,-
Мæй нæ, фæлæ дамгъæ С.
***
С куы алыгъд сагæй,
Агæпп ласта агæй.
Бакæс дзырдтæ.
Сæр рæс скъола рæсуг сæрибар сау саби скъола рæсугъд сабырдзинад
Сыгъдæгдзуринæгтæ.
Са-са-са-скъоладзау бирæ кæса.
Сы-сы-сы- чызг рæсугъд, сыгъдæг фыссы.
Се-се-се- тыхджын стыр бæстæ у Уæрæсе.
Бакæс æмдзæвгæ.
Сæнæфсир.
Сæнæфсир- пæлæхсар,
Сыфтæртæй -æмбæхст,
Сыгуардæй- хæрзæхсад,
Сырх хурæй – æфсæст.
Сæууон арвы риумæ-
Сæ цинæйдзаг каст.
Сæ пуцæлттæ иумæ-
Сырх фæрдгуыты баст.
Тагъддзуринæгтæ.
Сау мигъ у къæвдайы мигъ,
Сайы уарын, сайы их.
***
Скодта кæрцыл кæрц хъæдындз,
Судзы цæстытæ мæ фындз.
***
Нарты Сырдон хæйрæг уыди
Санаты Сем нæ рæдыди.
Ахæццæ кæн дарддæр.
Рафæлдæхтис хъазтыл кау…
Иу хъаз урс уыд, иннæ- …
(сау)
Хорз лæг уыдзынæ кæддæр,
Бахъæудзæн дæ йе уæд..
(сæр)
Уыци-уыцитæ.
Нымæц цæмæн нæй.
(стъалытæн)
Ис æртæ цæсты мæнæн,
Калынц радыгай тæмæн.
Сырх, кæрдæгхуыз æмæ бур
Сты дæу хъахъхъæнæг, мæ хур.
Ис æртæ цæсты мæнæн,
Базон- базон, æз цы дæн.
(светофор)
Æмбисæндтæ. 30
Сыхаг- айдæн, хъæубæстæ- чиныг.
Сывæллон цы уына, уый кæны.
Сывæллон хæссы хæдзары гъдау адæмы хсæнмæ.
Т зонын дæ кæд фæнды,-
Халамæрзæн сис, уый- Т.
***
Тута цас зайы нæ сыхы,
Тута, сау тута, хæрзад!
Афтæ тади уый мæ дзыхы-
Нал мæ базыдта мæ мад.
Бакæс дзырдтæ.
Туас тæхъæг арт тымыгъ тути тæбæгъ сарт табуафси
Бакæс æмдзæвгæ
Тути.
Тути тоны
Тутатæ.
Тыргъы тауы
Тутатæ.
-Тæргæ, Таму,
Тутийы!
Таучел тырын
Таму та:
- Туаг тутатæ-
Тæлæттаг-
Тонгæ, Тути,
Табуафси!
Цæрукъаты В.
Тагъддзуринаг.
Теуа, хиуа æмæ саг
Донæй банызтолй сæ фаг:
Теуа- цуайнаг, саг- æрдæг,
Хиуа асдæрдта кæрдæг.
Ахæццæ кæн дарддæр.
Тугдзых бирæгъ ахауд былæй
Ниугæ. Портийау …
(тымбылæй)
«Фондз нæ райстай?»- сисынц загъд,
Радзур æрмæг ногæй…
(тагъд)
Уыци-уыци.
Поезды кæстæр æфсымæр
Горæты цæры,
Балцы нын вæййы фысымау,
Арвнæрдау нæры.
(трамвай)
Æмбисæндтæ.
Тæргайгæнаджы хай- хæлæйфаг.
Тыхы фæдыл цæуын нæ хъæуы.
Тых зондæй у.
Тъанг ыссардтой цъиутæ.
Тъангыл кодтой цинтæ.
Иу цъиу æй ивæзта ме рдæм,
Иннæ йæ ивæзта де рдæм.
Тъанг нæ уыди, уаллоны
Уыд хæрын сæ зæрды.
Иннæ цъиутæ уалынмæ
Кодтой гæпп йæ сæрты.
Бакæс дзырдтæ.
Алтъами тъыфыл стъæлф тъанг тъизой
Æмдзæвгæ.
Тъепа.
Тъох та æд æнгуыр слæууы,
Тъепатæ бирæ ис малы.
