1-й ВЕДУЩИЙ: Гимн

1-й ВЕДУЩИЙ: Абон у нӕ ирон ӕвзаджы бӕрӕгбон. Махмӕ Ирыстоны фӕзӕгъынц, Уазӕг, Хуыцауы уазӕг у! Уӕ бон хорз ӕмӕ нӕм ӕгас цӕут абон нӕ бӕрӕгбонмӕ уе ппӕт дӕр. Уе ппӕт дӕр стут Хуыцауы уазджытӕ ӕмӕ махӕн тынг ӕхсызгон у, абон кӕй ӕрбамбырд стӕм, уый.

2-й ВЕДУЩИЙ: Нӕй баивӕн дӕ цӕсгомӕн кӕйдӕр цӕсгомӕй, уӕд ды дӕхӕдӕг нал уыдзынӕ. Адӕймаг йӕ цӕсгомы сконд фӕивы ӕрмӕстдӕр уӕд, ӕмӕ йӕ ӕмбӕхсын куы бахъӕуы йӕ «чъизи» хъуыддӕгтӕ. Йӕ зынаргъ адӕмы раз куы нал фӕуӕнды равдисын йӕ цӕсгом. Ӕмӕ уӕд уый цард нал у. Адӕймагӕн йӕ уды конд разыны йӕ цӕсгомӕй, - куы йӕм бакӕсай, уӕд; йе взагӕй – куы йӕм байхъусай, уӕд. Уӕдӕ махӕй алчидӕр ам, йӕ зӕрдӕйы хъуамӕ дара ахӕм хъуыды: «Куыд нӕ ис баивӕн цӕсгомӕн, нӕй афтӕ баивӕн мадӕлон ӕвзагӕн!»

3-й ВЕДУЩИЙ: Дунейы фарн зӕгъӕд , ӕмӕ алы ирон дӕр куыд уа цӕсгомджын ирон фарнӕй, алы ирон дӕр куыд уа хайджын Къостайы взагӕй! Байхъусӕм ма уӕдӕ «Мадӕлон ӕвзаг» куыд зынаргъ у, уымӕ.

1-й ВЕДУЩИЙ: Ӕмдзӕвгӕ кӕсы Добаты Элизабет 10 кълас

1-й ВЕДУЩИЙ: Цард рӕсугъд уӕд у, ӕмӕ хъӕбул куы хъуса алыбон йӕ мады фӕлмӕн хъӕлӕс, йӕ мадӕлон ӕвзагыл куы зӕлой ирон дзырдтӕ: Адӕймаг амондджын уӕд у, куы базона аргъ кӕнын йӕ рагфыдӕлтӕн, йӕхицӕн, йӕ фыды зӕххӕн, сӕрибарӕн, йӕ мадӕлон ӕвзагӕн, еуӕд ӕхсиддзӕн йӕ дадзинты алкӕддӕр ирон туг!

1-й ВЕДУЩИЙ: Ныр та байхъусӕм 9 –ӕм къласы ахуырдзау Калоты Георгимӕ. «Ирон фӕндыры кадӕн» ныффыста йӕ йӕхӕдӕг.

2-й ВЕДУЩИЙ: Йӕ райгуырӕн бӕстӕ чи уарзы, уый сӕрбӕрзондӕй, сӕрибарӕй йӕ мадӕлон ӕвзагыл дзуры, зӕгъгӕ, къӕлӕт хӕссыныл чи не сразы уа йӕ царды, ӕрмӕстдӕр уый бахъахъхъӕндзӕн йӕ мадӕлон ӕвзаг. Ӕрмӕстдӕр ирон туг кӕмӕн фыцы йӕ риуы, еуый нӕ ферох кӕндзӕн йе взаг. Цард бӕллиццаг у уӕд, кад дын куы кӕной , цы адӕмы хсӕн цӕрыс, уыдон, фӕлӕ кады аккаг та уыдзынӕ уӕд, ӕмӕ куы зонай , куы уарзай дӕ мадӕлон ӕвзаг!

2-й ВЕДУЩИЙ: Ӕмдзӕвгӕтӕ кӕсынц 5 къласы ахуырдзаутӕ

3-й ВЕДУЩИЙ: Ирон ӕвзагыл цӕрӕнбонты фыстой ӕмӕ фысдзысты сӕ зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтӕ нӕ фысджытӕ ӕмӕ нӕ поэттӕ. Уыдон, куыд байхъуыстат, афтӕмӕй, диссаджы рӕсугъд равдыстой сӕхи хъуыдытӕ ӕмӕ ӕппӕт ирон адӕмы хъуыдытӕ дӕр. Абоны царды сагъӕссаг у ирон ӕвзаджы фидӕн, фӕлӕ йӕ цалынмӕ уарзӕм, цалынмӕ йыл хъуыды кӕнын фӕрӕзӕм, цалынмӕ ирон сывӕллон дзура йӕ мадӕлон ӕвзагыл, уӕдмӕ йын тӕссаг нӕу фесӕфынӕй.

