Охрана труда:
нормативно-правовые основы и особенности организации
Обучение по оказанию первой помощи пострадавшим
Аккредитация Минтруда (№ 10348)
Подготовьтесь к внеочередной проверке знаний по охране труда и оказанию первой помощи.
Допуск сотрудника к работе без обучения или нарушение порядка его проведения
грозит организации штрафом до 130 000 ₽ (ч. 3 статьи 5.27.1 КоАП РФ).
Повышение квалификации

Свидетельство о регистрации
СМИ: ЭЛ № ФС 77-58841
от 28.07.2014

Почему стоит размещать разработки у нас?
  • Бесплатное свидетельство – подтверждайте авторство без лишних затрат.
  • Доверие профессионалов – нас выбирают тысячи педагогов и экспертов.
  • Подходит для аттестации – дополнительные баллы и документальное подтверждение вашей работы.
Свидетельство о публикации
в СМИ
свидетельство о публикации в СМИ
Дождитесь публикации материала и скачайте свидетельство о публикации в СМИ бесплатно.
Диплом за инновационную
профессиональную
деятельность
Диплом за инновационную профессиональную деятельность
Опубликует не менее 15 материалов в методической библиотеке портала и скачайте документ бесплатно.
31.10.2019

Къоста Нæхи Къоста

Къоста… Нæхи Къоста…
Нæ цæугæ мæсыг, нæ бæрзонд кад, нæ æнæвидийгæ намыс…
2-аг
Ахæм фæлмæн æмæ буц ныхæстæй хонынц ирон адæм сæ цытджындæр поэт æмæ уарзондæр хъæбул Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы.
Æмдзæвгæ /кæсы 1-аг кæсæг/
Къоста
Джыккайты Шамиль
Дæ зæрдæ сыгъд æрцыты бын æхсонæй,
Уыдис йæ рухс нæ фæндагыл зæлдаг…
Ис хъузгæй хурмæ сындзытыл фæндаг,
Ды йыл цыдтæ нæ амондмæ фæндонæй.

Уым систай ног нæ хъысмæты сыгъдонæй
Сырдоны фæндыр – радтай йын æвзаг,
Ыскодтай ды нæ хъомпал дзырдтæн уаг,
Æмæ мах федтой дзыллæтæ нæртонæй.

Ды – Иры зæд, нæ ном æмæ нæ кад,
Ды скодтай зарæг адæмæн сæ хъыгтæй,
Ды ссыгътай артдзæст къонайы фæныктæй.

Содержимое разработки

1-аг

Къоста… Нæхи Къоста…

Нæ цæугæ мæсыг, нæ бæрзонд кад, нæ æнæвидийгæ намыс…

2-аг

Ахæм фæлмæн æмæ буц ныхæстæй хонынц ирон адæм сæ цытджындæр поэт æмæ уарзондæр хъæбул Хеттæгкаты Леуаны фырт Къостайы.

Æмдзæвгæ /кæсы 1-аг кæсæг/

Къоста

Джыккайты Шамиль

Дæ зæрдæ сыгъд æрцыты бын æхсонæй,

Уыдис йæ рухс нæ фæндагыл зæлдаг…

Ис хъузгæй хурмæ сындзытыл фæндаг,

Ды йыл цыдтæ нæ амондмæ фæндонæй.

Уым систай ног нæ хъысмæты сыгъдонæй

Сырдоны фæндыр – радтай йын æвзаг,

Ыскодтай ды нæ хъомпал дзырдтæн уаг,

Æмæ мах федтой дзыллæтæ нæртонæй.

Ды – Иры зæд, нæ ном æмæ нæ кад,

Ды скодтай зарæг адæмæн сæ хъыгтæй,

Ды ссыгътай артдзæст къонайы фæныктæй.

3-аг

Сомыйы сæр, арфæйы сæр… Йæ адæмы хорз миниуджытæ кæм баиу вæййынц, йæ цард æппæтæй дæр адæмы хъысмæтыл чи бабæтты, æрмæстдæр ахæм адæймæгтæй вæййынц адæм сæрыстыр, æрмæстдæр уыдон цæрынц сæ зæрдæты æнустæм.

Æмдзæвгæ /кæсы 2-аг кæсæг/

Къостамæ

Хаджеты Таймураз

Дæ хæс ды бафыстай, бæргæ

Нæртон лæгау, Къоста!

Дæ ном æрвгæрæттыл нæры

Дæ тугæрхæм фыстæй.

Дæ хæс ды бафыстай, бæргæ

Фæлæ, нæхи Къоста,

Цæмæн фæцыдтæ ды мæрдтæм

Фыднизæй саст, рыстæй?

4-æм

Къоста цардис тызмæг æмæ зын рæстæджы, фæлæ уæддæр йе стыр ныфс, йæ куырыхон зонд æнæвгъау лæвæрдта йæ уарзон дзыллæйы рухс фидæны сæраппонд.

1-аг

Стыр цымыдисаг сты Абайты Васойы рæстдзæф ныхæстæ Хетæгкаты Къостайы тыххæй:

«Алы адæмтæ дæр æхсызгонæй æмæ сæрыстырæй фæзæгъынц, дзыллæты цæсты сæ кадджын чи скодта, уыцы ахсджиаг хъæбулты нæмттæ. Англисаг сæрыстырæй фæзæгъы Шекспиры ном, шотландиаг – Бернсы, немыцаг – Гетейы, италиаг – Дантейы, уырыссаг – Пушкины…

2-аг

Мах, Ирæттæ та фæзæгъæм Къоста, æмæ нын уыцы ном нæ зæрдæтæ байдзаг кæны æгæрон сæрыстырдзинад æмæ хъæбулы уарзондзинадæй».

3-аг

Ирон номдзыд адæмон поэт, ирон аив литературæйы æмæ æвзаджы бындурæвæрæг, фыццаг ирон профессионалон нывгæнæг, зынгæ æхсæнадон архайæг Хеттæгкаты Леуаны фырт Къоста райгуырди 1859 азы 15 октябры Цæгат Ирыстоны, Уæлладжыры комы, Нары хъæуы.

