- Курс-практикум «Педагогический драйв: от выгорания к горению»
- «Труд (технология): специфика предмета в условиях реализации ФГОС НОО»
- «ФАООП УО, ФАОП НОО и ФАОП ООО для обучающихся с ОВЗ: специфика организации образовательного процесса по ФГОС»
- «Специфика работы с детьми-мигрантами дошкольного возраста»
- «Учебный курс «Вероятность и статистика»: содержание и специфика преподавания в условиях реализации ФГОС ООО и ФГОС СОО»
- «Центр «Точка роста»: создание современного образовательного пространства в общеобразовательной организации»
Свидетельство о регистрации
СМИ: ЭЛ № ФС 77-58841
от 28.07.2014
- Бесплатное свидетельство – подтверждайте авторство без лишних затрат.
- Доверие профессионалов – нас выбирают тысячи педагогов и экспертов.
- Подходит для аттестации – дополнительные баллы и документальное подтверждение вашей работы.
в СМИ
профессиональную
деятельность
Ныхасы рæзтыл куыст
Ныхасы рæзтыл куыст
Р А З Н Ы Х А С
Мадæлон æвзаг ахуыр кæныны сæйрагдæр хæстæй иу у скъоладзауты ныхасы рæзтыл куыст. Ныхасы рæзтыл куысты нысаниуæг уæлдай бæрзонд æмæ ахадгæ у абетæ ахуыр кæныны рæстæг. Ацы афон стыр фæд ныууадзы сывæллоны миддунейы, ныффидар вæййы йæ зондахасты. Уымæ гæсгæ раст системæмæ гæсгæ арæзт куыст æнæмæнг фæзындзæн сæ ныхасы хъæдыл.
Сусæггаг нæу, ныхасы рæзтыл куыст куыд арæзт цæуы, уымæй кæй аразгæ у скъоладзауы дарддæры ахуыры хæрзхъæддзинад, хъомылады æмвæзад. Ацы хатдзæгмæ раджы æрцыд К.Д. Ушинский дæр. Уый нымадта: «Мадæлон æвзаг у зонындзинæдтæ райсыны æмæ сæ фæлтæртæм дарддæр адæттыны иунæг фæрæз. Ахуырдзау уыцы хотыхæй пайда кæнынммæ куы нæ арæхса, уæд ын тынг зын уыдзæн дарддæр ахуыр кæнын».
Цæмæй 1-аг къласы ахуырадон-хъомыладон куыст иувæрсыг ма уа, уый тыххæй хъæуы кæсын æмæ фыссыны агъоммæ сывæллæтты ныхасы рæзтыл афтæ бакусын, цæмæй сын сæ алыварсы царды хуымæтæгдæр фæзындтæ бæстондæр раргом уой. Уымæй уæлдай ма архайын хъæуы, сывæллæтты ахуырмæ разæнгард чи кæны, ахæм хъомыладон куыстытæ фылдæр кæныныл.
Фæлæ практикæ куыд æвдисы, афтæмæй ирон æвзаджы урокты абетæ ахуыр кæныны рæстæг ныхасы рæзтыл куысты уавæртæ иууыл хæрзхъæд не сты: не 'ххæст кæнынц сæ размæ æвæрд коммуникативон нысантæ. Уымæ гæсгæ райдайæн скъолайы ахуырдзаутæн мæгуыр у сæ дзырдуат, нæ арæхсынц хи хъуыдытæ æргом кæнынмæ, нæ зонынц искæй хъуыдытæ фæлхат кæнын.
Иумæйаг методикæйы скъоладзауты ныхасы рæзтыл куыст фæрæвдздæр кæнынæн амонынц алыхуызон дидактикон хъæзтытæ, ныхасы-тематикон уроктæ, текст æвзарын æмæ хи текст аразынимæ баст фæлтæрæнтæ.
Ацы фарстамæ райдайæн скъолайы фаг хъусдард кæй нæ цæуы, уымæй бацамонæн ис ахуырдзауты баст ныхасы лæмæгъдзинæдтæ дæр. Кæцыфæнды грамматикон æрмæгыл кусгæйæ дæр, абетæ ахуыр кæныны рæстæг та мыр æмæ дамгъæ амонгæйæ, дзырд æмæ хъуыдыйады æмбарынадыл кусгæйæ, ахуыргæнæг хъуамæ сывæллæтты 'ргом здаха тексты, ома баст ныхасы мидæг ын цы ахадындзинад ис, уымæ. Æрмæст уæд банкъардзæн ахуырдзау æвзаг æмæ ныхасы иудзинад, сæ бастдзинад.
Ныхасы арæзт, тексты амады сусæгдзинæдтæ хъуамæ 'взаджы урокты иртæстгонд цæуой бæлвырд системæмæ гæсгæ. Урокæй-урокмæ дзурын хъæуы хъуыдыйæдты бастдзинады мадзæлттыл тексты мидæг, тексты хæйтты дихдзинадыл, текст аивгæнæн мадзæлттыл, сæ функционалон нысаниуæгыл.
Ныхасы рæзтыл куыст хъуамæ арæзт цæуа бæлвырд системæмæ гæсгæ: пайда кæнын хъæуы, куыд цæттæ тексты бындурыл æххæстгæнинаг аналитикон фæлтæрæнтæй, афтæ, ахуырдзауты хи текст аразыныл чи 'фтауы, ахæмтæй дæр.
