- Курс-практикум «Педагогический драйв: от выгорания к горению»
- «Формирование основ финансовой грамотности дошкольников в соответствии с ФГОС ДО»
- «Патриотическое воспитание в детском саду»
- «Федеральная образовательная программа начального общего образования»
- «Труд (технология): специфика предмета в условиях реализации ФГОС НОО»
- «ФАООП УО, ФАОП НОО и ФАОП ООО для обучающихся с ОВЗ: специфика организации образовательного процесса по ФГОС»
Свидетельство о регистрации
СМИ: ЭЛ № ФС 77-58841
от 28.07.2014
- Бесплатное свидетельство – подтверждайте авторство без лишних затрат.
- Доверие профессионалов – нас выбирают тысячи педагогов и экспертов.
- Подходит для аттестации – дополнительные баллы и документальное подтверждение вашей работы.
в СМИ
профессиональную
деятельность
Урочы темæ: «Æмбалы хорзæх уæ алкæй дæр уæд!» «Нымæцонты нысаниуæг». 6 кълас
1. Бацамонын ахуырдзаутæн нымæцоны нысаниуæг, йæ грамматикон æууæлтæ, æрдзурын ирон нымады хуызтыл.
2. Ахуыр кæнын сывæллæтты царды æцæг æмбал равзарыныл. Гуырын кæнын уарзондзинад ирон æгъдæуттæм.
3. Ныхасы рæзтыл бакусын.
Урочы фæлгонц: интерактивон фæйнæг, презентаци, ахуыргæнæн чингуытæ, зарджытæ.
Муниципалон бюджетон иумæйагахуырадон уагдон
Дегъуаты В.М. номыл 38-æм ( бирæвæрсыг) астæуккаг иумæйагахуырадон скъола
Урочы темæ: «Æмбалы хорзæх уæ алкæй дæр уæд!» «Нымæцонты нысаниуæг».
6 кълас

Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнӕг
Кцойты Зæлинæ
Урочы нысан:
Бацамонын ахуырдзаутæн нымæцоны нысаниуæг, йæ грамматикон æууæлтæ, æрдзурын ирон нымады хуызтыл.
Ахуыр кæнын сывæллæтты царды æцæг æмбал равзарыныл. Гуырын кæнын уарзондзинад ирон æгъдæуттæм.
Ныхасы рæзтыл бакусын.
Урочы фæлгонц: интерактивон фæйнæг, презентаци, ахуыргæнæн чингуытæ, зарджытæ.
Урочы цыд.
Бацæттæгæнæн хай.
Ахуырдзаутыурочыархайынмæсразæнгардкæнын.
(мотивационуавæр)
Ахуыргæнæг: - Уæбонхорз,сывæллæттæ!Тынг æхсызгонмынууæуынд!Мæзæрдæуынзæгъы,цæмæйуынацыурок æрхæссациндзинад æмæ æнтыстдзинæдтæ.
Абоннæурокмæцызæрдæйыуагимæ æрбацыдыстут,ахæмсмайликтæматетрадыбыдыртыланывкæнут, æмæнæурокрайдайæм.
Ныр-таафыссутабонынымæц, æмæбакæсæмнæурочыэпиграф:
Æмбæлттыфарнæй
хохдæрнæры,
Æмбæлттыфарсмæ
амондцæры.
(Чеджемты Æ.)
-Хъуысызарæг «Æмбалызæрдæ»(Чеджемты Æ.)
Ахуыргæнæг:Куыдуæмкæсы,сывæллæттæ,абоннæурочыцæуылдзурдзыстæм,цыуыдзæннæныхасысæр?
Дзуапп:Абонмахдзурдзыстæм æмбал æмæ æмбалдзинадыл.
Ахуыргæнæг:Растзагътат,нæабоныурочымахдзурдзыстæм æцæг æмбалдзинадыл.Нæтемæтау: «Æмбалыхорзæхуæалкæйдæруæд!»
Нæфыдæлтæдзырдтой,зæгъгæ,мулкмæмакуыбахæлæгкæн,мулкухъæдысыфтæр.Уалдзыгонрæсугъду,фæлæфæззæджыазгъæлы. Æмæуымæгæсгæсæцæстымулкæйкадджындæруыд æмбалдзинад.Уыдонагуырдтойсæхицæнахæм æмбæлттæ,кæцытæмлæгдзинад, æхсар,ныфс, æгъдаууыдыстыбæрзонд æвæрд.