4-æм

Ам арвыста йæ сывæллоны бонтæ. Ам фыццаг хатт фехъуыста ирон адæмон зарджытæ æмæ таурæгътæ. Ам федта йæхи цæстытæй мæгуыр æмæ æфхæрд хæххон адæмы уæззау, хъизæмар цард, сæ хъæрзын.

Халон баргъæвст сындзыл

Уад тымыгъ хæссы…

Сау айнæджы рындзыл

Нары хъæу хуыссы.

Даргъ æхсæв фыдбонёй

Цард удæн хуыздæр

Рухс цæуы кæронæй,

Бадынц ма кæмдæр…

1-аг

Къостайы мад Гуыбаты Марья амард, фидæны поэт ма хæрз чысыл сывæллон куы уыдис, уæд. Уымæ гæсгæ Къостайы хъомыл кæнынмæ радтой се ’рвадæлты ус Чендземæ. Уый Къостайы йæхи хъæбулау бауарзта æмæ йæ дыууæ азы хи мадау рæвдыдта. Фæстæдæр ын поэт йæ ном ссардта зæрдæбын æмæ арфæйы ныхæстæй:

2-аг

Мæн иу ус фæхаста…

Сывæллон ахуыр,

Йæ дзидзи нæ ласта

Мæ дзыхæй, мæгуыр.

Куыд фæрæзта уыйас –

Æппæтæй дæр фаг!

Фæцардтæн æм иу аз,

Фæдæн æм дыккаг.

Фæстæдæр Къостайы фыд Леуан дыккаг ус æрхаста, æмæ сæхимæ æрбакодтой сывæллоны. Къостайы фыды ус Сухиты Хъызмыдæ нæ бауарзта сидзæр сабийы, æдзух æй æнæхъуаджы схуыста, лæгъз ныхасæй йæм никуы сдзырдта.

Къоста йæ фыдыусы тыххæй афтæ фыста:

Дыккаг ус æрхаста…

Æркодтой мæн дæр…

Мæ «чындз» мæ нæ уарзта, –

Фыдсыл уыд кæмдæр!

Йæ рард дæр ысхуыстæй,

Йæ рæвдыд дæр – над,

Йæ «цу-ма» рæхуыстæй, –

Гъе уый, дам, дын – мад!

3-аг

Къостайы фыд Леуан æрдзæй зондджын лæг уыди, адæмы астæу нымад æмæ кадджын, куыста Дзæуджыхъæуы хæххон милицæйы, уымæ гæсгæ йæ бинонты, йæ иунæг фырты стæм хатт уыдта, кæд æй тынг уарзта, уæддæр.

4-æм

Къоста рæзыд уæнгрог, æнæниз æмæ хъæлдзæг сывæллонæй. Æрмæст æдзухдæр мысыд йæ мады, йæ мады йын хæстæгмæ чи зыдта, уыдоны-иу цымыдисæй фарста: цы хуызæн уыдис æдде бакæсгæйæ, асæй, гуыры кондæй, дзыхы ныхасæй. Уыдоны мысинæгтæм хъусгæйæ йын фæстæдæр скодта йæ ныв дæр æмæ Къостайæн йæхи загъдау «Ацы ныв сарæзтон, мæ мады мын хорз чи зыдта, уыдоны ныхæстæм гæсгæ æмæ куыд дзурынц, афтæмæй бынтондæр рауад йæхи хæдхуызæн».

1-аг

Мады фæлгонц Къостайы поэзийы æрцахста стыр бынат. Уырыссагау фыст æмдзæвгæтæй иуы фыста:

Нет, тебя уж никто не заменит,

Дорогая, родимая мать!

Ни во что уже сын твой не верит, –

Истомился, устал он страдать…

Будь бы ты, – как его б ты любила!

Его душу понять бы могла

И, как коршун, его б сторожила

От насилья, коварства и зла.

Ты простила б ему заблужденья,

Приласкала б его на груди,

Объяснила бы жизни значенье

И служила б опорой в пути.

2-аг

Кæд уæззау уыдысты Къостайы сывæллоны бонтæ, уæддæр тырныдта ахуырмæ, зонындзинæдтæм. Йæ фыд Леуан фендджын адæймаг уыдис, фæндыд æй, цæмæй йæ фырт ныллæууыдаид ахуыры фæндагыл.

3-аг

Къоста фыццаг ахуыр кёнынмё бацыд Нары скъоламё. Ахуыр кодта стыр разёнгардёй. Уёлдай зёрдиагдёрёй йё хъус дардта нывкёнынмё.

Нары хъæуы скъола каст куы фæци, уæд дыууæ азы дæргъы (1868–1870) ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы прогимназийы.

4-æм

Уыцы рæстæджы хæхбæсты цæрæг ирон адæм уыдысты зæххъуаг. Уымæ гæсгæ Къостайы фыд Леуан æмæ йемæ 150 хæдзарæй Нарæй алыгъдысты Кубаны облæстмæ. Æрлидзæг адæм ам Сарæзтой ног хъæу – Лаба (Георгиевско-Осетинское), ныр Хетæгкаты Къостайы хъæу. Къостайы дæр йæ фыд Дзæуджыхъæуæй уырдæм æркодта. Æппæт мадзæлттæй дæр Леуан архайдта, цæмæй йæ фырт дарддæр ахæццæ кæна йæ ахуыр.