Скъоладзауты баст ныхасы рæзтыл куыст æххæст кæнын хъæуы суанг абетæ кæсын-фыссын ахуыр кæныны рæстæг, цæмæй сæ мадæлон æвзаджы тыххæй фыццаг зонындзинæдтæ исгæйæ, фæфиппайой йæ арæзты 'гъдæуттæ, фæцалх уой сæ хъуыдытæ раст æмæ аивæй æргом кæныныл.
Абетæ ахуыр кæныны рæстæг ныхасы рæзтыл кусыны фарстатæ хаст æрцыдысты ирон æвзаг æмæ литературæйы ног программæтæм, афтæмæй та сыл бæстон бакусынæн фаг мадзæлттæ арæзт нæма 'рцыд.
Ранымад уавæртæ амонынц дипломон куысты актуалондзинад, йæ нысаниуæг 6-7 аздзыд скъоладзауты ныхасы рæзтыл бакусынæн.
Темæйыл кусгæйæ, нæ размæ æвæрдтам ахæм хæстæ:
-æрдзурын ныхасы рæзтыл кусыны наукон-методикон бындуртыл;
- сбæрæг кæнын дзургæ æмæ фысгæ ныхасыл кусыны уавæртæ абетæ ахуыр кæныны рæстæг;
- бацæттæ кæнын, æвзаджы урокты ныхасы рæзтыл бакусынæн æххуыс чи фæуыдзæн, ахæм фæлтæрæнты системæ, бавзарын æй эксперименталон æгъдауæй.
I. НЫХАСЫ РÆЗТЫЛ КУСЫНЫ ТЕОРЕТИКОН БЫНДУРТÆ
Ныхасы рæзтыл кусыны психологон-педагогон бындуртæ
Термин «н ы х а с» æвзæрст цæуы цалдæр хуызы, у цалдæр предметы (наукæйы) æмбарынад: фембæлæн ыл ис лингвистикон, психологион (психолингвистикон) методикон литературæйы.
Лингвисттæ «ныхас» æвзарынц æвзаджы теорийы фарстатимæ æмбастæй. Уыдонæн æвзаг у «материалон иуæгты системæ, адæмæн сæ кæрæдзиимæ ныхас кæныны хотых; ныхас та – æвзаджы æрмæгæй йæ æгъдæуттæм гæсгæ арæзт фæзынд, ис ын бæлвырд мидис, æвдисы æнкъарæнтæ, хъуыдытæ, зæрдæйы сагъæстæ æмæ бæллицтæ æмæ а.д. …» (Головин В.Б.). Уыимæ «ныхас æмæ æвзаг ныхмæвæрд нæ цæуынц. Ныхас у, «æвзаг цæй фæрцы цæры æмæ рæзы, уыцы мадзал».
Ацы хъуыдыйæн ис стыр методикон ахадындзинад. «Æвзаг» æмæ «ныхас» сты æнгом баст æмбарынæдтæ. Æвзагзонынадыл æнцой кæнгæйæ, методикæ иртасы æвзаджы системон ивддзинæдтæ, йæ иуæгты функционалон нысаниуæг, æвзаджы авналæнты тых.
Психологтæ æмæ психолингвисттæ ныхас æвзарынц куыд адæймаджы архæйдтыты хицæн хуыз, хъуыдыты равзæрды æмæ сæ раргом кæныны формæ. А.А. Леонтьевмæ гæсгæ ныхас у мидхъуыдыты рахызт дзургæ кæнæ фысгæ ныхасмæ. (Леонтьев А.А. Психолингвистические единицы и порождение речевого высказывания. – М., 1969.). Психологи ныхас ахуыр кæны куыд психологион фæзынд, йæ къабаз. Психологтæ сæ хъус фылдæр дарынц мидныхас æмæ æддаг ныхасы фарстатæм, сæ бастдзинадмæ; иртасынц ныхасы дзургæ æмæ фысгæ хуызтæ, адæймаджы ныхасы хицæндзинæдтæ, ныхас æмæ хъуыдыты бастдзинады фарстатæ æмæ а.д.
Ныхас куыд ахуырадон предмет, йæ нысаниуæг æмæ ахадындзинад иртасынц æрмæст методисттæ. Термин «н ы х а с ы р æ з т» дæр æнгом баст у методикон иртæстытимæ. Кæд психологтæ дæр пайда кæнынц ацы терминæй, уæддæр ын уыдон æвзарынц æрмæст йæ райрæзты этаптæ, æвзаджы фарстатыл кусæг методисттæ та ныхасы рæзтыл кусыны фарстатæм кæсынц ахуырадон-методикон цæстæй. Термин «ныхасы рæзт» иртæстгонд цæуы педагогикæйы дæр, уымæн æмæ комкоммæ баст у ахуырадон-хъомыладон куыстимæ.
Æвзаджы методикæ иртасæг ахуыргæндтæ сбæрæг кæнынц, скъоладзаутæ æвзаг ахуыр кæнгæйæ цы къуылымпытыл æмбæлынц, уыдон, сæ аиуварсгæныны мадзæлттæ, скъоладзауты ныхасы рæзтыл куыст фæрæвдздæр кæныны мадзæлттæ. Лингвистикæ æмæ психологийыл æнцой кæнгæйæ, методисттæ кæнынц хатдзæг: ц æ у ы л æ м æ к у ы д ахуыр кæнын хъæуы сывæллæтты, цæмæй раст, аив æмæ мидисджын ныхас кæныныл фæцалх уой, уый тыххæй. Методикæ иртасы, н ы ха с ы р æ з т ы л к у ы с т к у ы д а р а з ы н хъ æ у ы, ома ахуыргæнæджы куыст куыд хъуамæ арæзт уа, цæмæй рæза скъоладзауты дзургæ æмæ фысгæ ныхас.