Тъæпп-тъæпп донæй ыссæуы,
Тъурийау уылæн фæцæуы,
Тъохы мæстæй цыма марынц.
Ацы дамгъæ зоныс рагæй-
У- хъæдын, дыкъухыг сагой.
***
-Уары, уары!
-Цы уары?
-хиды хъусыл бæгæны.
-Уый бæгæны нæ уары,
Арв йæ хæдон лæмары,
Уымæй тæрсы нæ гæды.
Бакæс дзырдтæ.
Ус хъус уыг уасæг уæрдон аууон урс рус хур уаллон хъæу æууæнк
Бакæс æмдзæвгæ.
Уызын.
-Уызын, ставд мит куы уары,
Урс куы дары дæ кæрц,
Уады футт дæм нæ хъары,
Уæд цы кæныс къæрцц-къæрцц?
-Уæууа, уый та куыд загътай?
У хъызт зымæг фыдуаг.
У дзæгъæлы дæ катай,
У дзæбæх хъарм мæ уат.
Уартæ къузиты рæбын
Уат, сыфтæртæ- бынæй.
Уым æз уалдзæджы рцыдмæ
У-ух, кæндзынæн фынæй.
Уырымты П.
Тагъддзуринæгтæ.
Скастис хохы цъуппæй хур,
Хæхтæ, рæгътæ дарынц бур!
***
Кæны æппæлдæй лæг уæлхох,
Фæвæййы дзы йæ сахъат рох.
Уырытæ уынджы ссардтой уырыдзы,
Лæппу сыл сардыдта урс къобор куыдзы.
Асырдта уырыты хъæхъхъаг куыдз уыры,
Иу хъулон уыры фæмидæг ис хуыры.
Ахæццæ кæн дарддæр.
Худы йас, бур гуыбын,
Судзинрагъ. Тулдзы бын
Мыстыты, кæлмыты
Рацахсы уæрмыты.
(уызын)
Равзарæм æй мах сыгъдæг,
Рафыцæм æй доны.
Тонæм ын йæ дыргъ фæззæг.
Уый дæр нæ фæтоны.
(уагъылы)
Æмбисæндтæ.
Уæрм чи къахы., уый дзы йæхæдæг хауы.
Уазæгуарзаг хæдзар амондджын вæййы.
Уазæджы цур дæ куыдзы дæр ма ныццæв.
- Уæд дыууæ О-йæн сæ астæу
Ауæдз акодтой, æмраст хахх.
Ма тæрс, хыл, мыййаг, нæ фесты-
Ног дамгъæ сæ ныр куы фестад.
Фондзтæ цыма алкæд исы-
Къухтæ синсæртæй нæ исы!..
***
Фаззæтты кæстæр Фатимæ
Фæрссаг фæкæсы.
Фæззæджы фæткъуытæй иумæ
Фæлгæтæй æххæсы.
Бакæс дзырдтæ.
Фат фидар афтид арф уæлдæф фондз фырт æфснайд фæнык
Бакæс æмдзæвгæ.
Фыдыбæстæ.
-Ды фыдыбæстæ цы зоныс,
Сабиты хуыздæр?
Уымæй исæм мах нæ хъомыс,
Мад дæр у, фыд дæр!
- У мæнæн мæ фыдыбæстæ
Мадæлон æвзаг.
Уымæ чи кæсы фыддзæстæй
Уый та мын- ызнаг!
Уалыты Л.
Тагъддзуринæгтæ.
Фидинаг фиддисытæ фидынхъом не сты:
Карз æфхæрд баййæфтой, иваргонд фесты.
Ахæццæ кæн дарддæр.
Ныр Теркыл мæ зæрдæ,
Куыннæ кæна дис?
Æдзухæй хъæргæнгæ
Куы кæны фæдис!
Уыци-уыцитæ.
Даргъ лæджы цыбыр лæг мары.
(фæрæт)
Арвмæ цæуы æнæ базыр, æнæ асинæй.
(фæздæг)
Æмбисæндтæ.
Фырхæрд бирæгъæн дæр нæ тайы.
Фыдномгæнæг мыггаджы сафы.
Фыдæлты уаргъ кæстæр фæхæссы.