1-аг

1871 азы Къоста бацыд ахуыр кæнынмæ Стъараполы гимназмæ æмæ дзы фæцис 1881 азы онг. Гимназы ахуыргæнджытæй куыстой стыр ахуыргонд адæймæгтæ Я.М. Неверов, В.И. Смирнов æмæ иннæтæ. Уыдон хæст уыдысты раззагдæр зондыл, сæ ахуыргæнинæгтæн лæвæрдтой арф æмæ уæрæх зонындзинæдтæ, æппæт мадзæлттæй дæр архайдтой сабиты раст фæндагыл ныллæууын кæныныл

2-аг

Ам, Стъараполы гимназы Къоста стыр зæрдиагæй ахуыр кодта уырыссаг классикон литературæ, уырыссаг культурæ. Йæ хъус тынгæй-тынгдæр дарын байдыдта революцион змæлдмæ. Фыста иронау дæр, уырыссагау дæр, зæрдиагæй архайдта хихъæппæрисадон изæрты, арæх касти йæхи æмдзæвгæтæ, Пушкины, Лермонтовы, Крыловы уацмыстæ. Спектакльтæм арæзта декорацитæ.

3-аг

Къостайы тынг бирæ бауарзтой гимназы ахуыргæнинæгтæ дæр, ахуыргæнджытæ дæр, кодтой йын стыр аргъ.

В.И. Смирнов нымадта Къостайы йæ курдиатджындæр ахуыргæнинагыл æмæ æппæт мадзæлттæй дæр архайдта, цæмæй йæ курдиат рæза, æххуыс ын кодта суанг материалон æгъдауæй дæр.

4-æм

Смирнов Къостайы сразæнгард кодта, цæмæй бацыдаид Бетъырбухы Аивæдты академимæ. Æмæ 1881 азы Къоста ацыд Бетъырбухмæ, сси академийы студент. Сæххæст йе стыр бæллиц!

1-аг

Академийы Къоста ахуыр кодта тынг зæрдиагæй. Къостаимæ уыцы иу рæстæг Академийы ахуыр кодтой зындгонд чи сси фæстæдæр, уыцы уырыссаг нывгæнджытæ: Серов, Врубель, Самокиш,

2-аг

Ам, Бетъырбухы Къоста бирæ рæстæг хардз кодта уырыссаг æмæ дунеон литературæйы классикты уацмыстæ кæсыныл. Йæ зæрдæмæ арф айста Грибоедов, Пушкин, Лермонтов, Некрасов, Кольцовы уацмыстæ, Крыловы баснятæ, Островскийы драмæтæ.

3-аг

Фæлæ поэт уæлдай стырдæр аргъ кодта уырыссаг революцион демократæн – Белинский, Добролюбов, Чернышевский æмæ Некрасовæн. Уыдоны тæваг ирдæй зыны йе ’ппæт сфæлдыстадыл. Къоста йæ хъус дардта критикон реализмы принциптæм æмæ сæ арæхстджынæй пайда кодта йе сфæлдыстады.

4-æм

Къоста Академийы дыууæ азы куы ацахуыр кодта, уæд ын стипенди нал лæвæрдтой, æндæр фæрæзтæ та йæм цæрыны тыххæй нæ уыди. Ноджы ма иу экзамен афоныл раттын Къостайы къухы кæй нæ бафтыд, уымæ гæсгæ академийы хицæуттæн æфсон фæци æмæ йæ ацух кодтой йæ ахуырæй.

1-аг

Дыууæ азы ма уый фæстæ фæфыдæбон, фæрахау-бахау кодта дард æмæ æцæгæлон горæты, тухитæй архайдта йæхицæн къæбæры фаг амал кæныныл.

2-аг

Куыддæр амæлттæй Къостайы къухы бафтыд Бетъырбухы наулæууæнмæ кусæгæй бацæуын. Ам дзæвгар рæстæг фæкуыста уæзæгтæхæссæгæй. Тынг зын æмæ уæззау уыд ацы куыст, фæлæ быхсыдта, кæд ын æхца хæрз чысыл фыстой æмæ-иу куысты фæстæ къæбæр бахæрынхъом дæр нал уыд фырфæлладæй, уæддæр.

3-аг

Къоста уыцы рæстæджы йæ хъус дарын байдыдта æхсæнадон-политикон фарстатæм, баст уыд Бетъырбухы студенты революцион змæлдимæ. Йæ царды стырдæр æмæ ахсджиагдæр нысан ссис фæллойгæнæг адæмы сæрибарыл тох. Ам, Бетъырбухы бахсыст йæ революцион зондахаст.

4-æм

Бæргæ архайдта Къоста йæ ахуыр исты хуызы кæронмæ ахæццæ кæнын, фæлæ йын уæззау материалон уавæрмæ гæсгæ Бетъырбухы цæрынæн фадат нал уыд.

Æмæ уæд сфæнд кодта йæ уарзон, йæ райгуырæн Ирыстонмæ ацæуын, йæ цард сбæттын йæ уарзон, йæ иубæстон адæмимæ.

1-аг

1885 азы Къоста æрбаздæхт йæ райгуырæн Ирыстонмæ. Райгуырæн бæстæимæ фембæлд Къостайæн уыдис стыр бæрæгбон, уымæн æмæ йæ хъæбулы уарзтæй уарзта.

Фæхæссон ма, загътон, уæддæр

Фæстæмæ мæ иунæджы сæр

Мæ Ирмæ, мæ райгуырæн бæстæм…

Мæ цæстысыг донау мызти.

Мæ зæрдæ фыр цинæй рызти, –

Куы скастæн нæ цъитиджын хæхтæм.

2-аг

Джусойты Нафи куыд фыссы, афтæмæй 14 азы дæргъы Къоста иппæрд уыд Ирыстоны цардæй, дардмæ йын хъуыста йæ кой, ас лæджы цæстæй йæм никуы бакаст. Къостайæн йæхи загъдау «Мæ бæстæй фæхицæн дæн сонтæй». Гъе, уый аххосагæй Къостайы сфæлдыстады, цалынмæ Ирыстонмæ æрбаздæхт 1885 азы сæрды, уæдмæ нæй йæ адæмы кой, йæ адæмы хъысмæтыл сагъæс. Фæлæ уыйхыгъд, куы ’рцыд æмæ куы федта йæ адæмы æдзæллаг уавæр, уæд йæ хъæлæс ныннæрыд мæстæлгъæд æмæ зæрдæрыстæй:

Æрцыдтæн… Мæхицæй фыддæр,

Мæгуырæй куы ссардтон дæу дæр,

Мæ уарзон, мæ иубæстон адæм!..

