Охрана труда:
нормативно-правовые основы и особенности организации
Обучение по оказанию первой помощи пострадавшим
Аккредитация Минтруда (№ 10348)
Подготовьтесь к внеочередной проверке знаний по охране труда и оказанию первой помощи.
Допуск сотрудника к работе без обучения или нарушение порядка его проведения
грозит организации штрафом до 130 000 ₽ (ч. 3 статьи 5.27.1 КоАП РФ).

Свидетельство о регистрации
СМИ: ЭЛ № ФС 77-58841
от 28.07.2014

Почему стоит размещать разработки у нас?
  • Бесплатное свидетельство – подтверждайте авторство без лишних затрат.
  • Доверие профессионалов – нас выбирают тысячи педагогов и экспертов.
  • Подходит для аттестации – дополнительные баллы и документальное подтверждение вашей работы.
Свидетельство о публикации
в СМИ
свидетельство о публикации в СМИ
Дождитесь публикации материала и скачайте свидетельство о публикации в СМИ бесплатно.
Диплом за инновационную
профессиональную
деятельность
Диплом за инновационную профессиональную деятельность
Опубликует не менее 15 материалов в методической библиотеке портала и скачайте документ бесплатно.
29.11.2021

Ног азы барагбон

Бадзиева Алла Владимировна
Воспитатель по родному ( осетинскому) языку
НОГ АЗЫ БӔРӔГБОН
ЦӔТТӔГӔНӔН КЪОРДЫ
САБИТӔН

БАЦӔТТӔ ЙӔ КОДТА:
БЕСЛÆНЫ 8-ӔМ РӔВДАУӔНДОНЫ
ИРОН ӔВЗАДЖЫ ХЪОМЫЛГӔНӔГ
Бадзиаты Аллæ

Музыкалон зал бӕрӕгбонмӕ фӕлыстгонд, лӕууы Ног азы зазбӕлас. Ирон фӕндырдзагъдмӕ ӕрбацыдысты сабитӕ, ссардтой сӕ бынӕттӕ. Кулисӕтӕй рахыст «Зымӕг»

ЗЫМӔГ: Уары мит, сыгъдӕг мит уары,
Бӕстӕ у сыгъдӕг, сыгъдӕг.
Чидӕр дард кӕмдӕр ныззары,-
Миты цинӕй зары лӕг.

Растад миты рухсмӕ Ног аз,
Бабадт урс-урсид бӕхыл.
Чи йын хион у, чи – зонгӕ
Ацы зӕдбадӕн зӕххыл.

Уӕ, сызгъӕрин феста, уастӕн,
Цас цинтӕ ӕрхаста, цас!
Уӕлӕ ́ рзади горӕт астӕу
Стыр ӕргъӕуӕфтыд бӕлас.

Бӕлас рухс тӕмӕнтӕ калы,-
Ахӕм бӕлас ма кӕм и!
Раст йӕ цъуппӕй худы стъалы,
Мӕ йӕ хихтӕй згъӕлы мит.

Ахӕм рухс ӕхсӕв ыссары
Амонд адӕмы ́ хсӕн лӕг.
Чидӕр зары ӕмӕ зары,
Дуне у сыгъдӕг, сыгъдӕг…

- Базыдтат мӕ, сабитӕ? Чи дӕн, сымахмӕ гӕсгӕ? Нӕ, ӕз Митӕ нӕ дӕн. Ӕз дӕн Зымӕг. Тынг рагӕй уӕм мӕхи цӕттӕ кодтон, хъарм хур бонтӕ мӕ сымахмӕ нӕ уагътой. Фӕлӕ сыл ӕз фӕтых дӕн, ӕмӕ уӕм мӕнӕ, кӕдӕй-уӕдӕй, ӕрбахӕццӕ дӕн! Зӕгъут-ма ӕргом, ӕнхъӕлмӕ мӕм кастыстут? Ме ́ рбацыд уын ӕхсызгон у? Ӕз дӕр уыл фаронӕй нырмӕ тынг ӕнкъард кодтон. Цӕй, уӕдӕ нӕ зӕрдиаг фембӕлд хъӕлдзӕг зарӕгӕй саив кӕнӕм!

1. Зарӕг «Зымӕг»

ЗЫМӔГ: - Сабитӕ, нӕ зазбӕлас уӕ зӕрдӕмӕ цӕуы? Мах Митӕимӕ тынг архайдтам, цӕмӕй сымахӕй рӕсугъддӕр зазбӕлас макӕмӕ уа! Ӕркӕсут-ма, цас хъазӕнтӕ йыл бакодтам!
- Фӕлӕуут ма! Мӕнӕ ацы ран Митӕ хъуамӕ ӕрцауыгътаид ӕппӕты рӕсугъддӕр хъазӕн, ӕмӕ ныр дӕр нӕма и! Ӕвӕццӕгӕн ӕй нӕ ары. Митӕ! Цы фӕдӕ? Нӕ мӕ хъусы. Сабитӕ, иумӕ ма йӕм фӕдзурӕм, кӕд нӕ афтӕмӕй фехъусид.