Ахуыргæнæджыфарст: - Сымахтакуыд æмбарут æцæг æмбалдзинад? Дзуапп: -Адæймагæнйæзæрдæйæнадджынчиуа,хæстæгдæр æмчиуа,аргъынчикæназындзинадыдæр æмæциныдæр,уыйу æцæг æмбал.
Фарст:-Цавæрсинонимтæ æрхæссæнисдзырд «æмбал»-мæ?
Дзуапп:- Æрдхорд,хæлар, æмгар,лымæн.
Фарст:-Антонимтæ та?
Дзуапп:- Знаг, фыдгул.
Фарст:- Сымахæй алкæмæн дæр ис æмбал? Цавæр миниуджытæй хайджын хъуамæ уа æмбал?
Дзуапп: Æмбал хъуамæ уа æгъдауджын, дзыхылхæст, æфсармджын, цæстуарзон, æнæхин, хæларзæрдæ, сыгъдæгзæрдæ.
Ахуыргæнæг: Ацы дзырдтæн ма ныффыссут сæ антонимтæ:
Æгъдауджын - æнæгъдау
кадджын - æгад
цæстуарзон - æдзæстуарзон
сыгъдæгзæрдæ - саузæрдæ
зондджын - æдылы
хæларзæрдæ - фыдзæрдæ
æнæхин – хинæйдзаг
хъæбатыр - тæппуд
æфсармджын – æнæфсарм
Фарст:-Цавæр адæймаг уæ нæ хъæуид æмбалæн?
(Сывæллæтты дзуæппытæ):
Ахуыргæнæг:- Æмбалдзинад тынг кадджын уыд скифтæм дæр.Уый тыххæй нæм бæлвырд æвдисæн баззад историйы.
Скъоладзаутæ дзурынц таурæгъ: «Дандамид æмæ Амизок»
Ахуыргæнæджы фарст:- Цавæр æнкъарæнтæ уæм сæвзæрын кодта ацы таурæгъ?
Дзуапп:- Æцæг æмбал никуы ницы бавгъау кæндзæн йе’рдхордæн, суанг ма йæ цард дæр.
Ахуыргæнæг:- Æркæсæм ма дзырд «æмбал»- æн йæ равзæрдмæ.(Слайд)
Дзырды этимологи (æм+бал) къорд, раздæр нысан кодта балцы цæуыны æмбал.
III. ИА фæйнæгыл фыст æмбисæндтæ:
Ахуыргæнæг:-Бакасут ма æмбисæндтæ æмæ сын бамбарын кæнут сæ хъуыды.
Фондзыссæдз сомæй фондзыссæдз лымæны – хуыздæр.
Бирæ мулкæй бирæ лымæн хуыздæр у.
Хорз æмгар зын сахат сбæрæг вæййы.
Дыууæ æфсымæрæй арс дæр тæрсы.
Æнæ æмбалæй куывдмæ дæр ма цу.
Авд фæндагыл куы ацæуай,уæд авд æмбалы ссардзынæ.
Ахуыргæнæг:- Цы ис иумæйагæй бæрæггонд дзырдты?
Цы амонынц ацы хъуыдыйæдты дзырдтæ: фондзыссæдз, авд, дыууæ?
Дзуапп:-Бæрæггонд дзырдтæ нысан кæнынц предметтæн сæ бæрц, сæ нымæц.
Ахуыргæнæг:-Раст та загътат,ацы дзырдтæ сты , абон цы ног ныхасы хай базондзыстæм,уыимæ баст.
Уæдæ ма раттут базон-базонæн дæр дзуапп:
Номдарæн йæ хыгъд æвдисын,
Стæй йæ рæнхъæвæрд дæр раст,
Иуварс дзы мæхи нæ исын,
Алкæддæр дæн йемæ баст.
( Гаппуаты Хъ)
Дзуапп:- Уый у - Нымæцон.
Ахуыргæнæг: - Базыдтам та нæ грамматикон темæ дæр -Нымæцон.(Слайд)
Ныффыссут ма йæ уæ тетрæдты.
