Сывæллæттимæ æрдзурын цы у Фыдыбæстæ, цавæр ахадындзинад ын ис адæймаджы царды, цæмæн æй уарзæм афтæ бирæ, сæвзæрын кæнын сæм уарзондзинад Райгуырæн бæстæмæ.
Урочы фæлгонц: Презентацитæ, проектон куыстытæ, зарджытæ Ирыстоныл, мадыл.
Урочы эпиграф:
«О ме’схъомылгæнæг Ирыстон,
Æз дæн дæуæн дæ туг, дæ хъæстæ,
Ды дæ мæ фыд, ды дæ мæ мад.
Æнæ дæу састбазыр цæргæс дæн,
Æнæ дæу циу мæ цард, мæ кад.»
/Плиты Харитон/
«Зæххыл рæсугъд цæрынæн фидар
Дыууæ стыр ныфсы ис лæгæн:
Фыдабæстæ æмæ Сæрибар, -
Циу цард æнæ сымах? - Ингæн»
/Плиты Грис/
Мæ райгуырæн бæстæ,
Дæуыл у мæ зарæг,
Мæ худт дæр, мæ хъазт дæр,
Мæ цин дæр ды дæ.
Мæ уарзон ысхæссæг
Куы хъæуон, фæдзур мæм,
Æдзухдæр дæ сæрыл
Дæн тохмæ цæттæ.
/Датиты Дзантемыр/
Адæймаг кæм райгуыра, фыццаг хатт йæ цæстытæ кæм ацахсой мады уарзæгой цæстæнгас, фыццаг къахцæфтæ кæм акæна, бæгъæввадæй цы уынгты ауайа, æмгары ад кæм банкъара, уыцы зæххы гæбаз хуыйны Фыдыбæстæ. Æмæ уый адæймагæн бынтон æндæр ад фæкæны-адджын ад!
Чтобы оставлять комментарии, вам необходимо авторизоваться на сайте. Если у вас еще нет учетной записи на нашем сайте, предлагаем зарегистрироваться. Это займет не более 5 минут.