Къоста:
Мыггагæй мæ ма фæрс, -
Уæздан лæг нæ дæн;
Мæ уындмæ мын ма кæс, -
Нæ бæззын чызгæм

Мæ хæдон – четæнæй,
Мæ куырæт – кæттаг,
Мæ цухъхъа – цъæх тынæй,
Нæхи хохбæстаг

Нымæтхуд, æрчъитæ,
Мæ ронбаст – уардæх
Фæрсыс ма мæ: чи дæ?
Уæд байхъус дзæбæх!… («Чи дæ?..» Х.Къ.)

Къоста фæстæмæ фæцæуы. Музыкæ хъуысы æмæ рацæуынц амонджытæ -2 чызджы, 2 лæппуйы.

1-аг лæппу: 1859 азы 15 октябры нæ диссаг райгуырæн Хохбæсты астæу, зæронд Нары хъæуы номджын æхсæны лæгæн Хетæгкаты Леуанæн райгуырди лæппу.

2-аг чызг: Нары хистæртæ йыл сæвæрдтой ном-Къоста.

Музыкæ фæтыхджын. Рахызт «Ныййарæгæй амонд»-мæ.

2-аг лæппу: Саби нæ бафсæст мады адджын хъæбысæй.

2-аг чызг: Гуыбаты Маринæ йæ сабийæн рухс радта, фæлæ йæхæдæг…

Къостайы хъæлæс сценæйы фæстæ:
Тæхудиаг, буц хъæбулæй
Йæ уалдзæджы царды хурæй
Чи бафсæст йæ мады хъæбысы… («Тæхуды» Х.Къ.)

Цырæгътимæ рацæуынц чызджыты къорд. Зардзысты «Ныййарæгæй амонд». Сценæйы фæзыны мад. Дæрддзæф лæудзæн Къоста. Зарæджы æхсæн Дзасохты М. ныхæстæ дзурын чызджытæ.

Зарæг зæлы: Нæ базыдтон никуы, циу мады рæвдыд,
Мæ сабидуг сидзæр, æвæгæссæг уыд,
Сæууон хур цъæх арvæй
Мæн тавта йæ хъармæй,
Æмæ мæм уый касти мæ мады рæвдыд,
Фæзынди мæм фыны уæд иу хатт мæ мад,
Æнкъард уыд йæ хъуыды… (хъырнынц)

Мад: Хæрзбон мæ хъæбул! Ракæс-ма! Искуы
Мæн нал уындзынæ, сау мæлæт мæ исы,
Гъе уый фыдæнæн ахæм лæг ысу
Куыд бафтауай æгас дунейы дисы. (Ситохаты С.)

Ныййарæджы фæдыл æнкъардæй кæсын,
Мæ риуæн йæ арфы мæ сагъæс хæссын,
Нæ бафсæстæн хурæй,
Зæрдæрыст, сæркъулæй
Ныййарджыты фæдыл æнкъардæй кæсын. (хъырнынц).

1-аг чызг: Ды куы уайыс, куыд бирæ йæ уарзис
Æмбарис дæ фырты зæрдæ,
Тыхмитæ, фыдæй йæ, цæргæсау,
Ды хъахъхъæнис царды бæргæ.

Цыма дзы кæцы у мæ мады æнгæс,
Цымæ дзы кæмæн ис мæ мады хъæлæс?
Йæ цин æмæ уарзтæй
Цымæ дзы кæцы у мæ мады æнгæс?

1-аг лæппу: Нæ ахызт дæ иуварсты амæндтæ уарæг –
Дæуау фæрнджын Иры нæма уыди мад;
Ирыстоны намыс – Къостайы ныййарæг
Сыгъдæг удты фарсмæ дзæнæты фæбад.

2-аг чызг: Сыгъдæг удты астæу дзæнæты фæбад
Цы бæсты, цы ранæй нæ бафсæстæ, мад.
Ир бафсæст дæ хъæбулы хурæй, ныййарæг! (Дзасохты М.)
Ныййарæгæй амонд… Цæй диссаг у, цæ!
Уый æрдзы хæрзтимæ нæ кæны хæццæ.
Æмæ йæ буц дарут,
Ныййарæгæн барут.
Ныййарæгæй амонд… цæй диссаг у, цæ!

Хъысмæты цалх дыл разылди кæд хинæй,
Уæддæр дæ амонд разынди къæдзæх:
Нæ бафсæст хъæбулы амонд, цинæй.
Дæ фырты цинæй бафсæст Иры зæхх.

Музыкæ фæтыхджын. Зарæггæнджыты къорд фæцæуынц.
Рацыдысты кæстæр кълæстæй 2 скъоладзауы: чызг, лæппу.