3-аг

Ацы ныхæстæ куы ныффыста, уæдæй фæстæмæ Къостайæн йæ уарзæгой зæрдæйæ йæ амæлæты бонмæ никуыуал сæфтыд йæ адæмы мæт, уый фæдыл сагъæс. Адæмы сæрыл удуæлдай тох сси йæ царды иунæг нысан цæрæнбонтæм».

Нафи

4-æм

Къоста Ирыстонмæ куы æрбаздæхт, уæд æнæрынцойæ бавнæлдта æхсæнадон куыстмæ. Сси фæллойгæнæг адæмы цард, сæ хъуыдытæ, сæ бæллицтæ æвдисæг æмæ хъахъхъæнæг. Йæ арф хъуыдыджын æмæ цыргъзонд уацмысты хурмæ хаста паддзахы фæсдзæуинтæ æмæ бынæттон æфхæрджыты фыдмитæ, уæндонæй сидтис адæммæ сæ бартыл тох кæнынмæ.

1-аг

Къостайы зæрдæ ныккæрзы йæ уарзон Ирыстоны уæззау уавæрæй:

Мæ райгуырæн бæстæ!! Дæ айнæг къæдзæхæй,

Дæ фидар, фæлтæрд риуæй хъусын хъæрзын…

2-аг

Къостайы йеддæмæ ничи бауæндыд хъæрæй зæгъын:

Æмхуызон нæ иуæн дæр нæй,

Кæм кусæм, кæм цæуæм, кæм бадæм!

3-аг

Къостайау никæмæ разынд фаг ныфс адæммæ æргомæй бадзурынмæ:

Лæджы хуызæн лæг нæм – ыстæм,

Бæрæг дæр нæ нал ис – цы стæм,

Цы уыдзæн нæ фидæн нæ фæстаг?

4-æм

Поэт кæдфæнды дæр цæттæ уыд мæгуыр, æфхæрд адæмы рухсдæр фидæны сæраппонд йæ цард æнæвгъау раттыныл:

Я счастия не знал, но я готов свободу,

Которой я привык как счастьем, дорожить,

Отдать за шаг один, который бы народу

Я мог когда-нибудь к свободе проложить.

1-аг

Къостайы поэтикон курдиаты суадоны сиу сты адæмы рыст æмæ цин, адæмы сагъæстæ æмæ бæллицтæ. Йæ бон дæр уымæн баци адæмы зæрдæтæм дæгъæлтæ ссарын, йæ хъуыдытæ афтæ аивæй зæгъын. Поэт йæ иу писмойы фыста:

«Æз мæ дзырдæй сæудæджер никуы кодтон, мæ фыстытæй иу рæнхъæн дæр æхца никуы никæмæй райстон. Æмæ фысгæ дæр, фыссон æмæ мыхуыр кæнон, зæгъгæ, ахæм зондæй нæ кæнын, бирæтæ куыд кæнынц, афтæ. Нæ! Ахæм фыстæн мæ йæ кад дæр нæ хъæуы æмæ йæ пайда дæр… æз фыссын уый, æмæ мæ рыст зæрдæйы уромын цы нал фæфæразын…»

2-аг

Къостайы ном айхъуыст æппæт Ирыстоныл. Уымæн æмæ уæндонæй дзырдта фæллойгæнæг адæмы æфхæрджыты ныхмæ, æвдыста сын сæ хъизæмайраг царды æцæгдзинад:

Везде, для всех я песнь свою слагаю,

Везде разврат открыто я корю

И грудью грудь насилия встречаю,

И смело всем о правде говорю.

3-аг

Йæ Иннæ æмдзæвгæ кæсгæйæ зæрдæ нырризы мæгуыр адæмы царды нывтæй:

Нæй кад мæгуыр лæгæн йæ куыстæн, –

Йæ сихор, йе ’хсæвæр – йæ мæт;

Йæ уат – ыскъæт, зыгуым йæ лыстæн.

Хъæбæр – йæ цъæх хуыссæн нымæт!

4-æм

Къоста Ирыстонмæ куы сыздæхт, уæд ыл цыдис æрмæстдæр фондз æмæ ссæдз азы. Фæлæ алцæмæй дæр уыди æххæст – бакастæй, зондæй, хъаруйæ, ахуырдзинадæй, стыр поэт æмæ нывгæнæджы курдиатæй. Уымæй уæлдай уыд æгъдауджын, дзырдарæхст, фæлмæнзæрдæ. Уымæ гæсгæ йæ адæм бирæ уарзтой, кодтой йын стыр аргъ.

1-аг

Зындгонд ирон нывгæнæг Тугъанты Махарбег йæ мысинæгты Къостайы тыххæй афтæ фыста: «Къоста фылдæр хатт дардта бæгæныхуыз, кæнæ та цъæх цухъхъа сау куырæтимæ. Асæй уыд рæстæмбис адæймаг, нарæгастæу æмæ фæтæнуæхск, гуырджын. Йæ къахайст уыди рог, уæгъдибар, йæ хуымæтæг дарæсы бын уыдис хъаруджын буар. Стыр сау цæстытæ æдзухдæр, зынгау, æрттывтой… Йæ хъæлæсыуаг уыди зæрдæмæдзæугæ, арф æмæ фæтæн. Адæм хистæрæй, кæстæрæй – æмхуызон хæстæг ластой сæхи Къостамæ, уый се ’ппæтæн дæр уыди æфсымæры хуызæн зынаргъ».

Тугъанты М.

/Хонгæ кафт Къостайы хуызæн дарæсы/

2-аг

Поэт æдзух сагъæс кæны йæ уарзон адæмы уæззау царды хъысмæтыл, фæнды йæ йæ адæмæн исты хорз ракæнын, фæлæ йын фадат нæ уыд. Кæд цыфæнды стыр æмæ бæрнон куыстмæ дæр Сарæхстаид, уæддæр ын Дзæуджыхъæуы хицауад йæ размæ алы цæлхдуртæ æвæрдта.