Х –хæсгард, хæбæцц æрлæууыд,
Нарæг балвæста йæ рон,
Хъуымацæн йæ туг ныллæууыд-
Загъта хæсгард: «Цæй, кæрдон..»
***
Хох-æй дурау иу Х ратылд,
Махæн та нæ амонд атылд-
Афтæмæй ныл хо куы бафтыд.
Бакæс дзырдтæ.
Хæларад хæринаггæнæг хуыссæг бæх хæлардзинад хурмæзилæг
Бакæс æмдзæвгæ.
Хуртуангæс.
Хомбыл Хасан-
Хуртуангæс
Хураууоны
Хæрзадæн
Хурма хæры
Халыввæ.
Халон- хæлоф
Хуртуаныл:
Хойы, хойы
Хлепа
Халон:
-Хасан хæлиудзых!
Харамæрзæн-
Хасанмæ.
Халонæн- хафт!
Ха-ха-ха!-
Хуыссы халон
Хæмпæлты.
Хорз хуртуангæс-
Хасанбег.
Цæрукъаты В.
Тагъддзуринæгтæ.
Халон хаста халмæ хал,
Ахстон сарæзта, ысхъал.
Ахæццæ кæн дарддæр.
Махæн ацы изæр
У Инал тæргай.
Уымæн гыццыл гино
Ахордта йæ… (хай) 35
Уыци-уыцитæ.
Цæстджын у, æмæ цæрæгой нæу.
(хæдзар)
Дæлгоммæ-дзаг,
Уæлгоммæ афтид.
(худ)
Æмбисæндтæ.
Хистæр- зондамонæг, кæстæр- æгъдаухæссæг.
Хистæры коммæ кæсын хъæуы.
Хорз лæгæн мæлæн нæй.
Хъарм бæстæм фæтæхы
Хърихъхъуппыты хал.
Африкæйы зæххыл
Ныр цæрдзæн сæ бал.
Хъаз кæсы сæ фæстæ,
Худы сыл йæ зæрдæ.
Уадзынц дам сæ бæстæ
Даргъкъубал æвзæртæ.
Бакæс дзырдтæ.
Хъæу хъыбыл хъæбатыр хъазæн хъæд хърихъупп тæрхъус хъæндил
Хъус хъæлæрдзы хъæдхой хъæдур хъазæн
Сыгъдæгдзуринæгтæ.
Хъазтæ, хъазтæ- хъа-хъа-хъа.
Хъа-хъа-хъа-хъабыл, хъазæм, хъайла ,хъаз
Хъы-хъы-хъы- дур фæдæле дзыхъхъы.
Хъæ-хъæ-хъæ-хъæбæрхор,хъæбын,хъæдхой,хъæд.
Бакæс æмдзæвгæ.
Хъалгъæн.
Хъалгъæн дзуры:
«Хъал дæн
Хъал мæ фæрдгуытæй
Хъарм дæн хурæй.
Хъарм дæн æз йæ зынг тынтæй.
Хъазын, худын
Хъæлдзæг.
Хъæлдзæг, хъоппæгдзæст
Хъалгъæнтæ уын армæй
Байуардзынæн æз».
Уырымты П.
Тагъддзуринæгтæ.
Хъеллау,хъеллау,хъæлæрдзы,
Хъармæй-хъарммæ- дæ кæрдзын.
***
Хъæриуы хох-хъæбæр дурæй,
Хъæр фæцыди Заманхъулæй.
Ахæццæ кæн дарддæр.
Зæронд лæг æрбадти сæрæй
Æмæ хуыцаумæ кувы….
(хъæрæй)
Цъиу мæ нæ бауагъта кусын
Иу ран лæууын æмæ …
(хъусын)
Уыци-уыцитæ.
Фыры ном хæссы- фыр нæу,
Цæуы ном хæссы-цæу нæу.
(хъул)
У йæ кæрц фæлмæн,
Хæмпус,
Даргъ йæ рихи,
Даргъ йæ хъус.
(тæрхъус)
Æмбисæндтæ.
Хъæуы хсар бирæ у.
Хъуыддаг бонæй- бонмæ куы ргъæвай.
Уæд æнæ арæзтæй зайы.
И- йы къахыл къæндзы акæн-
Ц дамгъæ цæттæ у махæн.
***
Цицыр мын балхæдта иу хатт мæ мад
Цæргæсæй хъахъхъæдтон цицыры æз.