Н ы х а с ы р æ з т ы л к у ы с т мадæлон æвзаджы урокты баст у, ахуыргæнæг скъолайы æвзаджы программæ (грамматикæ, дзырдарæзт, лексикæ, растфыссынад æмæ а.д.) амонгæйæ цы сæрмагонд куыст кæны, уыимæ. Ныхасы рæзтыл куыст æвзаджы урочы арæзт у скъоладзауты æвзаджы нормæтимæ (растдзурынады, лексикон, морфологион, синтаксисон) зонгæ кæнынмæ, ахуырдзауты дзургæ æмæ фысгæ ныхас аразгæйæ хи хъуыдытæ æргом кæныныл ахуыр кæнынмæ; ныхасы нысан, йæ мидис æмæ ныхас кæимæ цæуы, уый хынцгæйæ, æвзаджы мадзæлттæй раст пайда кæнын зонынмæ.
Скъоладзауты ныхасы рæзтыл бакусынæн раргом кæнын хъæуы канд æвзаджы арæзты сусæгдзинæдтæ нæ, фæлæ уыцы иуæгтæй ныхасы мидæг пайдагонд кæд æмæ цавæр уавæрты цæуы, уый дæр. Иумæйагæй зонын хъæуы ныхасы архæйдтыты теоретикон бындуртæ, ныхасы райрæзты фарстатæ дæр. Æппæт ацы фæзилæнтыл дæр дзуры психолингвистикæ.
Райдайæн скъолайы ахуырдзауты ныхасы рæзтыл ахадгæдæрæй бакусынæн æнæмæнг зонын хъæуы ныхас аразыны психофизиологон бындуртæ. Куыд бафиппайдтам, афтæмæй нырыккон лингвистикæйы ацы фарста у тынг актуалон. Методикæ æмæ психолингвистикæйы бирæ ахуыргæндтæ (Л.С. Выготский, Н.И. Жинкин, И.А. Зимняя, А.А. Леонтьев, А.Р. Лурия, М.Р. Львов æмæ а.д.) архайдтой æмæ архайынц скъолайы ахуыртæ фæрæвдздæр кæнынæн, сабийы йæ мадæлон кæнæ æндæр æвзаг базонынмæ цыбæл кæнынмæ ахадгæдæр чи у, ахæм мадзæлттæ бацагурыныл. Кæцы фæнды æвзаджы методикæйæн дæр та йæ ратæдзæн, йæ бындур у психолингвистикæ. Стыр æххуыс сты ахуыргæндты хъуыдытæ, сæ хатдзæгтæ скъолайы ахуыртæ фæахадгæдæр кæнынæн.
Цæмæн ма хъæуы сабийы мадæлон æвзагыл ахуыр кæнын, кæд æмæ скъоламæ бацæуыны агъоммæ дæр йæ хъуыдытæ зæгъынмæ фæарæхсы, уæд? Ацы фарстайæн ахуыргæндтæй биноныгдæр дзуапп радта зындгонд уырыссаг психолингвист Л.С. Выготский. Ахуыргондмæ гæсгæ, саби æцæгæй дæр скъоламæ бацæуыны размæ фæарæхсы дзурынмæ. Уый йæхимæ айсы, йæ алыварс цы хистæртæ ис, уыдоны ныхас. Ныхасы фæрцы йын хистæртæ бацамонынц царды хуымæтæгдæр æмбарынæдтæ. Фæлæ зæрдыл даринаг у Л.С. Выготскийы ахæм хатдзæг: «Саби скъоламæ бацæуыны размæ йæ мадæлон æвзаг базоны æрмæст интуитивон æгъдауæй. Уый йын банкъары йæ ад, йæ хицæндзинæдтæ, йе структурон фæзилæнтæ. Фæлæ æппæт ацы зонындзинæдтæ райсы æмæ сæ фæпайда кæны механикон æгъдауæй, ома æнæ ’взаргæйæ, сæ арæзты сусæгдзинæдтæм хъус нæ даргæйæ. Скъолайы та фæцалх вæййы мадæлон æвзаджы иуæгтæй æмбаргæйæ пайда кæныныл». Ацы хатдзæг комкоммæ баст у ныхасы рæзтыл кусыны методикæимæ, скъолайы ахуыргæнджытæн у зæрдыл даринаг.
Æрхъуыдыйаг у, нырыккон методикæйы ныхас адæймаджы архайдыл нымад кæй у, уый. Кæцы фæнды архайдæн дæр ис бæлвырд нысан, йæ райдайæн баст цæимæ у, ахæм аххосæгтæ. Ома, адæймаг хуымæтæджы нæ бавналы цавæр фæнды куыст æххæст кæнынмæ, йæ баххæст кæнынмæ йæ сразæнгард кæнынц царды уавæртæ, уыдон æй фæцагайынц, базмæлын кæнынц. Бæлвырд нысан равзаргæйæ, адæймаг фæтырны йæ сæххæст кæнынмæ, фæхъуыды кæны, куыд æмæ йæ цæмæй сæххæст кæндзæн, ууыл.