3-аг

Академи фæуды тыххæй йæм гæххæт кæй нæ уыдис, уымæ гæсгæ йын гимназы ныв кæныны ахуыргæнæгæй кусыны бар нæ лæвæрдтой. Афтæмæй та канд Ирыстоны нæ, фæлæ æппæт Кавказы уыцы рæстæджы Къостайæ стырдæр æмæ дæсныдæр нывгæнæг нæ уыдис.

4-æм

1885 азæй 1991 азмæ Къоста цард, рæстæгæй-рæстæгмæ-иу цы чысыл куыстытæ ссардта, уыдоны мыздæй. Стыр нывгæнæг арæзта декорацитæ, портретæ, кодта зæдты нывтæ аргъуаны къултыл æмæ æндæр лыстæг куыстытæ. Тыхст, кæй зæгъын æй хъæуы, поэт ахæм зын царды уавæртæй, фæлæ уæддæр фæрæзта.

1-аг

Поэты кад æмæ намыс цас тыхджындæр кодта ад\мы ’хсæн, уыйас æнæуынондæр кодта Терчы зылды хицауæн. Æдзух агуырдтой исты æфсон поэты бафхæрынæн. Æмæ сын æнтысгæ дæр бакодта.

2-аг

1891-æм азы фыццаг ирон рухстауæг Колыты Аксо йæ хæдзары ирон чызджытæн цы скъола байгом кодта, уый Терчы облæсты хицау Кахановы бардзырдмæ гæсгæ æхгæд æрцыд. Чызджыты ныййарджытæ хъаст кодтой алы рæттæм, алы хицæуттæм, фæлæ сæ хъуыддагæй ницы уади. Фæстагмæ сæ хъаст бахастой Къостамæ. Къоста æрæмбырд кодта ирон интеллигенцийы активондæрты æмæ иумæ ныффыстой курдиат уæлдæр хицауадмæ. Скъола ногæй байгом кодтой æмæ та йæм ирон чызджытæ стыр зæрдиагæй цæуын байдыдтой.

3-аг

Фæлæ Къоста та нымад æрцыд «змæнтæгыл», «сабырдзинад халæгыл» æмæ 1891 азы июны мæйы Къостайы æрцахстой æмæ тард æрцыд Терчы облæстæй Хъæрæсемæ фондз азы æмгъуыдмæ. Цы гæнæн ма уыд Къостайæн, ацыди уал фыццаг Лабæмæ, йæ фыды хæдзармæ, уый фæстæ дзæвгар рæстæг фæрахау-бахау кодта Хъæрæсейы хъæуты æмæ хæхты куыстагур. Стыр ахуыргонд адæймаг, стыр курдиатджын поэт кусын райдыдта Хъæрæсейы хæхты иу æрзæнткъахæн къæнцылары кусæгæй.

4-æм

Куыд нæ маст кодтаид Къоста йæ царды уавæртыл!

Ам, Хъæрæсейы хæхты, Къоста йæхи цæстæй федта кусæг адæмы мæгуыр æмæ хъизæмар цард. Ардæм æм æрбайхъуыст уæззау хабар: амард йё уарзон фыд. Йæ иу писмойы йæ хорз зонгæ чызг Цæлыккаты Аннæмæ фыста:

«Мæ фыды мæлæт мын бынтон амардта мæ зæрдæ… æз мæхи банкъардтон зыбыты иунæг ацы стыр дунейы. Фыццаг мæ фыр тыхстæй цы акодтаин, уый нал зыдтон, стæй иучысыл мæхиуыл фæхæцыдтæн æмæ хъуыды кæнын райдыдтон. Мæ уавæр уыдис бынтон æвирхъау. Æгас дунейыл мын иу ахæм фæхæцæн нал баззад, мæн мæхицæн исты фыдбылыз саразынæй уæд та иу уысмы бæрц чи фæурæдтаид».

1-аг

Фæлæ ахæм зын уавæрты дæр Къостайæн йе сфæлдыстадон хъару нæ фæлæмæгъдæр. Ам ныффыста æрдхæрæны лирикон æмдзæвгæтæ: «Æнæ хай», «Хæрзбон», «Джук-тур» æмæ æнд.

Фæстæдæр , 1893 азы Къостайæн бар радтой Стъараполы æрцæрынæн. Ам райдыдта кусын уæды рæстæджы Цæгат Кавказы зынгæдæр газет «Северный Кавказ»-ы редакцийы бæрнон секретарæй, фæлæ редакторы хæстæ дæр фылдæр йæхæдæг æххæст кодта.

2-аг

Газет уайтагъддæр фендæрхуызон, ссис дзæвгар прогрессивондæр æмæ хъуыдыджындæр. Къоста стыр активонæй бавнæлдта публицистикон куыстмæ. Хурмæ хаста фæллойгæнæг адæмы æфхæрджыты фæливæн æмæ цæствæлдах митæ. Къоста ам кусгæйæ ныффыста бирæ æмдзæвгæтæ уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл: комеди «Дуня», поэмæтæ «Фатимæ» æмæ «Тæрхоны раз».

3-аг

Къоста йæ хасты рæстæджы бирæ зынтæ кæй бавзæрста, уый йе ’нæниздзинадыл зынын байдыдта. Тынг слæмæгъ æмæ æррынчын стæджы чехоткæйæ. Дзæвгар рæстæг фæхуыссыд Стъараполы рынчындоны, скодтой йын операци дæр, фæлæ йын уыйас ницы фæахъаз. Операцийы фæстæ йæ къах риссын байдыдта æмæ йæ йе ’рвадæлты лæппу Хеттæгкаты Андухъапар æркодта Бетъырбухмæ. Ам ын операци скæнын кодта. Æхсæз мæйы фæхуыссыд Къоста рынчындоны. Æдзух мысыд йæ уарзон Ирыстон, йæ ирон адæмы.