Дзурынц иумӕ: «Митӕ!» разгъордта Митӕ, йӕ къухы хъазӕн

МИТӔ: - Уӕ бон хорз, сабитӕ! Бахатыр кӕнут, кӕй байрӕджы кодтон, уый тыххӕй. Дада ацы хъазӕн афтӕ бирӕ уарзы, асӕттынӕй йын афтӕ тынг тӕрсы, ӕмӕ йӕ скъаппы ӕппӕты уӕллаг тӕрхӕгыл бамбӕхста. Тыххӕй йӕ ссардтон! (Ауындзы хъазӕн) Ӕмӕ нӕ цырӕгътӕ та цӕуылнӕ судзынц? Уый хорз нӕу!

Алыхуызон стъалытӕй тӕмӕн калынц цырӕгътӕ.
Иумӕ зӕгъӕм, сабитӕ: «Зазбӕлас, ссудз!»

ИУМÆ: - Зазбӕлас, ссудз!

Зазбӕласы цырӕгътӕ ссыгъдысты. Митӕ йӕ арм йӕ ныхыл авӕрдта

ЗЫМӔГ: - Цы кӕныс, Митӕ, дӕ рустӕ мӕлӕты сырх сты?!
МИТӔ: - Афтӕ тагъд згъордтон, афтӕ стӕвд дӕн, ӕмӕ мӕ атайынмӕ бирӕ нал хъӕуы!
ЗЫМӔГ: - Ма тӕрс, Митӕ. Ныртӕккӕ дӕ ӕз мӕ миты гӕлӕбутимӕ ӕруазал кӕндзынӕн. Кӕм стут, мӕ гыццыл ӕххуысгӕнджытӕ? Ратӕхут мӕм цырддӕр, Митӕйӕн баххуыс кӕнӕм!

2. Миты гӕлӕбуты кафт
МИТӔ: - Бузныг уын, мӕ хӕлӕрттӕ! Ныр мӕ уд ме ́ муд ӕрцыд.
ЗЫМӔГ: - Митӕ, ӕмӕ Дада та кӕм ис, цӕмӕн фӕстиат кӕны?
МИТӔ: - Нӕ зонын. Ӕз хъазӕн куы агуырдтон, уӕд уый та сабитӕн лӕвӕрттӕ цӕттӕ кодта. Бӕргӕ йӕм фӕкастаин, фӕлӕ мын уӕд бӕрӕгбонмӕ бынтон байрӕджы уыдаид.

Хъуысы музыкӕ. Рацыд Мит

Содержимое разработки

НОГ АЗЫ БӔРӔГБОН

ЦӔТТӔГӔНӔН КЪОРДЫ

САБИТӔН

БАЦӔТТӔ ЙӔ КОДТА:

БЕСЛÆНЫ 8-ӔМ РӔВДАУӔНДОНЫ

ИРОН ӔВЗАДЖЫ ХЪОМЫЛГӔНӔГ

Бадзиаты Аллæ

Музыкалон зал бӕрӕгбонмӕ фӕлыстгонд, лӕууы Ног азы зазбӕлас. Ирон фӕндырдзагъдмӕ ӕрбацыдысты сабитӕ, ссардтой сӕ бынӕттӕ. Кулисӕтӕй рахыст «Зымӕг»

ЗЫМӔГ: Уары мит, сыгъдӕг мит уары,

Бӕстӕ у сыгъдӕг, сыгъдӕг.

Чидӕр дард кӕмдӕр ныззары,-

Миты цинӕй зары лӕг.

Растад миты рухсмӕ Ног аз,

Бабадт урс-урсид бӕхыл.

Чи йын хион у, чи – зонгӕ

Ацы зӕдбадӕн зӕххыл.

Уӕ, сызгъӕрин феста, уастӕн,

Цас цинтӕ ӕрхаста, цас!

Уӕлӕ ́ рзади горӕт астӕу

Стыр ӕргъӕуӕфтыд бӕлас.

Бӕлас рухс тӕмӕнтӕ калы,-

Ахӕм бӕлас ма кӕм и!

Раст йӕ цъуппӕй худы стъалы,

Мӕ йӕ хихтӕй згъӕлы мит.

Ахӕм рухс ӕхсӕв ыссары

Амонд адӕмы ́ хсӕн лӕг.

Чидӕр зары ӕмӕ зары,

Дуне у сыгъдӕг, сыгъдӕг…

- Базыдтат мӕ, сабитӕ? Чи дӕн, сымахмӕ гӕсгӕ? Нӕ, ӕз Митӕ нӕ дӕн. Ӕз дӕн Зымӕг. Тынг рагӕй уӕм мӕхи цӕттӕ кодтон, хъарм хур бонтӕ мӕ сымахмӕ нӕ уагътой. Фӕлӕ сыл ӕз фӕтых дӕн, ӕмӕ уӕм мӕнӕ, кӕдӕй-уӕдӕй, ӕрбахӕццӕ дӕн! Зӕгъут-ма ӕргом, ӕнхъӕлмӕ мӕм кастыстут? Ме ́ рбацыд уын ӕхсызгон у? Ӕз дӕр уыл фаронӕй нырмӕ тынг ӕнкъард кодтон. Цӕй, уӕдӕ нӕ зӕрдиаг фембӕлд хъӕлдзӕг зарӕгӕй саив кӕнӕм!