Афтæ у ныхас кæныны хъуыддаг дæр. Ныхас кæнынмæ дæр, куыд кæцыфæнды архайд сæххæст кæнынмæ, скъоладзауы хъæуы сразæнгард кæнын. Фæцагайын ын хъæуы йæ хъуыдытæ, йе ’нкъарæнтæ, раздахын æй хъæуы ныхасы темæмæ, хъуамæ йын уый суа цымыдисон, бафтауа йæ хъуыдытыл. Скъоладзауы хъуыдыты хал арæхстджынæй сбæттын фæхъæуы ныхасы темæ æмæ сæйраг хъуыдыимæ.
Куыд бафиппайдтам, афтæмæй ныхас кæнын нырыккон методикæйы нымад у дыууæрдæм арæзт архайдыл. Нымады цæуынц, ныхас кæмæй цæуы, ома дзурæг, æмæ ныхас кæмæ арæзт у (хъусæг), уыцы субъекттæ. Афтæмæй ныхас нымад у дывæрдыг процессыл. Равдисæн æй ис ахæм схемæйы хуызы:
Цæмæй ныхасы рæзтыл куыст ахадгæдæр уа, уый тыххæй скъоладзауты ахуыр кæнын хъæуы канд хи ныхас аразын нæ, фæлæ ма искæйы ныхасмæ хъусын, раст æй æнкъарын.
Урочы ныхасы рæзтыл кусгæйæ æргом здахын хъæуы ныхасы уавæр аразынмæ. Ныхасы уавæр саразын фæхъæуы ныхасы темæмæ гæсгæ. Ома, ныхас цы темæйыл цæуы, уый раргом кæнынæн ахуыргæнæджы хæуы темæимæ баст дидактикон æрмæг бацæттæ кæнын, темæйы алыварс афтæ бакусын, цæмæй скъоладзау разæнгардгонд цæуа ныхасы архайынмæ. Скъоладзауæн цымыдисон куы уа ныхасы темæ, куы йын фæцагайа йæ зæрдæ, уæд æй бафæнддзæн темæйы бындурыл хи хъуыдытæ раргом кæнын дæр. Ам зæрдыл дарын хъæуы, цардæгас уавæрты адæймаг хуымæтæджы кæй нæ фæдзуры, йæ ныхасæн æнæмæнг кæй вæййы амидингæнджытæ (мотивтæ). Ахуыртæ æдзух не ’рцæуынц арæзт цардæгас нывты бындурыл, скъоладзау нæ вæййы хуымæтæг коммуникативон уавæры, æмæ йæм нæ сæвзæры барвæндонæй ныхасы архайынмæ тырнындзинад.
Ныхасы фæрцы адæймаг фергом кæны йæхи кæнæ æндæр искæйы хъуыдытæ, æнкъарæнтæ (йæхæдæг куы фæдзуры, уæд), базонгæ вæййы искæйы хъуыдытæ, æнкъарæнтимæ (искæй ныхасмæ куы фæхъусы, уæд). Афтæмæй, ныхас цæмæн, цæй тыххæй арæзт цæуы, уыцы аххосаг у хъуыды. Ныхасы архайды мадзалыл нымад у æвзаг, - ныхас уый фæрцы æргомгонд цæуы. Адæймаг йæ мидхъуыды раргом кæны иу кæнæ цалдæр хъуыдыйадæй (дзырд æмæ дзырдбастæн дæр ам вæййы æххæст хъуыдыйады функцитæ), æнгом баст текстæй, кæцытæ нымад сты ныхасы архайды фæстиуджытыл, йæ нысаныл.
Хъуыдытæ æргом кæнынæн æмæ искæй ныхас æмбарынæн хорз зонын хъæуы æвзаджы иуæгтæ, сæ структурон арæзт. Фæлæ æвзаджы иуæгтæ хорз зонын фаг нæу, ныхасгæнæг сæ хъуамæ арæхса ныхасы уавæртæм гæсгæ раст пайда кæнынмæ, ома хорз зонгæ уа сæ функционалон нысаниуæг, сæ ахадындзинадимæ. Цыбыр дзырдæй, æвзаг æмæ ныхас сты æнгом баст. Æвзаджы иуæгтæ скъоладзауæн амонын хъæуы, ныхасы мидæг сæ кæм, куыд æмæ цавæр уавæрты пайда кæнын хъæуы, ууыл дзургæйæ.
Уымæй уæлдай ма сывæллоны фæцалх кæнын хъæуы канд хи ныхасмæ нæ, фæлæ ма йæ дзурæг æмбалы ныхасмæ дæр хъус дарыныл, хи æмæ искæй ныхасы рæдыдтытæ иртасыныл, сæ раст кæныныл.
Райдайæн скъолайы ахуырдзауты ныхасы рæзтыл куысты психолингвистикон бындуртæ равзаргæйæ скæнæн ис ахæм хатдзæг:
1) мадæлон æвзаджы урочы иудадзыгдæр аразын хъæуы, сабиты ныхас кæнынмæ разæнгард чи кæны, ахæм уавæртæ;
2) ныхасы рæзтыл куыстытæн аразын хъæуы цардæгас бындуртæ. Скъоладзау хъуамæ æнкъара йæ ныхасы ахадындзинад: кæмæ йын арæзт у, чи йæм хъусы, кæй хъæуы;
3) ныхасы рæзтыл куыст цæмæй ахадгæдæр уа, уый тыххæй:
а) парахатдæр кæнын хъæуы скъоладзауты дунеæмбарынад, рæзын сæм кæнын цымыдиcдзинад, фæцалх сæ кæнын сæ алыварсы цардмæ цæст дарыныл;
æ) райдайæн скъолайы ахуырдзаутæн æвзаджы иуæгтæ амонын хъæуы сæ функционалон нысаниуæгмæ хъус даргæйæ, æвзаджы иуæгтæй ныхасы уавæртæм гæсгæ раст пайда кæнын куыд хъæуы, уый æвдисгæйæ.