4-æм

1896 азы Къоста рæстæгмæ æрцард Пятигорскы, ам йæхи дзæбæх кодта алыхуызон сондæттæй. Пятигорскы цæргæйæ зæрдиагæй бакуыста йæ ирон æмдзæвгæтыл. Къоста хорз æмбæрста, цæмæй ирон адæм бамбарой, чи у се ’фхæрæг, сæ маарæг, цæмæй сæ зæрдæты ссудза сæрибары тохы цæхæр, уый тыххæй семæ кæй хъæуы дзурын сæхи хъæздыг æмæ рæсугъд мадæлон æвзагыл.

1-аг

1898 азы фæзынд æмдзæвгæты къухфыст хицæн æмбырдгонды хуызы. Къоста сын æрхъуыды кодта æвæджиауы рæсугъд ном «Ирон фæндыр». Йæ бынмæ фыст уыд: зæрдæйы сагъæстæ, зарджытæ, кадджытæ, æмбисæндтæ.

1899 азы Къостайы «Ирон фæндыр» мыхуыры рацыд. Мыхуырмæ йæ бацæттæ кодта йæ хорз хæлар Байаты Гаппо. Ацы чиныгæй Къоста фидар бындур æрæвæрдта ирон литературæйæн.

2-аг

«Ирон фæндыр» куы фæзынд, уæдæй нырмæ рацыд бирæ азтæ. Ирон æвзагыл фæзынд бирæ алыхуызон уацмыстæ. Фæлæ уæддæр Къостайы «Ирон фæндыр уыди æмæ абоны онг дæр у ирон адæмы тæккæ уарзондæр æмæ зынаргъдæр чиныг. (ёмдз.).

3-аг

«Ирон фæндыр»-ы уацмыстæ зæрдæ агайынц сæ адæмондзинадæй. Йæ алы рæнхъ, йæ алы дзырд дæр сæууон æртæхау у сыгъдæг. Чиныгкæсæгæй нал ферох уыдзысты сидзæргæс усы хъарæг, мæгуыр æххормаг сабиты кæуын, æнæном иунæджы сагъæстæ, сæрибаруарзаг Хъуыбадыйы зарджытæ.

/Хъуыбадыйы цагъд – фæндырæй/

4-æм

«Ирон фæндыр»-ы фæзынд стыр цины хъуыддаг уыд æппæт Ирыстоны адæмæн. Йæ диссаджы сыгъдæг рæнхъытæ йын дзыхæй-дзыхмæ истой, зарыдысты сæ цины æмæ хъыджы сахат.

Ацы чиныгæй Къоста адæмы бауырнын кодта, ирон æвзагыл дæр кæй ис ныффыссæн æцæг аивадон уацмыстæ, национ литературæ саразæн.

1-аг

Къоста канд стыр поэт, курдиатджын нывгæнæг, публицист æмæ драматург нæ уыдис. Уый уыдис йæ рæстæджы тæккæ прогрессивон зондахастыл лæуд чи уыди, ахæм лæг, æмбаргæ политик, æхсæнадон цаутæ раст чи æмбæрста, ахæм куырыхон зондыл хæст адæймаг.

2-аг

Къоста хорз æмбæрста, Ирыстон Уæрæсеимæ кæй баиу, уый ахадындзинад. Фæлæ Къостайæн Уæрæсе иу ахорæнæй ахуырст нæ уыд. Уырыссаг культурæйæн стыр аргъ кæнгæйæ, адæмы ’хсæн хæлардзинад парахат кæнгæйæ, Къоста карз тох кодта Уæрæсейы уæды рæстæджы хицауады æнæсæрфат политикæйы ныхмæ.

3-аг

Къостайы сæрмæ та ногæй æмбырд кæнын байдыдтой сау мигътæ. Æдзух адæмы сæрыл кæй дзырдта, йæ цард сын нывондæн кæй хаста æмæ Терчы зылды хицау Кахановимæ карз тохы кæй бацыд, уый хицауады зæрдæмæ нæ цыд, йæ алы къахдзæф дæр ын нымадтой. Чысыл фæстæдæр æй (кæйдæр) чындзæхсæвы, дам, æфсæддон хицауады ныхмæ æд гæрзтæ слæууыд, уый æфсон Херсонмæ фондз азы æмгъуыдмæ ахастаиккой Кахановы писмомæ гæсгæ.

4-æм

Æхсæз мæйы фæтох кодта Къоста йæхи сраст кæныныл, фæлæ рæстдзинад ссарын йæ къухы нæ бафтыд.

Къостайы та ахастой ногæй йæ уарзон Ирыстонæй дард Херсонмæ, талынг, фæстæзад провинциалон горæтмæ. Уым райдыдта Къостайы царды тæккæ зындæр период. Пъæлицæ æдзух йæ фæдыл зылд, поэты цард бынтондæр зындон фæстад.

Къоста Херсоны

Кочысаты Мухарбег

Æхсæв бæстыл сау нымæт æмбæрзы.

Кæс Херсонмæ, тарф фынæй хуыссы.

Бæстæ сабыр. Стъалытæ нæ зынынц.

Æрдз ныссабыр, ног чындзау ныхъхъус.

Фæлмы иууыл хæдзæрттæ ныгуылынц,

Фæлæ ’рттивы иу хæдзарæй рухс,

Уатт – хуымæтæг. Рудзынджы зыхъхъырæй

Рухс æддæмæ хъуызæгау кæны…

Стъол, сынтæг, зæронд сынтæг, рæбынæй.

Къулыл ауыгъд сау цухъхъа зыны.

Æмæ бады стъолы раз æнкъардæй

Иры номдзыд, сахъ поэт. Йæ сæр

Къухмæ ’руагъта. Сау æрфгуыты тарæй

Сау цæстытæ нал калынц цæхæр.

Цард-цæрæнбон фидарæй кæй хъардта

Уый йæ уд сæрибарыл рæстæй.