  1. Зарӕг «Зымӕг»

ЗЫМӔГ: - Сабитӕ, нӕ зазбӕлас уӕ зӕрдӕмӕ цӕуы? Мах Митӕимӕ тынг архайдтам, цӕмӕй сымахӕй рӕсугъддӕр зазбӕлас макӕмӕ уа! Ӕркӕсут-ма, цас хъазӕнтӕ йыл бакодтам!

- Фӕлӕуут ма! Мӕнӕ ацы ран Митӕ хъуамӕ ӕрцауыгътаид ӕппӕты рӕсугъддӕр хъазӕн, ӕмӕ ныр дӕр нӕма и! Ӕвӕццӕгӕн ӕй нӕ ары. Митӕ! Цы фӕдӕ? Нӕ мӕ хъусы. Сабитӕ, иумӕ ма йӕм фӕдзурӕм, кӕд нӕ афтӕмӕй фехъусид.

Дзурынц иумӕ: «Митӕ!» разгъордта Митӕ, йӕ къухы хъазӕн

МИТӔ: - Уӕ бон хорз, сабитӕ! Бахатыр кӕнут, кӕй байрӕджы кодтон, уый тыххӕй. Дада ацы хъазӕн афтӕ бирӕ уарзы, асӕттынӕй йын афтӕ тынг тӕрсы, ӕмӕ йӕ скъаппы ӕппӕты уӕллаг тӕрхӕгыл бамбӕхста. Тыххӕй йӕ ссардтон! (Ауындзы хъазӕн) Ӕмӕ нӕ цырӕгътӕ та цӕуылнӕ судзынц? Уый хорз нӕу!


Алыхуызон стъалытӕй тӕмӕн калынц цырӕгътӕ.

Иумӕ зӕгъӕм, сабитӕ: «Зазбӕлас, ссудз!»

ИУМÆ: - Зазбӕлас, ссудз!

Зазбӕласы цырӕгътӕ ссыгъдысты. Митӕ йӕ арм йӕ ныхыл авӕрдта

ЗЫМӔГ: - Цы кӕныс, Митӕ, дӕ рустӕ мӕлӕты сырх сты?!

МИТӔ: - Афтӕ тагъд згъордтон, афтӕ стӕвд дӕн, ӕмӕ мӕ атайынмӕ бирӕ нал хъӕуы!

ЗЫМӔГ: - Ма тӕрс, Митӕ. Ныртӕккӕ дӕ ӕз мӕ миты гӕлӕбутимӕ ӕруазал кӕндзынӕн. Кӕм стут, мӕ гыццыл ӕххуысгӕнджытӕ? Ратӕхут мӕм цырддӕр, Митӕйӕн баххуыс кӕнӕм!

  1. Миты гӕлӕбуты кафт

МИТӔ: - Бузныг уын, мӕ хӕлӕрттӕ! Ныр мӕ уд ме ́ муд ӕрцыд.

ЗЫМӔГ: - Митӕ, ӕмӕ Дада та кӕм ис, цӕмӕн фӕстиат кӕны?

МИТӔ: - Нӕ зонын. Ӕз хъазӕн куы агуырдтон, уӕд уый та сабитӕн лӕвӕрттӕ цӕттӕ кодта. Бӕргӕ йӕм фӕкастаин, фӕлӕ мын уӕд бӕрӕгбонмӕ бынтон байрӕджы уыдаид.

Хъуысы музыкӕ. Рацыд Митын деда, йӕ къухы фыстӕг.

Сӕрӕй ӕркъуырдта Зымӕгмӕ, Митӕмӕ

МИТЫН ДЕДА: - Зымӕг!

- Митӕ! (Йе ́ ргом сывӕллӕттӕм здахы)

- Уӕ бон хорз, сабитӕ! Уӕ рӕвдауӕндон уын тых-амӕлттӕй ссардтон! Хорз, ӕмӕ мӕ зонгӕ постхӕссӕгыл амбӕлдтӕн. Бицъкойӕ зӕгъын. Нӕ йӕ зонут? Йӕ хӕрӕг Хъилхъусимӕ мӕ размӕ фесты. Ӕндӕр ма ныр дӕр Алагиры уынгты зылдтӕ здухин!

ЗЫМӔГ: - Æмӕ цы ́ рцыди, Митын деда, афтӕ ӕхсызгонӕй нӕ цӕмӕ агуырдтай?

Митын деда ӕфхӕрдхуызӕй бакаст Зымӕгмӕ

МИТЫН ДЕДА: - Йер афтӕ у! Ӕз, мӕ зӕвӕттӕ цӕхӕркалгӕ згъордтон, цӕмӕй уӕм Митын Дадайы фыстӕг тагъддӕр фӕхӕццӕ кӕнон. Мӕ миты хъӕпӕнтӕ мын дымгӕ скъӕфта. Фӕндагыл фондз хатты ныппырх дӕн, - тӕрхъустӕн ӕмӕ ӕхсӕрӕгтӕн сӕ цӕрӕнбон бирӕ – ӕрӕмбырд иу мӕ кодтой. Фӕлӕ дзы иу далачи тӕрхъус уыди, ӕмӕ мын мӕ уырыдзы-фындз ахордта. Адон та… цы ́ рцыди!