Цицыр æнæ мадæй кодта æнкъард
Цицыр мæ хъæбысы фыр тæсæй рызт.
Цицыры ауагътон:- бархийæ хиз,
Ног кæд æрцæуид дæхимæ дæ хуыз.
Бакæс дзырдтæ.
Цин цæг царв уæрцц цæхæраддон цай цалх бæрц бæллиц цæстæнгæс
Бакæс æмдзæвгæ.
Цæргæс.
Цъæх арвы бæрзæндтæ-
Цæргæсы хæтæн.
Цæмиæндæр нæ сæнттæ
Цæргæсыл бæттæм.
Цæргæсæн кæнæм арфæ,
Цæмæн дзурæм мах:
«Цæргæсау уæларвмæ
Цæрдæг уæд дæ тахт,
Цæргæсау у фидар,
Цæргæсау æдас?»
Цæргæсæн сæрибар
Цæрæнбонты уарзт.
Уырымты П.
Тагъддзуринаг.
Хуры баталынг
Цæй аххос у ,цæ!
Афарста мады
Цымыдис Быцæ.
Ахæццæ кæн дарддæр.
Астæумæ цæхъ кæрдæг
Райстон æз мæ …
(цæвæг)
Бирæгъ сæгъмæ дзуры-
- Рацу, хиз мæ …
(цуры)
Уыци-уыцитæ.
Доны райгуыры,
Афтæмæй донæй тæрсы.
(цæхх)
Алкæй уынынц, сæ кæрæдзийы нæ уынынц.
(цæстытæ)
Æмбисæндтæ.
Цæхх фынджы рдæг у.
Цæст æнæфсис у.
Цард кусæг лæджы уæхскыл бады.
Цъырцъыраг.
Цъæх цъухъхъаджын цъырцъыраг
Сыртсыргæнаг, чырчыраг.
Чъиллон-миллон чъырттымæн
Чызг- хæлар у, чызг- лымæн.
Бакæс дзырдтæ.
Цъиу цъылын цъиусур цъупп цъына æнцъылд цъуй цъымара
Сыгъдæгдзуринæгтæ.
Цъы-цъы-цъы-цъына,цъылын, цъымара.
Цъи-цъи-цъи-цъиу,цъиусур, цъил.
Æмдзæвгæ бакæс.
Зары маргъ.
Уартæ хохы
Хъæды къохы
Зары цъиу-
Цъипп-цъипп-цъиу
Хуры скастыл,
Æрдзы хъазтыл
У йæ цин-
Цъипп-цъипп-цъипп.
Тыджыты Ю.
Æмбисæндтæ.
Цъиутæн дæр ма раздзæуæг вæййы.
Цъиу куы бахъарм вæййы, уæд йæ базыртæ батилы.
Тагъддзуринæгтæ.
Цъæх-цъæхид цъырцъыраг
Цъыхырыты цъуппыл
Цъиуау цъыллинг-мыллинг кодта.
***
Цъула- цъула, гуцъула
Фыдуаг лæппу, Дуртула
Къæрттæй не пары цъула,-
Æнæхъæн хъæу æрхъула.
Ахæццæ кæнут .
-Бафæраз ма,Нана,цъус,
Тагъд тæхдзынæн цъиуау!-
Фыртыфыртмæ бакаст ус
Лæппу сцырен…
( цъилау)
Уымæн мæнæн у хъуыдыйаг
Кæм фæцæры…
(цъырцъыраг)
Уыци-уыцитæ.
Зæххы цъарыл гуыбын хафы,
Афтæмæй зыррытæй кафы.
(цъил)
Къæз йæ къæбут
Цыргъ йæ ком,
Базон- ма, куыд у йæ ном?
(цъалды-большой нож, кухонный топор)
Зарæг.
Цъиу- цъиу.
(Цæгæраты Г.)
1
Цъиу, мæ гыццыл цъиу, мæ хæлар,
Барæвдз дын кодтон дæ хæдзар.
Ныр нæ дыргъ бæлæстæй ракæс,
Демæ зарджытæ æрбахæсс.
2
Цъиу, мæ гыццыл цъиу, мæ хæлар,
Барæвдз дын кодтон дæ хæдзар.
Цад дын сарæзтон нæ кæрты,
Найдзынæ дæхи уым сæрды.
