- Курс-практикум «Педагогический драйв: от выгорания к горению»
- «Труд (технология): специфика предмета в условиях реализации ФГОС НОО»
- «ФАООП УО, ФАОП НОО и ФАОП ООО для обучающихся с ОВЗ: специфика организации образовательного процесса по ФГОС»
- «Специфика работы с детьми-мигрантами дошкольного возраста»
- «Учебный курс «Вероятность и статистика»: содержание и специфика преподавания в условиях реализации ФГОС ООО и ФГОС СОО»
- «Центр «Точка роста»: создание современного образовательного пространства в общеобразовательной организации»
Свидетельство о регистрации
СМИ: ЭЛ № ФС 77-58841
от 28.07.2014
- Бесплатное свидетельство – подтверждайте авторство без лишних затрат.
- Доверие профессионалов – нас выбирают тысячи педагогов и экспертов.
- Подходит для аттестации – дополнительные баллы и документальное подтверждение вашей работы.
в СМИ
профессиональную
деятельность
Урок по главным членам предложения: развиваем грамотность и логическое мышление
Сывӕллӕттӕм гуырын кӕнын тырнындзинад зонындзинӕдтӕм. Стыр аргъ кӕнын, зонады бӕрзонд къӕпхӕнмӕ чи схызт, уыдонӕн.
Логикон хъуыдыкӕнынад рӕзын кӕнын.
Урочы хуыз Рацыл æрмæг фæлхат кæнын æмæ ног зонындзинæдтæ гом кæныны урок.
Урочы ахуырадон фæстиуджытæ Предметон: предметӕй ног зонындзинӕдтӕ райсын, текстæй хъæугæ информаци райсын
Метапредметон: Урочы ахуырадон хæс æмбарын æмæ йæ зæрдыл дарын, хатдзæгтæ кæнын, архайды пълан аразын, фæстиуджытæн рагацау прогноз кæнынмæ арæхсын ,хи хъуыдыты бындурыл иумæйаг хатдзæгтæ кæнын, иннæты хатдзæгтимæ сæ барын.
Удгоймагон: ӕмбарын ахуырады стыр ахадындзинад, интеллектуалон ӕмӕ сфӕлдыстадон миниуджытӕ рӕзын кӕныны мидӕг,йӕ нысаниуӕг иумӕйаг ахуырадон процессы, ныхасы аивдзинадыл кусын.
Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 8-æм къласы
Темӕ: «Зондӕй хъӕздыг – удӕй хъӕздыг».
Грамматикон темӕ: Кӕронбӕттӕн урок хъуыдыйады уӕнгтӕй.
Урочы нысантӕ | Хъуыдыйады уӕнгтыл бӕстондӕр бакусын, аив ӕмӕ интонацион æгъдауæй раст кæсыныл ахуыр кæнын, тексты ссарыныл сæ ахуыр кæнын. Сывӕллӕттӕм гуырын кӕнын тырнындзинад зонындзинӕдтӕм. Стыр аргъ кӕнын, зонады бӕрзонд къӕпхӕнмӕ чи схызт, уыдонӕн. Логикон хъуыдыкӕнынад рӕзын кӕнын. |
Урочы хуыз | Рацыл æрмæг фæлхат кæнын æмæ ног зонындзинæдтæ гом кæныны урок. |
Урочы ахуырадон фæстиуджытæ | Предметон: предметӕй ног зонындзинӕдтӕ райсын, текстæй хъæугæ информаци райсын Метапредметон: Урочы ахуырадон хæс æмбарын æмæ йæ зæрдыл дарын, хатдзæгтæ кæнын, архайды пълан аразын, фæстиуджытæн рагацау прогноз кæнынмæ арæхсын ,хи хъуыдыты бындурыл иумæйаг хатдзæгтæ кæнын, иннæты хатдзæгтимæ сæ барын. Удгоймагон: ӕмбарын ахуырады стыр ахадындзинад, интеллектуалон ӕмӕ сфӕлдыстадон миниуджытӕ рӕзын кӕныны мидӕг,йӕ нысаниуӕг иумӕйаг ахуырадон процессы, ныхасы аивдзинадыл кусын. |
Ахуыры методтӕ ӕмӕ формӕтӕ | Индивидуалон, фронталон, къордгай куыст |
Метапредметон бастдзинӕдтӕ | Литературӕ, ӕхсӕнадон царды зонындзинӕдтӕ |
Техникон фӕрӕзтӕ | Компьютер, мультимедийон проектор |
Цӕстуынгӕ ӕрмӕг | Презентаци урокмӕ ,текст, тест, ӕмбисӕндтӕ. |
Урочы эпиграф: | «Зонды фӕндаг даргъ» |
Урочы организацион структурӕ
Урочы сӕйраг этаптӕ ӕмӕ нысантӕ | Ахуыргæнæджы архайды мидис | Скъоладзауы архайды мидис | Универсалон ахуырадон архайд |