ЗЫМӔГ: - Ма мӕсты кӕн, Митын деда. Нӕ мӕ фӕндыди дӕу бафхӕрын. Бахатыр кӕн!

МИТЫН ДЕДА: - Цӕй, ӕз мастхӕссаг нӕ дӕн. Мӕнӕ уӕ фыстӕг.

Митӕ райста фыстӕг, кӕсы:

МИТӔ: - Зынаргъ сабитӕ! Арфӕ уын кӕнын Ног азы къӕсӕрыл. Хъӕлдзӕг бӕрӕгбӕттӕ уыл цӕуӕд! Ӕз гыццыл фӕстиат кӕнын, фӕлӕ уӕм ӕнӕмӕнг хӕццӕ кӕндзынӕн. Ӕнхъӕлмӕ мӕм кӕсут. Митын Дада.

- Бузныг дын, Митын деда. Ныр мӕ зӕрдӕ Дадамӕ нал ӕхсайы.

ЗЫМӔГ: - Митын деда, мӕ рӕдыд цӕмӕй сраст кӕнон? Дӕ зӕрдӕ дын цӕмӕй балхӕнон?

МИТЫН ДЕДА: - Ооохххыы! Йер мӕ хъуамӕ ныфсӕрмы кӕной! Мӕнӕ сабитимӕ иу хъазт акӕндзыстӕм ӕмӕ мӕ зӕрдӕйыуаг йӕ гаччы абаддзӕн. Нӕ уын зӕгъын, мастхӕссаг нӕ дӕн.

  1. Хъазт Митын дедаимӕ

МИТӔ: - Митын деда, йер ма дын сабитӕ заргӕ дӕр куы акӕниккой, уӕд дӕ тӕргайӕ фӕд дӕр нал уаид.

МИТЫН ДЕДА: - Ӕз рагӕй дӕр нал дӕн тӕргай, фӕлӕ сабитӕм зӕрдиагӕй байхъусдзынӕн.

  1. Зарӕг «Митын лӕг»

  2. Ӕмдзӕвгӕтӕ

МИТЫН ДЕДА: - Бузныг, сабитӕ. Мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыдыстут. Фӕлӕ мӕ цӕуын хъӕуы, Митын Дада ма мын ноджыдӕр иу фыстӕг ратта. Хъуамӕ йӕ уӕ сыхаг рӕвдауӕндонмӕ фӕхӕццӕ кӕнон. Хӕрзбон, мӕ хӕлӕрттӕ, нӕ иннӕ фембӕлдмӕ!

Митын деда ацыд. Хъуысы музыкӕ. Фӕзынд Къулбадӕг ус

КЪУЛБАДӔГ УС: - Ммм, мӕнӕ сты! Рабадтысты! Цы хабар у, бӕстӕ уӕ сӕрыл цы систат?

МИТӔ: - Бӕрӕгбон нӕм ис. Сабитимӕ Ног азыл ӕмбӕлӕм. Тагъд нӕм мӕ дада дӕр фӕзындзӕн.

КЪУЛБАДӔГ УС: - Цыыы? Бӕрӕгбон? Цавӕр бӕрӕгбон? Дӕ дада та чи у? Ӕз нӕ зонын нӕдӕр дӕу, нӕдӕр дӕ дадайы! Хъӕугӕ дӕр мӕ нӕ кӕнут.

МИТӔ: - Ӕз Митӕ дӕн. Мӕ дада та у Митын Дада, зымӕгон хъӕды хицау.

КЪУЛБАДӔГ УС: - Цӕй хицау? Хъӕды хицау? Хъӕды ӕз дӕн хицау сӕрдӕй-зымӕгӕй. Ӕмӕ уӕм иу бӕрӕгбон дӕр нӕ уыдзӕн! Ничи сӕм кӕсы?! Хицау, дам! Хаугӕ кӕнут ардыгӕй уе ́ ппӕт дӕр!

ЗЫМӔГ: - Афтӕ ма зӕгъ. Зымӕджы бартӕ дӕхимӕ ма ис. Куы мӕ бафӕнда, уӕд дӕ бынаты асӕлдзынӕ ӕмӕ змӕлгӕ дӕр нал фӕкӕндзынӕ.

КЪУЛБАДӔГ УС: - Ды та ма дзы кӕцытӕй дӕ?

ЗЫМӔГ: - Ӕз Зымӕг дӕн. Ма мӕ тызмӕг кӕн дӕхимӕ.

КЪУЛБАДӔГ УС: - Ааа! Зымӕг? Ӕмӕ ӕз цы, ӕз куы ницы! Ӕз мӕнӕ мӕхицӕн уӕздан Къулбадӕг ус дӕн, никӕмӕ дзурын, никӕйы хъыгдарын.