Ардæм уымæн паддзахы лæгмартæ

Уый фæсырдтой райгуырæн бæстæй.

Æмæ бады цырагъы мæнг рухсмæ

Хуыссæг дард йæ цæстытæй фæлыгъд.

Цæсгом Бахус. Бур мыдадзау – рустæ.

Сау рихиты халас дæр фæзынд.

Уасæг уасы… Сæр нæ комы базмæ.

Бонмæ бирæ нал баззади, нал.

Зæрдæ ’хсайы райгуырæн Кавказмæ

Цæстыл уайы райгуырæн хъæу Нар;

О Ирыстон! О мæ мæгуыр адæм!

Хъусын, хъусын дардмæ дæр дæ хъæр,

Æмæ абон æз дæумæ кæд дард дæн,

У уæддæр дæ сæрвæлтау мæ сææр.

Ку уал, ку, мæ райгуырæн хъæубæстæ!

Ку уал, ку мæ райгуырæн хъæу Нар!

Мæн уырны, кæй уыдзыстут мæ фæстæ

Сымах, æнæмæнг, рухс æмæ хæдбар.

1939 аз

1-аг

Бирæ тухитæ, бирæ зындзинæдтæ баййæфта Къоста Херсоны хасты уæвгæйæ.

Фæлæ уæддæр фыссæгæн йæ ныфс, йæ хъару на асаст. Быхсыд йæ уæззау цардæн, йæ низæн, йæ зæрдæйы мастæн. Ам ныффыста йæ кадæг «Хеттæг» æмё цалдæр æмдзæвгæйы. Ардæм æм Ирыстонæй æрыхъуыст цины хабар: Кахановы Терчы зылдæй фæтардтой Туркистаны округмæ. Къоста сывæллонау цин кодта, – йæ цыфыддæр знаг йæ уарзон Ирыстоны нал уыд.

2-аг

1901 азы Къоста Стъараполæй сыздæхт Дзæуджыхъæумæ. Ныр ын бар уыдис, кæм æй фæнды, уым æрцæрын. Ирон фæллойгæнæг адæм тынг цин кодтой сæ уарзон фыссæджы сыздæхтыл. Цинн кодта Къоста йæхæдæг дæр. Бирæ рæсугъд хъуыдытæ, бирæ фæндтæ уыдис Къостамæ: зæрдæмæдзæугæ куыст ссарын, бинонты хъуыддаг бакæнын, хæдзар саразын, аивæдты скъола байгом кæнын, ирон æвзагыл чингуытæ уадзыныл бацархайын æмæ æнд. Бавнæлдта разæнгардæй, фæлæ йæ фæндтæ йæ къухы нал бафтыдысты. Стæджы низ ын бонæй-бонмæ тыхджындæр кодта.

3-аг

1902 азы бынтондæр уатон рынчын æрци. Чи йæм кастадид, уый нæ уыди, æмæ йæ йæ хо Олгъа аласта Лабæмæ, йæ фыды хæдзармæ. Æртæ азы ма фæтухи, фæхъизæмар кодта хуыссæны, фæлæ куыстæн нал сбæззыд, йе уæнгтæ, йæ аив дзыхы дзырд йæ бар нал уыдысты. Йæ карз низæй нал сдзæбæх Къоста æмæ 1906 азы 1 апрелы йæ тыхджын зæрдæ банцад йæ куыстæй, йæ хъæлæс бамынæг.

4-æм

Йæ мард ын фыццаг баныгæдтой Лабæйы, йæ фыды ингæны цур. Фæлæ Иры раззагдæр интеллигенцийы минæвæрттæ хорз æмбæрстой, Къостайæн ирон адæмы царды цы ахадындзинад ис, уый æмæ йæ дæс боны фæстæ æрбаластой Дзæуджыхъæумæ æмæ йæ стыр кад æмæ намысимæ баныгæдтой Ирыхъæуы аргъуаны кæрты. Йæ ингæны уæлхъус канд сидзæрхуыз ирон адæм нæ лæууыд, фæлæ æппæт Кавказы адæмы минæвæрттæ дæр.

1-аг

Поэты алыхуызон æмæ бирæкъабазджын сфæлдыстадæн аргъ кæнгæйæ зындгонд уырыссаг фыссæг А.А. Фадеев Къостайы схуыдта ирон адæмы Леонардо да Винчи. Цæмæй уыцы иу рæст\джы уай курдиатджын поэт, публицист, драматург, нывгæнæг, æхсæнадон кусæг, революционер, уый тыххæй хъæуы стыр хъару, стыр ныфс, стыр курдиат, адæммæ æгæрон уарзондзинад. Уыдонæй се ’ппæтæй дæр хайджын уыд Къоста. Уый афтæ куы нæ уыдаид, уæд аивады ахæм бæрзæндтæм дæр не схызтаид.

2-а

Уæдæ æнæ дызæрдыгæй зæгъæн ис, нæ адæмы культурæйы, нæ адæмы царды историйы Хеттæгкаты Къоста кæй у æппæты стырдæр фæзынд, йæ астæуккаг цæджындз. Уымæй райдыдта нæ литературæ, нæ аивад, æнустæм ын æрæвæрдта фидар бындур.

3-аг

Къоста йæ цыбыр царды рæстæджы йæ куырыхон зонды ’руаджы рæдийгæ никуы кодта. Æрмæстдæр фæрæдыд иу хъуыддаджы. Кæддæр йæ иу æмдзæвгæйы «Зонын», зæгъгæ, кæй схуыдта, уым афтæ фыста:

Иу бон æгъгъæд у мысынæн,

Иу бон кæндзыстут мæ дзырд,

Уый фæстæ ферох уыдзынæн, –

Ничиуал зондзæн мæ цырт.

4-æм

Фæрæдыд!.. Ирон адæм нæ ферох кодтой сæ уарзондæр хъæбулы. Кæнынц ын кад æмæ намыс.