Ранымад хатдзæгтæ сты райдайæн скъолайы ныхасы рæзтыл куысты бындуртæ, суанг абетæ кæсын-фыссын ахуыр кæнгæйæ, уый фæстæ та æвзаджы грамматикон темæтыл кусгæйæ æнæмæнг зæрдыл дарын кæй хъæуы, ахæмтæ.
Ныхасы рæзтыл кусыны хицæндзинæдтæ.
Скъоладзауты ныхасы рæзтыл кусыны фарстатæ ахадгæ кæй сты, ууыл дзурынц бирæ методисттæ. Суанг XIX æнусы кæрон æмæ XX æнусы райдайæны уырыссаг методисттæн сæ раззагдæртæ иууылдæр хуыздæрыл нымадтой сывæллонæн æппæты фыццагдæр йæ ныхасы рæзтыл бакусын.
Зындгонд ахуыргонд-педагог К.Д. Ушинский сывæллонæн йæ хъуыдыкæнынад рæзынимæ æнгом баста йæ ныхасыл куыст дæр. Зындгонд ахуыргонды хъуыдытæ актуалон сты абоны методикæйы дæр. «Скъолайы ахуырты сæйрагдæрыл нымайын хъæуы сывæллоны зонд, йæ хъуыдыкæнынад рæзын кæнын, уыимæ баст сты дзургæ æмæ фысгæйæ хи хъуыдытæ æргом кæнынмæ арæхсын, ахуыр кæнынмæ бæллын æмæ уды хъæды сыгъдæгдзинадыл куыст», - фыста К.Д. Ушинский.
Сусæггаг нæу, ныхасы рæзтыл куыст куыд арæзт цæуы, уымæй кæй аразгæ у скъоладзауы дарддæры ахуыры хæрзхъæддзинад, хъомылады æмвæзад. Ацы хатдзæгмæ раджы æрцыд К.Д. Ушинский дæр. Уый нымадта: «Мадæлон æвзаг у зонындзинæдтæ райсыны æмæ сæ фæлтæртæм дарддæр адæттыны иунæг фæрæз. Ахуырдзау уыцы хотыхæй пайда кæнынммæ куы нæ арæхса, уæд ын тынг зын уыдзæн дарддæр ахуыр кæнын».
Ахуыргонд иумæйагæй дæр стыр хæсыл нымадта мадæлон æвзаг хъахъхъæнын. Йæ педагогон куыстытæй иуы мадæлон æвзаджы нысаниуæгыл дзургæйæ фыста: «Цалынмæ адæмон æвзагыл адæм дзурынхъом уой, уæдмæ цæрдзысты адæм. Æмæ адæмæн сæ фыдæлтæй, æнæкæрон бирæ фæлтæртæй чи баззад, уыцы бынтæ, уыцы исбон (ома æвзаг) айсынæй æвирхъаудæр тыхми нæй. Адæммæ цыдæриддæр ис, уый сын байс – уæддæр та сæ ногæй раздахдзысты, фæлæ сын байс се 'взаг æмæ йæ ногæй нал сараздзысты». Æмæ ма ноджыдæр: «Адæмæн се 'взаг куы фесæфа, уæд сæхæдæг дæр нал уыдзысты». Номдзыд уырыссаг педагогы хъуыдытæ зæрдылдаринаг сты абоны фæлтæртæн, уæлдай æххæстгæнинаг – ахуыргæнджытæн, сывæллоны зæрдæмæ мадæлон æвзаджы ад чи хæццæ кæны, уыдонæн.
Сывæллон дзургæйæ хъуамæ зынæй ма агура дзырдтæ кæрæдзиуыл бæттынæн, ма тыхса, иу дзырдæй иннæмæй ивын куы бахъæуа, уæд уымæй. Цыбырдзырдæй, алы хъуыдыйæн дæр йæ аккаг дзырд ссарын æнцонæй фæраза.
Нырыккон скъолайы дæр стыр ахадындзинæд ис ныхасы рæзтыл куыстæн. Кæд æмæ райдайæн скъолайы 2-4 кълæсты дæр æвзаджы æрмæг амонгæйæ æгъгъæд не сты, ныхасы рæзтæн дзы цы мадзæлттæ вæййы, уыдон, уæд 1-аг къласы та кæсын æмæ фыссын базоныныл ис бирæ фыдæбон, ацы куыст ахсы дæргъвæтин рæстæг, æмæ ныхасы рæзтыл архайд аууоны аззайы (Гуыриаты М.).
Цæмæй 1-аг къласы ахуырадон-хъомыладон куыст иувæрсыг ма уа, уый тыххæй хъæуы кæсын æмæ фыссыны агъоммæ сывæллæтты ныхасы рæзтыл афтæ бакусын, цæмæй сын сæ алыварсы царды хуымæтæгдæр фæзындтæ бæстондæр раргом уой. Уымæй уæлдай ма архайын хъæуы, сывæллæтты ахуырмæ разæнгард чи кæны, ахæм хъомыладон куыстытæ фылдæр кæныныл.