3-й ВЕДУЩИЙ: Бакӕсӕм ма уӕдӕ сценкӕ «Ирон нӕ зони»-мӕ

2-й ВЕДУЩИЙ: -Мадæлон æвзаг ! Сывæллон фыццаг зарæг цы æвзагыл фехъусы, йæ фыццаг къахдзæфтимæ цы фыццаг дзырдтæ фæзæгъы, уыдон вæййынц мадæлон æвзагыл. Адæймаджы хъомыл кæнынæн, йæ зонындзинæдтæ парахат кæнынæн, æцæг лæг суæвынæн иууыл ахсджиагдæр фæрæз у мадæлон æвзаг

2-й ВЕДУЩИЙ: -Мадæлон æвзаг у адæмы фарн æмæ æгъдау иу фæлтæрæй иннæмæ адæттыны сæйраг фæрæз. Æвзыджы хъысмæт у адæмы хъысмæт. Адæмы фидæн баст у йæ æвзаджы фидæнимæ. Алы адæмæн дæр тулдз бæласау ис уидæгтæ, зæнг æмæ къалиутæ. Уидæгтæ сты йе взаг, зæнг – йе гъдæуттæ, къалиутæ йæ царды мидис.

2-й ВЕДУЩИЙ: Байхъусӕм ма 6- ӕмкъласы ахуырдзаутӕм. Уыдон нын радзурдзыстызындгонд фысджыты хъуыдытӕ мадӕлонӕвзаджы тыххӕй

1-й ВЕДУЩИЙ: - Бæласæн йæ къалиутæ куы ныццæгъдай, фæлæ йæ уидæгдтæ хъыгдард куы нæ баййафой, уæд та зæнг ног къалиутæ рауадздзæн,йæ зæнг ын куы алыг кæнай , фæлæ йæ уидæгтæ цардхъомæй куы баззайой , хъыгдард куы нæ баййафой, уæд та тау суаддзысты æмæ йын зæнг дср уыдзæн æмæ къалиутæ дæр. Гъе - фæлæ йын йæ уидæгтæ куы ныллыг кæнай, уӕд æрцыд йе сæфт.

3-й ВЕДУЩИЙ: - Ахæм хъысмæт ис алы адæмыхаттæн дæр: йæ фидæн аразгæ у йæ уидæгтæй, йе взаджы цардхъомæй. Æмæ йæ сæфт кæй нæ фæнды, уыцы адæм ацы æцæгдзинад хъуамæ йæ зæрдыл дара. Афтæ махæн ирæттæн дæр уый иудадзыг хъуыдыйаг у. Мингай азты сæрты нæм нæ хистæр фæлтæры фæрцы цы рæсугъд æвзаджы фарн æрхæццæ уый мах дæр хъуамæ фидæны фæлтæртæм адæттыныл зæрдиагæй бацархайæм. Канд дзырдӕй нӕй равдисӕн адӕймаджы монцтӕ, фӕлӕ аив фӕндырдзагъдӕй ӕмӕ уӕздан кафтӕй дӕр.

3-й ВЕДУЩИЙ: Ирон адӕмы уӕздандӕр кӕфтытӕй иу «Хонгӕ кафт». Кафынц 9 къласы ахуырдзаутӕ .

1-й ВЕДУЩИЙ: Ирон æвзаг у аргъæуттæ, таурæгътæ, æмбисæндтæ Нарты кадджыты æвзаг, Къоста, Васо, Секъа æмæ иннæ куырыхон лæгты æвзаг. Мадæлон æвзаг нæ туджы ахъары мады æхсыримæ. Йæ а-лол-лай-ы зарджытимæ, хистæрты æгъдæуттæ æмæ таурæгътимæ. Æвзаг цас фылдæр куса, цас ыл фылдæр дзурой æмæ фыссой, уыйас фидар- дæр кæны. Æмæ æвзаг фидар куы уа, уæд адæм дæр æнгомдæр сты, æмуддæр вæййынц.

2-й ВЕДУЩИЙ: Адæм се ؙвзагæй адæм сты, æмæ йын хъуамæ авгау æрхауынæй тæрсæм, хъахъхъæнæм æй цæстыгагуыйау. Кæд æцæг ирæттæ стæм , æмæ не ؙ взаг уарзæм , уæд æй хъуамæ зонæм. Нæ мадæлон ирон æвзагыл цалынмæ адæм дзурой, уæдмæ кæндзæн тыхджындæр, аивæй – аивдæр, æмæ уыдзæн æнусон.