МИТӔ: - Куыд нӕ хъыгдарыс? Уӕдӕ цӕмӕ загътай бӕрӕгбон нӕм нӕ уыдзӕн, уый? Цы бакуыстай?

КЪУЛБАДӔГ УС: - Ӕппындӕр ницы! Ӕрмӕстдӕр мӕнӕ мӕ уисойӕ дыууӕ хаты сырт – иуырдӕм, сырт – иннӕрдӕм. Ӕмӕ фӕндӕгтӕ митӕй амбӕхстысты! Гъы-гъы-гъы! (худы)Ӕндӕр, ӕгъгъа – мур дӕр ницы!

ЗЫМӔГ: - Ӕмӕ уый ницы у? ныр ма Митын Дада фӕндаг куыд ссардзӕн? Худинаг дын нӕу?

КЪУЛБАДӔГ УС: (кӕуын хъӕлӕсӕй) – Ницы мын у худинаг! Ӕмӕ мын цы хъуамӕ уа худинаг? Мӕнӕ ӕз… ӕртӕсӕдӕ азы цӕрын хъӕды, ӕмӕ цардӕй ницы федтон. Мӕнӕ адон та? (амоны сывӕллӕттӕм) Зӕххӕй уӕлӕмӕ нӕма зынынц, ӕмӕ сӕм дунейыл цы нӕ диссаг ис, ахӕм нӕй! Телевизор-шмелевизор… Нобуккк-шмобуккк… Планшеттт-мланшеттт!.. Ӕз та? Мӕнӕн та?

МИТӔ: - Къулбадӕг ус, ма хъыг кӕн. Фӕнды дӕ, уӕд дын мӕ телефон балӕвар кӕндзынӕн.

КЪУЛБАДӔГ УС: - Йӕ мӕтӕй дын мардтӕн! Цы дзы аразын? Мӕнмӕ мӕнӕ алӕмӕты айдӕн и (систа йӕ дзыппӕй айдӕн) Уӕ цирчы скайпӕй хуыздӕр. Интернет дӕр ын нӕ хъӕуы. Ӕмӕ дзы хъӕды ололитӕй дарддӕр кӕимӕ аныхас кӕнон, уый дӕр нӕй! Эээ! (хойы айдӕн) Аллёё! Цӕй, цы фестут?

Райхъуыст кӕцӕйдӕр : «У-У! У-У!»

КЪУЛБАДӔГ УС: (мӕстӕймарӕгау)– У-у, у-у! Ӕндӕр ницы зонынц! Тьфу! Ме ́ нӕуынон фӕут! Эхх! (нывӕрдта айдӕн фӕстӕмӕ йӕ дзыппы)

ЗЫМӔГ: - Уӕдӕ цы ́ рхъуыды чындӕуа, цӕмӕй йӕ ӕрфӕлмӕн кӕнӕм?

КЪУЛБАДӔГ УС: - Зонут, цы? Ӕз кафын куыд тынг бирӕ уарзын! Фӕлӕ хъӕды астӕу кӕимӕ кафон? Ӕрсытимӕ? Йер мын мӕнӕ ацы пумпуши сывӕллӕттӕ иу кафт куы акӕниккой, уӕд… чи зоны…

ЗЫМӔГ: - Ууыл ма дӕ сӕр дӕр ма сриссӕд. Ис нӕм ахӕм кафт. Цӕй-ма, сабитӕ, бахъӕлдзӕг кӕнӕм Къулбадӕг усы.

  1. Лӕппуты цырд кафт

Фӕстагмӕ Къулбадӕг ус дӕр кафы сабитимӕ. Кӕцӕйдӕр фӕзынд Рувас. Адавта Къулбадӕг усы уисой ӕмӕ бамбӕхст зазбӕласы бын.

КЪУЛБАДӔГ УС: - Ууффф! Мӕнӕ куыд хорз уыди! Кӕдӕй-уӕдӕй ма ме ́ уӕнгтӕ аивӕзтон. Йеныр уын мӕ риуыл дӕр фӕндаг! Цӕуон, ӕмӕ амӕрзон Митын Дадайы ӕрбацӕуӕнтӕ. ИИИИИ!!! Ӕмӕ мӕ уисой та цы фӕци, мӕнӕ йӕ ам куы фӕуагътон?! Ничи мын ӕй федта?

Сывӕллӕттӕ амонынц Рувасмӕ

КЪУЛБАДӔГ УС: - Аааа, фӕлитой! Ды дӕр та ам дӕ? Ныртӕккӕ мын мӕ уисой йӕ бынаты сӕвӕр!

РУВАС: - Ӕндӕр ма цы?! Уӕдмӕ дӕр уал мын дӕ сӕры счытӕй хъӕрз!

КЪУЛБАДӔГ УС: - Цы дааам?! Йеныр ма мӕ ацы згӕкъудийӕ дӕр йеуый куы схъуыди! Макӕ, Рувас, дӕхи ӕнӕ мастӕй уадз, сабырӕй дӕм куы дзурын. (Ӕвиппайды ныхъхъӕр кодта) Ӕри мын мӕ уисой, дын загътон!!!

