Ныхасы рæзтыл куысты нысаниуæг уæлдай бæрзонд æмæ ахадгæ у абетæ ахуыр кæныны рæстæг. Ацы афон стыр фæд ныууадзы сывæллоны миддунейы, ныффидар вæййы йæ зондахасты. Уымæ гæсгæ раст системæмæ гæсгæ арæзт куыст æнæмæнг фæзындзæн сæ ныхасы хъæдыл.

Сусæггаг нæу, ныхасы рæзтыл куыст куыд арæзт цæуы, уымæй кæй аразгæ у скъоладзауы дарддæры ахуыры хæрзхъæддзинад, хъомылады æмвæзад. Ацы хатдзæгмæ раджы æрцыд К.Д. Ушинский дæр. Уый нымадта: «Мадæлон æвзаг у зонындзинæдтæ райсыны æмæ сæ фæлтæртæм дарддæр адæттыны иунæг фæрæз. Ахуырдзау уыцы хотыхæй пайда кæнынммæ куы нæ арæхса, уæд ын тынг зын уыдзæн дарддæр ахуыр кæнын».

Иумæйаг методикæйы скъоладзауты ныхасы рæзтыл куыст фæрæвдздæр кæнынæн амонынц алыхуызон дидактикон хъæзтытæ, ныхасы-тематикон уроктæ, текст æвзарын æмæ хи текст аразынимæ баст фæлтæрæнтæ.

Ацы фарстамæ райдайæн скъолайы фаг хъусдард кæй нæ цæуы, уымæй бацамонæн ис ахуырдзауты баст ныхасы лæмæгъдзинæдтæ дæр. Кæцыфæнды грамматикон æрмæгыл кусгæйæ дæр, абетæ ахуыр кæныны рæстæг та мыр æмæ дамгъæ амонгæйæ, дзырд æмæ хъуыдыйады æмбарынадыл кусгæйæ, ахуыргæнæг хъуамæ сывæллæтты 'ргом здаха тексты, ома баст ныхасы мидæг ын цы ахадындзинад ис, уымæ. Æрмæст уæд банкъардзæн ахуырдзау æвзаг æмæ ныхасы иудзинад, сæ бастдзинад.