Къоста йæхи хуыдта дунейы хъæбул, йæ фыдыбæстæ та – æгас дуне. Æфхæрд æмæ барцух адæм кæмдæриддæр уыди, Къоста сæ нымадта йæхицæн уарзон адæмыл, йæ хæсыл нымадта уыдон сæрыл хæцын æмæ дзурын. Æмæ уыцы идейæ уыд æмæ баззад абоны онг дæр поэты ахсджиагдæр фæдзæхст:

Весь мир мой храм,

Любовь – моя святыня

Вселенная – Отечество мое!

Куыд арф акаст Дун-Дунемæ Къоста!

Куыд базыдта уæлæрвты дæр йæ бынат!

Йæ номыл ын ыстъалы дæр ысхуыдтой,

Кæмдæр, бæрзонды рухс калгæ цæры.

1999 азы 15 ноябры æппæт дунеон стъалыты регистр Швейцарийы йæ регистрациты палатæйы чиныгмæ бахаста ног фыст: «В созвездии Дракона открыта сверх новая звезда в 18 час. 24 мин. 48 05 . Имя ей будет – Коста. Эта звезда будет отныне именоваться таким именем».

Диссаджы кадджын хъуыддаг Къостайæн, ирон адæмæн та кады хос, сæрыстыры хос!

Весь мир мой храм

Любовь – моя святыня

Вселенная – Отечество мое!

Ацы сæрыстыр ныхæстæ Къостайæн уыдысты йæ царды æмæ йæ поэзийы сæйраг мидис, йе ’хсæнадон архайды пафос рæстагæй æвдыст кæм æрцыдысты, ахæм формулæ.

Къоста адæмты æфсымæрдзинадыл канд йæ поэтикон æмæ публицистон сфæлдыстады нæ дзуры. Уый йæ царды дæр уыд, адæмты æфсымæрдзинады идеал бæрзонд чи хаста, ахæм адæймаг. Уый тынг хæларæй цард йæ бирæ æмбæлттимæ. Уыдоны æхсæн уыдысты канд Ирæттæ нæ, фæлæ уырыссæгтæ, гуырдзийæгтæ, украинæгтæ, сомихæгтæ, дзуттæгтæ, асыйæгтæ, кæсгæттæ, цæцæйнæгтæ, хъæрæсейæгтæ, бердзенæгтæ æмæ бирæ æндæр адæмы минæвæрттæ.

Я не пророк… В безлюдную пустыню

Я не бегу от клеветы и зла…

Разрушить храм, попрать мою святыню

Толпа при всем безумье не могла.

Я не ищу у сильных состраданья,

Не дорожу участием друзей…

Я не боюсь разлуки и изгнанья,

Предсмертных мук, темницы и цепей…

Везде, для всех я песнь свою слагаю,

Везде разврат открыто я корю

И грудью грудь насилия встречаю,

И смело всем о правде говорю.

На что друзья, когда все люди братья,

Когда везде я слышу их привет?

При чем враги, когда во мне прорклятья

Для злобы их и ненависти нет?

В тюрьме ясней мне чудится свобода,

Звучнее песнь с бряцанием цепей,

В изгнанье я дороже для народа,

Милее смерть в безмолвии степей…

При чем толпа? Ничтожная рабыня

Пустых страстей – дерзает пусть на все!

Весь мир – мой храм, любовь – моя святыня,

Вселенная – отечество мое…

1894

Къоста цæргæсау стахт Кавказы хæхты бæрзæндтæй. Фæлæ йæ хъуыды дардыл зилахар кодта – æгас дунейы тыгъдæдты æмæ кæмдæриддæр æфхæрд адæм уыд, уыдон хъысмæтимæ дзырдта йæ зæрдæ…

Я смерти не боюсь, – холодный мрак могилы

Давно манит меня безвестностью своей,

Но жизнью дорожу, пока хоть капля силы

Отыщется во мне для родины моей…

Я счастия не знал, но я готов свободу,

Которой я привык, как счастьем, дорожить,

Отдать за шаг один, который бы народу

Я мог когда-нибудь к свободе проложить.

Нæ поэтæн иууыл æнæуынон уыдысты национ хæрамдзинад æмæ къуындæгдзинады æнкъарæнтæ, хъуыдытæ æмæ архæйдтытæ. Уый бæрзонд хаста адæмты хæлардзинад æмæ æфсымæрдзинады тырыса æмæ йæ ныффæдзæхста раззаг аивадæн, стæй, фыццаджы та, махæн, йæ фæдонтæн, æмæ йæ мах дæр хъуамæ дарæм сыгъдæг, хæссæм бæрзонд æмæ нæ зæрдыл дарæм æдзух йе ’нæмæлгæ фæдзæхст:

Цæйут, æфсымæртау, раттæм нæ къухтæ

Абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ.

Скæнæм нæ тырыса, дзыллæйы номæй,

Рухсмæ æнæзивæг цомут æнгомæй!

13


Адрес публикации: https://www.prodlenka.org/metodicheskie-razrabotki/378999-kosta-nhi-kosta

Свидетельство участника экспертной комиссии
Рецензия на методическую разработку
Опубликуйте материал и закажите рецензию на методическую разработку.
Также вас может заинтересовать
Свидетельство участника экспертной комиссии
Свидетельство участника экспертной комиссии
Оставляйте комментарии к работам коллег и получите документ
БЕСПЛАТНО!
У вас недостаточно прав для добавления комментариев.

Чтобы оставлять комментарии, вам необходимо авторизоваться на сайте. Если у вас еще нет учетной записи на нашем сайте, предлагаем зарегистрироваться. Это займет не более 5 минут.

 

Для скачивания материалов с сайта необходимо авторизоваться на сайте (войти под своим логином и паролем)

Если Вы не регистрировались ранее, Вы можете зарегистрироваться.
После авторизации/регистрации на сайте Вы сможете скачивать необходимый в работе материал.

Рекомендуем Вам курсы повышения квалификации и переподготовки
Курсы повышения квалификации