3
Цъиу, мæ гыццыл цъиу, мæ хæлар,
Барæвдз дын кодтон дæ хæдзар.
Не стыхсдзынæ уым æппындæр,
Рауаддзынæ нæм лæппынтæ.
4
Цъиу, мæ гыццыл цъиу, мæ хæлар,
Барæвдз дын кодтон дæ хæдзар.
Ноджы ма дын æз лæварæн.
Абон сахуыр кодтон зарæг.
Чидæр дуар хойы
Чи уа, цыма, чи?
Чи зоны, мæ хо у,
Чи зоны Бечи.
Акастæн дын уынгмæ,
Æмæ мæнæ дымгæ
Чылауи ныууыгъта,
Айдзаг дыргъæй зæхх.
Чындз дæр сæ æруыгъта
Чыргъæдмæ дзæбæх.
Бакæс дзырдтæ.
Чызг чысыл алчи исчи чиныг чылауи ничи Бечи
Æмдзæвгæ бакæс.
Чиныг.
«Чиныг- фарны, цины,
Амонды чыссæ.
Чи нæ уарзы чиныг,
Зоны уый чысыл.
Уый фæндагыл чиуы,
Урочы чыр-чыр.
Зивæджы фæдджийыл
Магуса нычъчъиу…
Цæй- ма ахæм чи у,
Чи у, чи у, чи?
Хъозаты Æ.
Уыци-уыцитæ.
Лæг нæу , афтæмæй дзуры,
Бæлас нæу, афтæмæй йыл сыфтæ ис,
Хæдон нæу, афтæмæй хуыд у.
(чиныг)
Нæ фæсдуар ног уисой.
(чындз)
Æмбисæндтæ.
Чидæр иу айкæй ныууагъта.
Чидæр мисыны номыл мархо бахордта.
Чысыл комдзаг дæр æххормаг лæгæн цæджындз у.
Чъ- йыл та цы дзырдтæ ис?
Чъырттым цъиуы фарстон.
-Цъиу,
Чъынды-
Æмæ
Чъылбыс-
Чъири фынгæй райстон,
Чъырттым ахордта, ыстæй
Базыртæ ысцагъта:
-Чъапæ
Чъыр
Æмæ
Чъыссæ.
Цæй, æгъæд у,-загъта.
Чъеппа.
Чъындыгуыппæг-синæйсаст,
Чъиунæзытæ- демæ баст,
Чъиллон-миллон чъилæй хъаз,
Чъиригондау хилгæ нас,
Чъапæ ахæр цæххимæ,
Чъеппа хауы дæхимæ!
Уырымты П.
Тагъддзуринаг.
Тæрс, тасмачъи, бызычъи,
Ичъи кæрцыл ныййичъи…
***
-Чъиу мын! Чъиу мын! Чъиу мын! Чъиу !
Зары кауы михæй цъиу.
Галл æм батылдта йæ сæр.
-Чъиу мæм нæй!Цæгъдын сынæр!
Уыци-уыцитæ.
Нæ зæронд лæгыл цыхцырджытæ.
(зачъетæ)
Æнæ артæй фыцы.
(чъыр)
Æмбисæндтæ.
Чъынды дыккаг хатт фиды.
Чъырттым авд æвзаджы зыдта, фæлæ, йæ уари куы рсырдта, уæд дзы йæхи взаг дæр байрох.
Чъыллипгæнаг бæхæн йе рагъ хæлы.
Е уæлгоммæ, кæс, æрхуыссыд,
Ныр æндæр хуызæн куы хъуысы.
***
Шофыр Бындз чемпион у ныр
Шахмæттæй нæ кæрты
Шахмæттæй фæхъазы фыр
Бирæгъимæ сæрды.
Ш- йыл сиукъ фæзынди-
Дзурынмæ фæзын ш.
Б- йы худ, мæ хæлар сис-
Ныр фæлмæн нысан куы ссис. 42
Ъ
У хъæбæр нысан дæгъæл
Диссаджы хæдзармæ,
Къ, Пъ, Чъ, Хъ, Цъ,Тъ, Гъ
Уым цæрынц хæларæй.
Сты тæхудиаг, хъæлæкк,
Нард лæгимæ , кæс, мæллæг.
***
Ма зæгъ: «Дамгъæ Ы цы пайда у-
Уымæй иу дзырд дæр нæ райдайы».