Ныхасы рæзтыл куысты сæйрагдæр нысантæ бæрæггонд æрцыдысты суанг XIX-XX æнусты (Ф.И. Буслаев, К.Д. Ушинский) æмæ абоны онг дæр ма нæ фесæфтæй сæ ахадындзинад.
Фыццаг нысан – скъоладзауы удыхъæд, йæ миддуне райрæзыныл кусын, мадæлон æвзагмæ (ныхасмæ) уарзондзинад гуырын кæнын.
Дыккаг нысан – скъоладзауы алыхуызон ныхасы уавæрты архайынмæ разæнгард кæнын.
Æртыккаг нысан – ахуырдзауы æвзаджы иуæгтæй арæхстджынæй пайда кæныныл фæцалх кæнын: дзурын, хъусын, кæсын, фыссын; базонгæ йæ кæнын æвзаджы каллиграфи æмæ орфоэпийы, орфографи æмæ пунктуацийы æгъдæуттимæ; сфæлтæрын æй, хъуыды раргом кæнынæн цы дзырд хъæуы, уый раст æмæ тагъд ссарыныл, хи раныхас логикон æмæ композицион æгъдауæй раст аразыныл.
Цыппæрæм нысан – сывæллæтты базонгæ кæнын, сæ мадæлон æвзагыл фыст фольклорон æмæ аив литературон уацмыстимæ, сæ аивадон мадзæлттимæ.
Фæндзæм нысан – скъоладзауты фæцалх кæнын æвзаджы авналæнтæй хибарæй пайда кæныныл; хи ныхасы хæрзхъæддзинадыл кусыныл, фæаивдæр, фæхъæздыгдæр æй кæныныл.
Ранымад нысантæ сты æнгом баст, иумæйагæй æххæстгæнинаг. Зæрдылдаринаг сты канд программæтæ æмæ чингуыты автортæн нæ, фæлæ алы ахуыргæнæгæн дæр.
1-аг къласы ныхасы рæзтыл кусыны х æ с т æ ранымад нысантæм гæсгæ рахицæнгæнæн ис афтæ:
1) ахуырмæ цы сывæллæттæ æрбацыд, уыдоны ныхасы рæдыдтытыл куыст, сæ раст кæныныл архайд;
2) сывæллæтты ныхасы рæзтыл дарддæр кусын.
Фыццаг хæсмæ гæсгæ куыст арæзт у:
- мыртæ раст дзурын фæцалх кæнынмæ,
- сывæллæтты дзырдуат сбæрæг кæнынмæ,
-скъоладзаутæ хъуыдыйæдтæ аразынмæ куыд арæхсынц, уый раиртасынмæ,
- фыццагкъласонты ныхасы архайынмæ разæнгард кæнынмæ.
Скъоладзауты мыртæ раст дзурыныл фæцалх кæнынæн ахуырты рæстæг пайдагонд цæуы алыхуызон тагъддзуринæгтæй, фонетикон зарядкæтæй, мырфæзмæнтæй æмæ а.д. Дзырдбæстытæ æмæ хъуыдыйæдтæ раст дзурын ахуыр кæнынæн хорз æххуыс сты цæсгæмттæм гæсгæ хъæзтытæ. Ныхасы темпыл бакусынæн пайдагонд цæуы тагъддзуринæгтæй, ныхас кæнгæйæ раст улæфын фæцалх кæнынæн – мыртæ зарын, ивазын (æндах ивазæгау); хъæлæс бæрзонддæр (бæзджындæр) кæнынæн – мырфæзмæнтæ (науы гудок, цæрæгойты уаст, поезды уынæр æмæ а.д.); фонематикон хъусынад райрæзынæн – дидактикон хъæзтытæ «Базон, цавæр мыр у», «Хъæугæ мыримæ дзырд ссар», æмæ æнд.; ныхасы аивдзинадыл бакусынæн – къласы чысыл æмдзæвгæтæ ахуыр кæнын (ахуыргæнæджы аив кастмæ гæсгæ).
Сывæллæтты дзырдуат, йæ бæрц æмæ хæрзхъæддзинад бæрæггонд цæуы ахæм мадзæлтты фæрцы: хъуыдыйады иннæ дзырдтæм гæсгæ хъæугæ дзырд ссарын (Цæй, цæуыл ыл дзурæм дард, ис нæ пецы мидæг … (арт).); номдартæ æмæ номивджытæ кæрæдзиуыл бæтгæйæ дзырдбæстытæ аразын (Кæй чиныг у? Мæ чиныг); миногонтæй ныхасы мидæг пайда кæнын (Цæмæй арæзт у предмет? Хъæдын кърандас). Дзырдуаты хъæздыгдзинад сбæрæг кæнынæн æххуыс сты алыхуызон беседæтæ, нывмæ гæсгæ куыстытæ (Предмет цæмæн хъæуы? Цавæр у? Цæмæй конд у? Чи йæ скодта?); сывæллæттæн сæхи æмæ сæ бинонты царды уагимæ баст беседæтæ.
Скъоладзаутæ хъуыдыйæдтæ аразынмæ куыд арæхсынц, уый раиртасынæн амынд цæуынц хæслæвæрдтæ: бакаст текст (аргъау, радзырд) хи ныхæстæй радзурын, темæтæ «Мæ бинонтæ», «Мæ уарзон хъазæн», «Нæ хæдзар» æмæ æнд. гæсгæ хи хъуыдытæ радзурын.