Абон нæ урочы базондзыстæм нымæцонæн йæ нысаниуæг, йæ грамматикон æууæлтæ, æрдзурдзыстæм ирон нымады хуызтыл.
( 3 Слайд)

Равзарын таблицæ. Сбæрæг кæнын нымæцонты грамматикон æууæлтæ (ома, кæй амоны нымæц, предметты бæрц, кæнæ сæ фæтк, цалæм сты ранымады, рæнхъы, уый. Зæгъын хъуыдиады кæй вæййы цавæрдæр уæнг: сæйрат, бæрæггæнæн, æххæстгæнæн).
IV. Чиныгимæ куыст.
1. Раиртæст бакæсын.
2. Сæххæст кæнын фæлтæрæн 218.
V.Къордты куыст.
1. Фыццаг къорд бæрцон нымæцонтæй аразы рæнхъон нымæцонтæ.
2. Дыккаг къъорд бæрцон нымæцонтæй аразы дихон нымæцонтæ.
1, 4, 10, 15, 20, 24, 36, 39, 42, 49, 50, 68.
Ныффыссын сæ номдартимæ бастæй.
VI. Ахуыргæнæг: - Абон ма нæ урочы дзурдзыстæм ирон адæмы нымады хуызтыл.
- Зæгъут ма, цал нымады хуызы зонут ирон адæмма?
( Иртасджыты дзуæппытæ )
Алы рæстæджы дæр нæ рагфыдæлтæм уыди тынг бирæ нымады хуызтæ. Махмæ дзы æрхæццæкъæйттæй нымад. (Бакæсын Цæрукъаты Алыксандры æмдзæвгæ «Къæйттæй нымад»).
Сæдæтæй нымад. Кæсæм скъуыддзаг Нарты кадджытæй:
- «Уырызмæг нын загъта: Рарвитут мын ахæсты аргъ: сæда-сæдæ иусион галтæ, сæдæ-сæдæ дыууæсионтæ, сæдæ-сæдæ æртæсионтæ…»
Дæсгæйттæй æмæ ссæдзгæйттæй нымад

Ахуыргæнæджы фарст:- Кæцы нымадæй арæхдæр пайда кæнæм? Цæмæн?
Дзуапп:- Дæсгæйттæй нымадæй, уымæн æмæ у æнцондæр æмæ тагъддæр.
Ссæдзгæйттæй нымад фæзынд егъаудæр нымæцтæй пайда кæнын куы бахъуыдис,уæд. Фыццаг фæзынд Индийы, стæй ахæлиу Ныгуылæн бæстæтыл. Нæ фыдæлтæ ацы нымад райстой фыццаг æмæ йæ иннæтыл ахæлиу кодтой.
Дæсгæйттæй нымад фæзынд адæмы культурæйы рæзтимæ, егъаудæр нымæцонтæй арæхдæр пайда кæнын куы бахъуыдис,уæд.Уый нын фадат радта цыфæнды нымæцонтæ фыссынæн,стæй алыхуызон арифметикон операцитæ кæнынæн. Фыццагдæр фæзынд Индийы, уымæн æмæ уым уыдис культурæйы тæккæ рагондæр артдзæстæй иу.Нæ рагон фыдæлтæ уыдысты, ацы системæ фыццагдæр чи райста æмæ йæ иннæ адæмтыл чи хæлиу кодта, уыцы адæмтæй.
VII.Æрмæг бафидар кæнын:
Лæвæрд нымæцонтæ зæгъут дæсгæйттæй æмæ ссæдзгæйттæй нымады хуызты.
22, 36 ,41, 50, 55, 70, 80, 90, 92, 109, 129, 271, 345 ,1966.
VIII. Аулæфт.
Ахуыргæнæг:- Ирон адæммæ ис тынг цымыдисаг нымæцтæ. Ныр иугыццыл аулæфæм æмæ байхъусæм нæ иртасджыты къордтæм:
Фыццаг къорд æмбырд кодта æрмæг нымæцон 3- йыл.
Дыккаг къорд та нымæцон – 7- ыл.
(Къордтæ бацæттæ кодтой хъусинæгтæ, цыбыр презентацитæ.)