Уый хыгъд астæуæй, кæроны дæр,
Ы цы дзырдты æмбæлы- Роны дзаг!
Иумæ сахуыр кæнæм «Ы».
Ацы дамгъæ зон, у «Ы»
Курын дæ
Ныффыс- ма «ды»,
Ноджы «дымгæ»,
Ноджы «дыргъ»,
Ноджы «цыргъ» æмæ «быдыргъ»,
«Фых», «фæлвых» æмæ «къуылых»,
«Тых», «хъæддых» æмæ «æдых»,
«Мыр», «гуыдыр» æмæ «сыр-сыр»,
«гуыр», «гуыбыр» æмæ «зыр-зыр»..
Зоныс гыццыл «ы» фыссын!
Хорз! Фæлæ дæ æз фæрсын:
Базон- ма, цæринаг тыр,
Цавæр дзырдты «Ы» у
СТЫР?
(ницавæр)
Дауырæ
Тагъддзурингаг.
Дзыгы,Дзыгы, Дзыгыди,
Дæ мады ном куыд уыди?
- Мæ мады ном –Косерхан…
Уый мады ном –Бæстылхан..
Кæм ма ис, кæ, ныр «хантæ»?
Ныры нæмттæ-Алантæ?
Уыци-уыцитæ.
Æнæ удæй минæвар.
(фыстæг)
Цъæх у, æмæ хæрæг нæу, 43
Къæдзилджын у, æмæ булкъ нæу,
Тугъдзых у, æмæ бирæгъ нæу.
(уыры)
Æрдынæн йæ фат-цыбыр,
Дамгъæ Э дзы рауад ныр.
***
Донæй сгæпп ласта кæсаг,
Ног мæйау фæкъæз и.
Мемæ чи скæндзæн хæснаг?-
Э уыди йæ къæдзил…
***
Электричкæ сарæзтам-
Эдик,Эврик,æз.
Электрикмæ байхъуыстам:
Скодтам фæндаг фæз.
О- йы чи зилы бырау,
Алæ-ма, цæй охыл?!
Ю нæм разынди фырау
Уый цæттæ у тохмæ.
***
Юрийæн йæ мыггаг
Зæрдыл æз нæ дарин.
Фæлæ уыд нæ фыццаг
Космонавт Гагарин.
***
Ехх, æмæ куы фестин
Кучийы фырт Юри,-
Зæххы ихсæр цъуппæй
Къух æрдæттин Ирмæ!
Я дын зарыд цингæнгæ:
У мæ кæнгæ фсымæр А.
Ай куы зæгъай иннæрдæм
Хъуысдзæни уæд афтæ Я.
Дæн мæ цардæй разы,-
Я куы зарыд райгæйæ,-
Æз куы лæууын разæй
Фæстейы нымайгæйæ. 44
***
Я ирон æвзаджы нæй,-
Яшæ нын фæдзуры-
Я- йæ райдайгæ дзырдтæ
Сыхæгтæй фæкурын:
Якорь,
Ямбæмæ январь
Ноджы ма нын радтой:
Ярус,яхтæ, стæй янтарь
Æмæ афтæ дарддæр.
Ахуыргæнæг хъуамæ фыццаг бонæй фæстæмæ архайа цæмæй сцымыдис кæна скъоладзауты ирон æвзагмæ.Чиныгæй уæлдай æххуыс у уæлæмхасæн æрмæг .
Ацы æрмæг æххуыс у райдайæн кълæсты ахуыргæнджытæн ныхасы рæзтыл кусгæйæ, мыр æмæ дамгъæ амонгæйæ. Пайда у уырыссаг къордты чи кусы, уыцы ахуыргæнджытæн дæр.
Ахуыргæнæгæн йæ хæс у, цæмæй йе скъоладзаутæ хуыздæр зоной мыртæ æмæ дамгъæтæ, цæмæй дзырдтæ раст дзурын базоной.
Уæлæмхасæн æрмæг пайда у ног дзырдтæ базонынæн, мыртæ раст дзурынæн, ногзонындзинæдтæ райсынæн.
Ахæм æрмæгæй пайда кæнгæйæ, ахуыргæнæг бацырен кæны урок, скæны йæ цымыдисдæр æмæ алыхуызондæр.