Рувас йӕ хъӕрӕй хӕрдмӕ фӕхауди, иуварс алыгъди

РУВАС: - Мӕ хӕдзар куыд уыди! Мӕнӕ йын цы ӕнад цъӕхснаг хъӕлӕс и! Мӕ хъусты зӕланг иу афӕдз дӕр нал ссӕудзӕн!

ЗЫМӔГ: - Рувас, Къулбадӕг ус, уӕ хорзӕхӕй, ма хыл кӕнут. Абон бӕрӕгбон у!

РУВАС: - Бӕрӕгбон? Цавӕр бӕрӕгбон? Ох, куы йӕ зониккат, ӕз куыд тынг уарзын алыхуызон бӕрӕгбӕттӕ, дзаджджын фынгтӕ, уӕлибӕхтӕ, карчы фыд! Мммм!!!

МИТӔ: - О, фӕлӕ Къулбадӕг усӕн йӕ уисой куы нӕ раттай, уӕд нӕм иу бӕрӕгбон дӕр нӕ уыдзӕн.

РУВАС: - Ммм, иу ныхасӕй, ӕнӕ ацы сӕмпӕрчи уисойӕ бӕрӕгбон нал уыдзӕн! Ног дӕр ма куы уаид, раст дӕлӕ йӕхи карӕн у. Зӕронд чъеппа!

КЪУЛБАДӔГ УС: - Цы та загъта? Ауадзут-ма мӕ!

ЗЫМӔГ: - Фӕлӕуут-ма, мауал хыл кӕнут! Рувас, бамбар ӕй, уисой куы нӕ раттай, уӕд Митын Дада хъӕды фӕдзӕгъӕл уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ фӕндӕгтӕ митӕй нал зынынц. Ӕнӕ Митын Дада ӕмӕ ӕнӕ йӕ лӕвӕрттӕй та уый цӕй бӕрӕгбон уыдзӕн? Дӕ хорзӕхӕй, ратт уисой Къулбадӕг усӕн. Ма хал сабитӕн сӕ бӕрӕгбон.

РУВАС: - Хм! Лӕвӕрттӕ, зӕгъыс? Ӕмӕ дзы мӕнмӕ уыцы лӕвӕрттӕй ницы ӕрхаудзӕн?

КЪУЛБАДӔГ УС: - Куыд нӕ стӕй, нал дӕ ныууагътой!

МИТӔ: - Мӕнӕн мӕ дада тынг рӕдау ӕмӕ зӕрдӕхӕлар у. Уе ́ ппӕтӕн дӕр уыдзӕн лӕвӕрттӕ.

РУВАС(дзуры Къулбадӕг усмӕ): - Фехъуыстай? Уыдзӕн мын лӕвар! Гъа, цӕй, хӕц дӕ гӕлхӕрд уисойыл!

Ратта уисой. Къулбадӕг ус ацыд

РУВАС: - Цӕй, цалынмӕ уыцы зӕронд йӕ уисойӕ сырт-сырт кӕны, уӕдмӕ уал мах ахъазӕм.

  1. Хъазт Рувасимӕ

Райхъуыстысты дзӕнгӕрджытӕ, музыкӕ, ӕрбацыд Митын Дада

МИТЫН ДАДА: Ног та сымахмӕ хъӕлдзӕгӕй

́ Рбавӕрдтон мӕ къах.

Ӕмӕ та мӕ лӕдзӕгӕй

́ Рхостон уӕлӕ рагъ.

Цас у ныр мӕ циндзинад,

Уымӕн нӕй зӕгъӕн!

Зӕрдӕ цинӕй – йемыдзаг,

Амонд бацыд мӕн.

Ног азы дзӕнгӕрджытӕ,

Хъус ӕмӕ сӕм хъус!

Фарн нӕ Иры цӕрджытӕн

Не ́ рхӕссдзысты цъус.

- Фӕрнӕй дзаг ут, мӕ уарзон хъӕбултӕ! Ног та рараст кодтон, хӕхты цъуппытӕ арф кӕм агайынц, бирӕ ӕнустӕ кӕуыл цӕуы, уыцы рагон мӕсыгӕй. Алы хатт зымӕджы райдайӕны Ирыстоныл абалц кӕнын, цӕмӕй ног аз ӕнӕкъуылымпыйӕ, ӕхцондзинад хӕскӕйӕ, ӕрцӕуа. Мӕ дзӕкъул Ирыстоны чысыл сабитӕн лӕвӕрттӕй кӕддӕриддӕр дзаг у. Ӕз кӕдӕм ӕрбацӕуын, уырдыгӕй уайтагъд райхъуысы сывӕллӕтты хъӕлдзӕг худын.

ЗЫМӔГ: - Алы боны ӕгас нӕм цу, Митын Дада. Мах дӕм сабитимӕ тынг рагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм. Уыдон де ́ рбацыдмӕ сӕхи иттӕг хорз бацӕттӕ кодтой зарджытӕй, кӕфтытӕй, ӕмдзӕвгӕтӕй. Дӕ хорзӕхӕй, байхъус ма сӕм.