IX. Фæйнæгыл атасындзæг кæнын: æртæ чъирийы, авд сæры.
Фарст:-Куыд тасындзæг кæнынц бæрцон нымæцонтæ номдаримæ бастæй æмæ æнæ номдартæй?
Дзуапп: - Номдаримæ бастæй тасындзæггæнгæйæ ивы æрмæст номдар. Æнæ номдарæй тасындзæг кæнынц номдары хуызæн.
Ахуыргæнæг:- Ныр та иу гыццыл анымайæм .
Бакæсут æмдзæвгæ. Ахъуыды кæнут æмæ зæгъут уæ дзуапп. (ИАФ - ыл равдисын)
Нæй дзæбæх хæларæн аргъ,
У мæнæн Бæтæ зынаргъ:
Радта мын æнгузтæ ‘ хсай,
Адон, дам, дæуæн мæ хай.
Бахордтон дзы æз фынддæс,
Аппæрстон æмбыдтæ дæс.
Ма скæнут мæ фарстыл бустæ,
Цал ма мæм ис ныр æнгузтæ?
Ахуыргæнæг:-Хынцинаджы ссарут нымæцонтæ,зæгъут, цы нысан кæнынц æмæ сын фæбæрæг кæнут сæ хуыз.
- Ссарут ма автор æмдзæвгæйы сæйраг хъуыды цы рæнхъыты равдыста, уыдон, æмæ сæ бакæсут.
Дзуапп:- Нæй дзæбæх хæларæн аргъ,
У мæнæн Бæтæ зынаргъ.
Ахуыргæнæг:- Куыд æй æмбарут?
Дзуапп:- Царды хæзнатæй иу у æмбалдзинад. Хорз æмбал уымæй хорз нæу, æмæ дын æхсай æнгузы ратдзæн, фæлæ дæ зыны дæр æмæ дæ цины дæр дæ фарсмæ чи’ рбалæудзæн.
Ахуыргæнæг:- Тынг хорз ныхæстæ загътат. Нæ абоны царды æцæг æмбал ссарын зындæр у,уымæн æмæ æрыгон фæсивæдæй бирæтæ сæхи æвзæр дарынц, тынг бирæ æвзæр митæ кæнынц.
Æмбал кæмæн нæй, уый та мæгуыр у. Гъемæ уын мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй уæ алкæй дæр хорз æмбалы хорзæх уа! Уымæн æмæ æмбæлтты фарнæй хох дæр нæры, уыдоны фарсмæ амонд цæры!
(Хъуысы æмбалы зарæг)
X. Дзуæппытæн аргъ скæнын.
XI. Хæдзармæ куыст.
1. Сахуыр кæнын раиртæст.
2. Лæвæрд æмбисæндтæй иуæн йæ хъуыды райхал.
Адрес публикации: https://www.prodlenka.org/metodicheskie-razrabotki/513636-urochy-tem-mbaly-horzh-u-alkj-dr-ud-ny
БЕСПЛАТНО!
Для скачивания материалов с сайта необходимо авторизоваться на сайте (войти под своим логином и паролем)
Если Вы не регистрировались ранее, Вы можете зарегистрироваться.
После авторизации/регистрации на сайте Вы сможете скачивать необходимый в работе материал.
- «Содержание и методы преподавания учебного предмета «Кубановедение» по ФГОС НОО»
- «Государственная политика в области образования»
- «Государственные закупки в сфере образования»
- «Содержание и методы психологической работы с проявлениями травмы и посттравматического стрессового расстройства (ПТСР)»
- «Разработка и реализация АООП и ООП основного общего и среднего общего образования в соответствии с ФГОС»
- «Организация деятельности лагеря с дневным пребыванием»
- История и обществознание: теория и методика преподавания в образовательной организации
- Учитель-методист в образовательной организации. Содержание методического сопровождения реализации общеобразовательных программ
- Теоретические и практические аспекты оказания экскурсионных услуг
- Физическая культура. Педагогическая деятельность по проектированию и реализации образовательного процесса
- Теория и методика преподавания географии в образовательной организации
- Организация деятельности советника директора по воспитанию

Чтобы оставлять комментарии, вам необходимо авторизоваться на сайте. Если у вас еще нет учетной записи на нашем сайте, предлагаем зарегистрироваться. Это займет не более 5 минут.