Фыццагкъласонты ныхасы архайынмæ разæнгард кæнынæн ис ахæм мадзæлтты фæрцы: скъоладзауты ахуыр кæнын ныхасмæ хъусын (ахуыргæнæджы фарст сфæлхат кæнын, дзырд уæнгтыл дих кæнын (алы уæнджы кæрон дæр æмдзæгъд кæнын); тагъддзуринаг, æмдзæвгæ, кæнæ 2-4 хъуыдыйадæй арæзт прозаикон текст иумæ дзурын. Ахуыргæнæджы кæнæ æмбалы ныхасмæ лæмбынæгдæр хъусыныл ахуыр кæнынц хæслæвæрдтæ: Зæгъ, кæцы дзырд у даргъдæр калм æви уаллон; цы ис иумæйагæй дзырдтæм уидыг – хъæрмхуыпп, уырыдзы – цæхæрадон; фартон хъуыдыйадыл æнцой кæнгæйæ дзуапп бацæттæ кæнын.
Д ы к к а г х æ с – фыццагкъласонты ныхасы рæзтыл дарддæр кусын æххæстгонд цæуы кæсын-фыссын ахуыр кæнгæйæ.
Методикæйы раст арæзт ныхасыл нымад у, мидисджын, хъуыдытæ логикон æгъдауæй баст кæм сты, бæлвырддзинад кæм ис, ахæм. Ранымад миниуджытæ сты ныхасы размæ цы домæнтæ æвæрынц, уыдон. Бæлвырдгонд сты, ныхас кæнынæн цы уавæртæ аразын хъæуы, уыдон дæр: ныхас цæуыл цæудзæн, уыцы æрмæг; ныхасы архайынмæ фæндондзинад; æвзаджы мадзæлттæй пайда кæнынмæ арæхсын.
Цæмæй 1-аг къласы скъоладзауты ныхасы рæзтыл куыст ахадгæдæр уа, уый тыххæй æнæмæнг æххæстгæнинаг сты ахæм домæнтæ:
1. Ныхасы рæзтыл кусыны урок цæттæ кæнгæйæ, ахуыргæнæг хъуамæ сбæлвырд кæна, урочы ныхас цæуыл цæудзæн, ома, цæимæ базонгæ уыдзысты ахуырдзаутæ, цавæр арæхстдзинæдтыл хъуамæ фæцалх уой практикон æгъдауæй. Ацы нысан амоны урочы композицион арæзт: йæ хæйттæ, хæйтты ’хсæн бастдзинад; цавæр æрмæгæй пайдагонд цæудзæн урочы; цавæр методикон мадзæлттæй, куысты хуызтæй амынд цæудзæн æрмæг, цавæр дзуæппытæ хъуамæ раттой скъоладзаутæ.
Урок цæттæ кæнгæйæ, ахуыргæнæг бæлвырд нысæнттæ æвæры куыд йæхи, афтæ сывæллæтты размæ дæр.
2. Скъоладзауты ныхас фæхъæздыгдæр кæнынæн æмæ ма ноджыдæр урочы бацæттæгæнæн рæстæгæй хуыздæр спайда кæнынæн æххæстгæнæн ис алыхуызон цымыдисон куысты хуызтæ:
- ранымайын, сæ нысаниуæг æмхуызон (ныхмæвæрд) кæмæн у, ахæм дзырдтæ;
- дзырдты ’хсæн ссарын уæлдай дзырд; зæгъын, цæмæн у уæлдай;
- дамгъæтæ аивын, цæмæй нæм ног дзырд рауайа;
- бацамонын дзырды нысаниуæг (дамгъæтæй иу баивгæйæ: баз – хъаз);
- зæгъын, цавæр нысаниуæджы фæпайда кæнæм сæ растфыссынад æмхуызон кæмæн у, ахæм дзырдтæй (хид, сис);
- уыци-уыци базонын;
- дзырдбыд баххæст кæнын.
3. Рагацау ахъуыды кæнын урочы æрмæгыл. Æрмæг хъуамæ дзуапп дæтта ахæм домæнтæн:
а) æппæт куысты хуызтæ дæр хъуамæ уой иу ныхасы темæмæ гæсгæ («Абеты» чиныджы темæтæ – «Не скъола», «Нæ кълас», «Хæдзарон мæргътæ», «Хъæддаг сырдтæ» æмæ а.д.;
æ) алы урочы дæр скъоладзаутæ хъуамæ базонгæ уой 1-5 ног дзырдимæ. Урокмæ сæ æрбахæссы Зондаби, кæнæ та хинæйдзаг Сырдон, бацамонын сæ фæхъæуы синонимтæ кæнæ антонимты фæрцы, хъуыдыйады (къаннæг тексты) мидæг æвæрдæй, нывмæ гæсгæ;
б) урочы пайдагонд цæуа æмбисæндтæ æмæ загъдаутæй – ирон ныхас аивгæнæн мадзæлттæй – æххуыс сты куыд ныхасы рæзтæн, афтæ хъомыладон куыстæн дæр. Спайдагæнæн ис базырджын ныхæстæй дæр;
в) урочы хъуамæ æмбæлой, скъоладзауты этикетон ныхасимæ чи зонгæ кæны, сæ хъомыладон нысаниуæг бæрзонд кæмæн у, ахæм дзырдтæ, дзырдбæстытæ æмæ хъуыдыйæдтæй (бахатыр кæн, дæ хорзæхæй, бузныг, æмæ а.д.);
г) урокмæ æрбахæссын хъæуы, скъоладзауты диалогон ныхасы рæзтыл чи кусы, ахæм куысты хуызтæ. Диалогон ныхас у баст ныхасы хуымæтæгдæр хуызыл. Диалогон ныхасыл фæцалхгæнæн мадзæлттæ:
- фарсты хъуыды æмбарын кæныныл куыст;
- фарстæн дзуапп бацæттæ кæнын;
- фарст раст раттыныл ахуыр кæнын;
- цæсгæмттæм гæсгæ хъазт аразын;
гъ) скъоладзауты ахуыр кæнын хи хъуыдытæ æргом кæныныл: предметон нывы æрфыст саразын, дидактикон хъæзтытæ æххæст кæнгæйæ.
