Рагон грекъаг басняфыссæг Эзоп æххуырсты цард философ Ксанфмæ. Иуахæмы Ксанф сфæнд кодта йе 'мбæлтты æрбахонын, æппæтæй хуыздæр хæринæгтæй сæ хорз фенын. Эзоп ын базарæй æрбахаста æвзæгтæ, сцæттæ сæ кодта æртæ хорз хæринаджы. Уазджыты размæ сæ рахаста. Тынг диссаг фæкаст Ксанфмæ Эзопы ми, бафарста йæ, æрмæст æвзæгтæ цæмæн балхæдта, уымæй.

«Дунейыл хуыздæр цы у, уый балхæн, зæгъгæ, мын нæ загътай? - бафарста йæ Эзоп. Æмæ æвзагæй хуыздæр цы ис? Æвзаджы фæрцы рæзынц горæттæ, адæмы культурæ. Æвзаджы фæрцы мах ахуыр кæнæм алыхуызон наукæтæ. Адæм дæр кæрæдзийы æвзаджы фæрцы куы æмбарынц, сæ хъуыдытæ, сæ фæндтæ æвзаджы фæрцы куы æргом кæнынц. Æвзаджы фæрцы балымæн вæййынц, хæларæй цæрынц. Царды мидæг æвзагæй хуыздæр æмæ зынаргъдæр ницы ис».

Ксанфы зæрдæмæ фæцыд йе 'ххуырсты дзуапп, разыйæ дзы баззадысты уазджытæ дæр.

Иннæ хатт та Ксанф Эзопы арвыста, царды æппæты æвзæрдæр цы у, уый балхæнынмæ. Эзоп та ногæй æрбахаста æвзæгтæ. Стыр диссаг фæкаст уый йæ хицаумæ. Эзоп ын загъта: «Цы ис æвзагæй æвзæрдæр? Æвзаг адæмы кæрæдзийæн æнæуынон скæны, знæгтæ сæ фестын кæны. Бирæ фыддзинæдтæ æрцæуы нæ царды æвзаджы тыххæй. Цы ма ис уымæй æвзæрдæр?»