МИТЫН ДАДА: - Ооо, уый уын мӕ зӕрдӕмӕ цӕуы! Табуафси, зӕрдиагӕй сӕм байхъусдзынӕн.

  1. Зарӕг «Митын Дада»

МИТӔ: - Дада, ды, ӕвӕццӕгӕн, фӕлаад дӕ – дӕ фӕндаг дард уыди. Ӕрбад уал, баулӕф. Сабитӕ та дын ӕмдзӕвгӕтӕ радзурдзысты.

  1. Ӕмдзӕвгӕтӕ

МИТЫН ДАДА: - Куыд дӕсны стут ӕмдзӕвгӕтӕ дзурынмӕ! Мӕнӕн дӕр мӕ фӕллад ссыд ӕмӕ мӕ фӕнды сымахимӕ мӕ уарзон зарӕг акӕнын. Ӕрлӕууӕм-ма иумӕ стыр зылды!

  1. Зарӕг-хоровод «Ӕрзади хъӕды зазбӕлас»

(«В лесу родилась елочка»)

Ӕвиппайды уынгӕй райхъуыст хъӕр-хъӕлӕба, фӕндырдзагъд. Зарӕгмӕ «Ног азы арфӕтӕ» (Сечъынаты Альбинӕ) ӕрбахыстысты хӕдзаронтӕ. Зарынц, пырх кӕнынц нартхоры нӕмгуытӕ, къафеттӕ, лыстӕг ӕхца.

МИТЫН ДАДА: - Алы боны ӕгас нӕм цӕут, нӕ буц уазджытӕ!

ЗЫМӔГ: - Бузныг, стыр бузныг уӕ рӕсугъд арфӕтӕй! Уӕ хорзӕхӕй, нӕ бӕрӕгбон ма нын сымах дӕр бахъӕлдзӕг кӕнут.

ХӔДЗАРОНТӔ: - Табуафси, зӕрдиагӕй! Ӕрмӕст дзырдӕй – мӕнӕ ацы рӕсугъд сабитӕ дӕр немӕ куыд зарой.

МИТӔ: - Куыд зӕгъут, сабитӕ, азардзыстӕм хӕдзаронтимӕ?

СЫВӔЛЛӔТТӔ: - О!

  1. Зарӕг «Ног аз»

ХӔДЗАРОНТӔ: Зарынмӕ дӕсны стут, фӕлӕ ма зӕгъут, уыци-уыцитӕ зонут?

СЫВӔЛЛӔТТӔ: - О!

ХӔДЗАРОНТӔ: - Уый мах ныртӕккӕ сбӕлвырд кӕндзыстӕм.

Хӕдзаронтӕ дзурынц уыци-уыцитӕ

  1. Цӕй-ма, базон ӕмӕ зӕгъ урс кӕд фӕдары нӕ зӕхх? (зымӕджы)

  2. Йӕ уынд рӕсугъд у, бӕмбӕгау пух, ӕрмӕст дзы уазал кӕны къух (мит)

  3. Хур ма зӕхх ӕртавы цъус, митӕй быдыр дары урс. Уазал дымгӕ у тызмӕг, уый та нӕм ӕрцыд… (зымӕг)

  4. Ӕнӕ къухтӕй ныв кӕны, ӕнӕ дӕндӕгтӕй хӕцы (хъызт, уазал)

  5. Уынджы вӕййы урс хох, хӕдзары та дон фесты (мит)

ЗЫМӔГ: - Махӕн нӕ сабитӕ алцӕмӕ дӕр тынг дӕсны сты, зарынмӕ дӕр, ӕмдзӕвгӕтӕ дзурынмӕ дӕр, кафынмӕ дӕр.

ХӔДЗАРОНТӔ:- Кафынмӕ? Нӕ мӕ уырны.

ЗЫМӔГ: - Уӕдӕ йӕ ныртӕккӕ уӕхӕдӕг фендзыстут!

  1. Хонгӕ кафт

ХӔДЗАРОНТӔ: Хӕдзаронтӕ,хӕдзаронтӕ,

Уӕ уазджытӕй ма тӕрсут!

Ирон къусы сыр-сыргӕнгӕ

Сау бӕгӕны рахӕссут!

Зымӕг рахаста бӕгӕныкъус, ратта йӕ Митын Дадамӕ, уый кувы, лӕппутӕ оммен кӕнынц:

- Хуыцау, табу дæуæн!

- Оммен, Хуыцау!

- Хуыцау, ахъаз бакæн!

- Оммен, Хуыцау!

- Хуыцау, дæ быны хорзæй цы ис, уымæй нын дæ цæст бауарзæд!

- Оммен, Хуыцау!

- Фыдбылызæй нæ бахъахъхъæ!

- Оммен, Хуыцау!

- Хуыцау, дæхи хорзæх æмæ нын де ́ сконд зæдды хорзæх дæр саккаг кæн!

- Оммен, Хуыцау!

- Уæларвон Басыл, дæ дуг, дæ рæстæг у, Ног азы хæрзтæ уаргæ рацæудзынæ æмæ дзы махæн дæр бахай кæн!

- Оммен, Хуыцау!

- Нæ фыдбылызтæ, нæ зындзинæдтæ зæронд азы фесæфæнт!