Ахуыргæнæг урокмæ цæттæгæнгæйæ фæтыхсы æрмæджыты равзæрстыл. Ацы уæлæмхасæн æрмæг пайда уыдзæн ахуыргæнæгæн.
Æмдзæвгæты руаджы аив кæсдзысты, мыртæ раст дзурдзысты, базондзысты ног дзырдтæ.Зæгъæм, мыр «с» ахуыргæнгæйæ ,æмдзæвгæйы алы рæнхъ дæр райдайы дамгъæ с йæ.
Сæнæфсир.
Сæнæфсир- пæлæхсар,
Сыфтæртæй -æмбæхст,
Сыгуардæй- хæрзæхсад,
Сырх хурæй – æфсæст…
Мыр ахуыргæнгæйæ пайда сты сыгъдæгдзуринæгтæ дæр.Уæлдайдæр та горæттаг сывæллонæн зын вæййы мыртæ раст дзурын.
Зæгъæм:Са-са-са-скъоладзау бирæ кæса.
Сы-сы-сы- чызг рæсугъд, сыгъдæг фыссы.
Се-се-се- тыхджын стыр бæстæ у Уæрæсе.æмæ а.д.
Æмбисæндтæй пайда кæнгæйæ, хъæздыгдæр кæны сывæллæтты дзырдуат,сабиты раст хъуыддæгтыл бæтты. Ахуыр сæ кæны хи куыд æмбæлы ,афтæ дарыныл. Цы дамгъæ амонæм, уыцы дамгъæйæ райдайынц æмбисæндтæ дæр.
Уыци-уыцитæ кæнæ дарддæр ахæццæ кæн – ахуыр кæнынц лæмбынæгдзинадыл, цымыдис, къæрцхъус уæвыныл.
Зæгъæм , ахуыр кæнæм дамгъæ хъ
Ахæццæ кæн дарддæр.
Зæронд лæг æрбадти сæрæй
Æмæ хуыцаумæ кувы….
(хъæрæй)
Цъиу мæ нæ бауагъта кусын
Иу ран лæууын æмæ …
(хъусын)
Уыци-уыцитæ.
Фыры ном хæссы - фыр нæу,
Цæуы ном хæссы - цæу нæу.
(хъул)
У йæ кæрц фæлмæн,
Хæмпус,
Даргъ йæ рихи,
Даргъ йæ хъус.
(тæрхъус)
Тагъддзуринæгтæ та пайда сты мыртæ раст дзурынæн, улæфт æмæ хъæлæсы уагæй раст пайда кæнынæн.
Ацы дидактикон æрмæгæй пайда кæнынц 33-æм скъолайы райдиан кълæсты, уырыссаг къордты ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ.
Адрес публикации: https://www.prodlenka.org/metodicheskie-razrabotki/307655-damguat
БЕСПЛАТНО!
Для скачивания материалов с сайта необходимо авторизоваться на сайте (войти под своим логином и паролем)
Если Вы не регистрировались ранее, Вы можете зарегистрироваться.
После авторизации/регистрации на сайте Вы сможете скачивать необходимый в работе материал.
- «Формирование здорового образа жизни обучающихся в учебно-воспитательном процессе»
- «Развитие и отдых: детские лагеря - виды, функции и нормативное обеспечение деятельности»
- «Преподаватель-организатор ОБЖ: содержание профессиональной деятельности»
- «Современные подходы к преподаванию экологии в условиях реализации ФГОС ООО»
- «Федеральный закон № 223-ФЗ: осуществление, контроль и управление закупками»
- «Обучение английскому языку в соответствии с ФГОС НОО, ФГОС ООО от 2021 года и ФГОС СОО»
- Деятельность няни в рамках социального обслуживания населения: теоретические и практические основы
- Урегулирование споров с помощью процедуры медиации
- Теория и методика преподавания музыки в образовательных учреждениях
- Содержание и организация профессиональной деятельности по присмотру и уходу за детьми
- Учитель изобразительного искусства. Педагогическая деятельность по проектированию и реализации образовательного процесса
- Тифлопедагогика: обучение и воспитание детей с нарушениями зрения

Чтобы оставлять комментарии, вам необходимо авторизоваться на сайте. Если у вас еще нет учетной записи на нашем сайте, предлагаем зарегистрироваться. Это займет не более 5 минут.