Абетæ кæсын-фыссын ахуыр кæныны рæстæг стыр куыст цæуы хъуыдыйад аразыныл. Хъуыдыйадимæ баст фæлтæрæнтæ амынд цæуынц «Абеты» чиныджы дæр. Фæлæ, махмæ гæсгæ, ацы куыст хъæуы фæпарахатдæр кæнын. Хъуыдыйадыл ахадгæдæрæй бакусынæн пайдагæнæн ис ахæм куысты хуызтæй:
- хъуыдыйад фæдаргъдæр кæнын;
- хъуыдыйад кæронмæ ахæццæ кæнын;
- дзырдты рæнхъæвæрд аивын (сраст кæнын);
- хуызæгмæ гæсгæ хъуыдыйад саразын;
- фарстæн ддзуапп раттын;
- хъуыдыйад фæхъæздыгдæр кæнын лæвæрд дзырдтæй æмæ а.д.
Баст ныхасы рæзтыл бакусынæн хорз æххуыс сты ахæм куысты хуызтæ:
- уæгъдибар диктант;
- текст хъуыдыйæдтыл дих кæнын, раст хъæлæсы уагæй сæ кæсын;
- æнцойгæнæн дзырдтæй пайда кæнгæйæ радзырд саразын;
- сюжетон нывтæм гæсгæ радзырд саразын;
- тексты сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын, сæргонд ын æрхъуыды кæнын;
-текст йæ райдайæнмæ гæсгæ (кæронмæ гæсгæ, пъланмæ гæсгæ, фæрстытæм гæсгæ) баххæст кæнын;
- тексты ссарын, йæ хъуыдыимæ баст чи нæ у, ахæм хъуыдыйад (хъуыдыйæдтæ), æмæ а.д.
Абетæ кæсын-фыссын ахуыр кæныны рæстæг скъоладзауты ныхасы рæзтыл кусыны теоретикон бындуртæ равзаргæйæ, скодтам ахæм хатдзæгтæ:
1. Райдайæн скъолайы ахуырдзауты ныхасы рæзтыл ахадгæдæрæй бакусынæн æнæмæнг зонын хъæуы ныхас аразыны психофизиологон бындуртæ.
2. Ныхас кæнынмæ дæр, куыд кæцы фæнды архайд сæххæст кæнынмæ, скъоладзауы хъæуы сразæнгард кæнын.
3. Цæмæй 1-аг къласы ахуырадон-хъомыладон куыст иувæрсыг ма уа, уый тыххæй хъæуы кæсын æмæ фыссыны агъоммæ сывæллæтты ныхасы рæзтыл афтæ бакусын, цæмæй сын сæ алыварсы царды хуымæтæгдæр фæзындтæ бæстондæр раргом уой.
4. Фыццаг къласы ахуырдзауты ныхасы рæзтыл кусыны х æ с т æ сты:
1) ахуырмæ цы сывæллæттæ æрбацыд, уыдоны ныхасы рæдыдтытыл куыст, сæ раст кæныныл архайд;
2) сывæллæтты ныхасы рæзтыл дарддæр кусын.
Ныхасы рæзтыл кусыны нысантæ, хæстæ, амынд методикон мадзæлттæ æмæ ранымад хатдзæгтæ бындур аразынц, дарддæр нæ куысты цы практикон куысты хуызты кой цæудзæн, уыдонæн.
Адрес публикации: https://www.prodlenka.org/metodicheskie-razrabotki/516893-nyhasy-rztyl-kuyst
БЕСПЛАТНО!
Для скачивания материалов с сайта необходимо авторизоваться на сайте (войти под своим логином и паролем)
Если Вы не регистрировались ранее, Вы можете зарегистрироваться.
После авторизации/регистрации на сайте Вы сможете скачивать необходимый в работе материал.
- «Организация профессиональной деятельности социального педагога в соответствии с ФГОС ООО и ФГОС СОО»
- «Преподавание английского языка в соответствии с требованиями ФГОС НОО»
- «Преподавание учебного предмета «Музыка» в соответствии с требованиями ФГОС ООО от 2021 года»
- «Преподавание биологии по ФГОС ООО и ФГОС СОО: содержание, методы и технологии»
- «Образовательная программа дополнительного образования детей»
- «Учебно-воспитательная работа со школьниками в соответствии с ФГОС»
- Теоретические и практические аспекты деятельности по реализации услуг (работ) в сфере молодежной политики
- Педагогика и методика преподавания английского языка
- Содержание и организация профессиональной деятельности педагога-дефектолога
- Руководство и управление организацией дополнительного образования детей
- Основы менеджмента в образовательной организации
- Профессиональная деятельность музыкального руководителя дошкольной образовательной организации

Чтобы оставлять комментарии, вам необходимо авторизоваться на сайте. Если у вас еще нет учетной записи на нашем сайте, предлагаем зарегистрироваться. Это займет не более 5 минут.