ХÆСАНÆ: Мастисæг æви фыдгæнæг, марæг?

Урочы нысан:

  1. Бацæттæ кæнын сывæллæтты нывæцæн ныффыссынмæ.
  2. Нывæцæнмæ пълан аразын бацамонын.
  3. Сывæллæттæм фыдæлты цард æмæ æгъдæуттæм цымыдисдзинад æвзæрын кæнын, гуманизм æмæ адæймагуарзон хъуыдытыл æфтауын, лæгдзинад, намысы мотивты бындурыл сæ хъомыл кæнын.

Урочы цыд:

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

Фронталон æрфарст:

  • Кæцы дуджы хабæрттæ æвдыст цæуынц кадæджы? (Фыдæлты замантæ, монголты ныббырсты фæстæ алантæ куы скуынæг сты, уыцы дуг.)
  • Цавæр хъарджытæ кæны Госæма авдæнмæ йæ сывæллон Хæсанæйæн? Текстæй бафидар кæнут уæ дзуапп.

Ахуысс уал, мæ лæппу, ахуысс уал, мæ уарзон, Цалынмæ нæ зоныс фыдбылыз, фыдæбон. Сидзæрæй баззадтæ дæ чысыл рæстæгыл, Сидзæрæй баззадтæ дæ мæгуыр мады ‘вджид!..

  • Куыд баст сты æрдзы нывтæ Госæмайы зæрдæйы уагимæ?

Дымгæ нынниуы сау хъæды кæрæтты, Дымгæ ныззары нæ хæхты рæбынты, Уидагмæ æнкъуысынц сау хъæды бæлæстæ, Сау мигътæ сау зæххыл сæ цæссыг куы калынц, Уацилла куы ‘ппары сыгъзæрин цæхæртæ…

  • Хъуыдайнат æмæ Госæмайы фембæлд. Куыд бахъахъхъæдта Госæма ирон сылгоймаджы намыс? (Йæ лæджы хъамайæ барæхуыста Хъуыдайнаты, фæлæ фæивгъуыдта, æмæ Хъуыдайнат нæ амардис.)
  • Цавæр уавæрты хъомыл кодта Хæсанæ? (Фыдуавæрты, хъæды астæу, зыбыты иунæгæй йæ мæгуыр мадимæ)
  • Куыд райста йæ фыды туг? (Мулдарты лæгдæртæй фарасты амардта.)
  • Кæй аххосæй æрцыд уыцы фыдбылыз? (Кæй зæгъын æй хъæуы, Мулдарты Хъуыдайнаты аххосæй.)
  • Куыд бафхæрдтой Мулдарты кæстæртæ Госæмайы? (Хæдзар ныппырх, ныффалгæрон кодтой, Госæмайы фæнадтой, сæ Сафайы рæхыс сын рафтыдтой æмæ йæ фаджысмæ аппæрстой.)

Дæ фыды марджытæ ныртæккæ ам куы уыдысты,- Хынджылæг фæкодтой дæ мæгуыр хæдзарæй. Карк дæм нал ныууагътой, цъиу дæм нал баззади. Дæ хæдзары астæуæй сау рæхыс рафтыдтой, Къахыл æй бабастой æмæ йæ аластой Йæ хæр-хæр цæугæйæ нæ фаджысы рагъмæ. Дæ зæронд мадæн йæ дзыккутæ ныттыдтой. Йæ урс дадалитæй куы ницыуал ныууагътой…

  • Цы уавæры æрæййæфта йæ мады Хæсанæ? (Цæфтæй æмæ надæй бадти дуармæ æмæ æлгъыста Хæсанæйы, ацы хабæрттæ дæу аххосæй æрцыдысты, зæгъгæ.)

«Уæ, марг дын æрбауой, уæнгæл дын æрбауой Мæ дзæбæхдзинæдтæ, мæ риуы ‘хсыры цъыртт!.. Тугæй сæ фæкалай, рондзæй сæ фæкалай! Сахъдзинад кæмæ нæй, бонвыддæр чи кæны!

  • Сымахмæ гæсгæ Хæсанæ йæ фыдæн бæззыди фыртæн æви нæ? (Æнæмæнгæй, бæззыди, автор йæхæдæг дæр хоны Хæсанæйы «Солæманы сахъ фырт»)