- Оммен, Хуыцау!

- Бирæ кувынæй бирæ хæрзтæ хуыздæр сты, æмæ нын бирæ хæрзтæ балæвар кæн!

- Оммен, Хуыцау!

ЗЫМӔГ: - Ногбоны ́ хсӕв алы ирон хӕдзары дӕр ӕфсинтӕ кӕндзысты Æртхурон – Ногбоны гуыдын. Ныззилдзысты йӕ егъау хурдзалхы хуызӕн уӕрӕх сӕ къонайы арт ӕмӕ Хуры иудзинады фидардзинадӕн. Хур у царддӕттӕг, ӕмӕ йӕ минӕвар ӕдзухдӕр уӕ къонаты куыд уа, цардыхос уын куыд хӕсса!

  1. Симд зарӕг «Ӕртхурон»-мӕ гӕсгӕ

Симды фӕстӕ хӕдзаронтӕй дыууӕйӕ рахыстысты тымбыл кафтмӕ. Ӕвиппайды сӕ иу ахауд

ЗЫМӔГ: - Мæ хæдзар! Ай цы кодта? Рæвдздæр, дохтырмæ адзурут, дохтырмæ!

Фæзынд «дохтыр», байхъуыста йæм, йæ рустæ йын æркъæрццытæ кодта, йæ къухтæ йын фæйнæрдæм акодта. Йæ сæр батылдта, дзуры:

ДОХТЫР: - Ай мæ рынчын нæу!

Уæд Зымӕг рахаста басыл, рынчыны фындзыл æй æруагъта. Уый сысмыста басылмæ, фæгæпп кодта. Зымӕг хæдзаронтæн байуæрста басылтæ. Уазджытæй иу дзуры:

Нæ фысымтæ, куы йæ зонут,

Ногбон абон бирæтæм.

Стыр бузныг уæ минасæй,

Ныр та фæцæуæм иннæтæм!

Фæндырдзагъдмæ хъазгæ-худгæйæ ацæуынц.

МИТЫН ДАДА: - Мӕ хъӕбултӕ, ӕрцыд рӕстӕг хӕрзбон зӕгъынӕн. Фӕлӕ йӕ зонут, иннӕ ацафон та уӕм зындзынӕн. Ног та арв калдзӕн ӕрттывдтытӕ, бӕстӕ суыдзӕн тӕмӕн, ӕмӕ та мӕ уӕ уындӕй бацагайдзысты амонды ӕнкъарӕнтӕ!

МИТӔ: - Дада, ницы ферох кодтай? Сабитӕ ӕнхъӕлмӕ куы кӕсынц!

МИТЫН ДАДА: - Мӕнӕ мыл мӕрды рох куыд бахӕцыд! Сӕйрагдӕр цы у, уый куы нӕ сӕххӕст кодтон! Мӕ къона, дӕ хорхӕхӕй, мӕ дзӕкъул ма мын рахӕсс.

Митӕ рахаста дзӕкъул. Сабитӕн байуӕрстой лӕвӕрттӕ.

ЗЫМӔГ: - Нӕ зынаргъ, нӕ уарзон сабитӕ, нӕ буц уазджытӕ ӕмӕ ныййарджытӕ! Хъыгагӕн, ӕрцыд рӕстӕг зӕгъын: «Хӕрзбон».

МИТЫН ДАДА: - Абайты Васойӕ къаддӕр ма цӕрӕд ирон,

Райдайӕн уӕд хорз хъуыддӕгтӕн, ма сын уӕд кӕрон.

МИТӔ: - Урссӕр хӕхтӕй уӕд сыгъдӕгдӕр адӕймаджы кад,

Иры дзыхъхъ уӕд Иры фырттӕй алкӕмӕн дӕр мад.

ЗЫМӔГ: - Ног аз мин хорзӕхы ́ рхӕссӕд, уӕд фӕрнӕйдзаг, уадз!

Ног аз азӕххыл, нӕ бӕсты ныр цӕуӕд ӕгас!

КӔРОН

16

Адрес публикации: https://www.prodlenka.org/metodicheskie-razrabotki/472308-nog-azy-baragbon

Свидетельство участника экспертной комиссии
Рецензия на методическую разработку
Опубликуйте материал и закажите рецензию на методическую разработку.
Также вас может заинтересовать
Свидетельство участника экспертной комиссии
Свидетельство участника экспертной комиссии
Оставляйте комментарии к работам коллег и получите документ
БЕСПЛАТНО!
У вас недостаточно прав для добавления комментариев.

Чтобы оставлять комментарии, вам необходимо авторизоваться на сайте. Если у вас еще нет учетной записи на нашем сайте, предлагаем зарегистрироваться. Это займет не более 5 минут.

 

Для скачивания материалов с сайта необходимо авторизоваться на сайте (войти под своим логином и паролем)

Если Вы не регистрировались ранее, Вы можете зарегистрироваться.
После авторизации/регистрации на сайте Вы сможете скачивать необходимый в работе материал.

Рекомендуем Вам курсы повышения квалификации и переподготовки
Курсы повышения квалификации