Зонындзинæдтæ райсыныл архайды мотиваци | -Уӕ бон хорз! Абон уӕм ӕз афтидӕй не’рбацыдтӕн. Ӕрбахастон уын ӕнгузтӕ (Ахуыргӕнӕг уары сывӕллӕттӕн ӕнгузтӕ). Ӕнгуз у рагон зайӕгой. Махмӕ ӕрбахаудта хурыскӕсӕйнаг бӕстӕ Иранӕй. Хуыдтой йӕ уӕздан мыггӕгты хӕринаг. Рагзаманӕй абонмӕ ӕнгуз нымад цӕуы ахӕм зайӕгойыл, кӕцы хуыздӕр кусын кӕны сӕры магъз. Уӕрӕсейы йӕ куы базыдтой, уӕд ӕй схуыдтой «царский». Зӕгъут ма, цӕй хуызӕн уӕм кӕсы ӕнгуз сыгъдӕгӕй? - Раст. Магъз та тыхсын кӕнын хъӕуы! Хъуамӕ кусгӕ кӕна. Уӕдӕ ӕнгуз хӕссы пайда,ӕнӕниздзинад. Ахуыргӕндтӕ ӕрцыдысты диссаджы хатдзӕгмӕ.Не’нгуылдзты цъуппыты ис нервыты кӕрӕттӕ, ӕмӕ сӕ хъӕуы цырынкӕнын(стимулировать),цӕмӕй магъз хуыздӕр куса. Аратул-батул ма кӕнут уе’нгузтӕ уӕ армы тъӕпӕны. Уадз ӕмӕ туг ӕрцӕуа нӕ къухтӕм, ӕнӕниздзинад фӕхуыздӕр уа, хиӕнкъарынад фӕарфдӕр уа ӕмӕ уе’нтыстдзинӕдтӕ фӕбӕрзонддӕр уой. уой. | Урокмӕ цӕттӕдзинад ӕвдисынц - Адӕймаджы магъзы хуызӕн Хъусынц ахуыргӕнӕгмӕ, аразынц ахуыргӕнӕгимӕ диалог. | Нысан: зӕрдӕхӕлар ахаст кӕрӕдзимӕ Зонадон: ахуыргӕнӕджы ныхасӕй исынц сӕхицӕн ног информации |
Зонындзинæдты актуализаци | Рахизӕм нӕ урокмӕ. Ныртӕккӕ, тест ӕмӕ фӕрстыты фӕрцы, мах нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзыстӕ нӕ фӕстаг урокы цӕуыл дзырдтам, уый. ТЕСТ 1 къорд 1.Ссар рӕдыд. Фадатон дзырдтӕ вӕййынц: 1.Афоны фадат 2.Бынаты фадат 3.Архайды хуызы фадат 4.Ныхмӕвӕрды фадат 5.Ӕфсоны фадат 6.Нысаны фадат Фадатон дзырдтӕ фӕрсдзырдтӕ куы вӕййынц, уӕд зӕгъинагимӕ баст вӕййынц: 1.Ӕмбасты фӕрцы 2.Ӕмарӕзты фӕрцы 3.Ӕфтыдады фӕрцы (6 слайд) Ссар раст хъуыды. Ӕфсоны фадат ӕвдисы. 1.Архайд кӕм цӕуы, уый. 2. Архайд цӕмӕн, цы’фсонӕй цӕуы, уый. 3.Архайд цӕмӕн, цы нысанӕн хъӕуы, уый. 4.архайд куыд фӕцӕуы, уый.(7 слайд) Архайды хызы фадат ӕвдисы. 1.Архайдӕн йӕ афон. 2.Архайд цӕмӕн, цы хъуыддаджы тыххӕй хъӕуы. 3.Архайдӕн йӕ бынат. 4.Архайд куыд фӕцӕуы. Бынаты фадат дзуапп
4. Фӕрстытӕ. 2 къорд Цы хонӕм фадатон дзырдтӕ? Цавӕр хъуыдыйады уӕнг фембарын кӕнынц? Цавӕртӕ вӕййынц сӕ нысаниуӕгмӕ гӕсгӕ фадатон дзырдтӕ? Ранымайын сӕ.
|
Скъоладзаутӕ урочы темӕ дзурынц.
Сывӕллӕттӕ дыууӕ къордыл адих сты. Фыццаг къорд кӕны тест, дыккаг дзуапп дӕтты фӕрстытӕн.
Скъоладзаутӕ дӕттынц фӕрстытӕн дзуапп | Зонадон: ӕмбарынц ахуырадон-зонадон хӕс. Регулятивон: пълан кӕнынц хъӕугӕ архӕйдтытӕн . Коммуникативон: ныхасы раст пайда кӕнынц ӕрбайсгӕ дзырдтӕй. Регулятивон: хи архӕйдтытӕм хъус дарынц Коммуникативон: быцӕу кӕнын зонын, хи хъуыдытӕ ӕргом кӕнынц |
3.Къуылымпытӕ кӕм ӕмӕ цӕмӕн ӕййафдзысты ,уый сбӕрӕг кӕнын Урочы ӕрмӕгыл бакусын Ног ӕрмӕг .
| Бакӕсӕм ма фӕйнӕгыл. Мах нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтам фадатон дзырдтӕ. Алкӕй раз уӕ ис таблица. Алчи дӕр йӕ таблицӕйыл афыссӕд ном ӕмӕ мыггаг. Уӕ хорзӕхӕй, баххӕст ӕй кӕнут.Цавӕр нысантӕ ӕрӕвӕриккат уӕ размӕ? - Хорз. Нысантӕ ӕрӕвӕрдтам. Бамбарын кӕнут ӕмбисӕндты мидис. . Ӕппӕтӕй тыхджындӕр зонд у. Лӕгӕн зонд у фӕндагамонӕг. Адӕймаджы зонд йӕ хъаруйӕ тыхджындӕр у. Зондджын зонд агуры, ӕдылы зонд амоны. Тых уӕд фидар у, ӕмӕ зонд йӕ разӕй куы цӕуа. Зондджын сӕр сӕдӕйы хӕссы, ӕдылы та йӕхи дӕр нӕ хӕссы. Искӕй зондӕй цӕрӕн нӕй Зондыл куыст ахуырай ӕфты. - Раст дзурут. Абон нӕ темӕ у «Зондӕй хъӕздыг – удӕй хъӕздыг». На урочы эпиграф та у«Зонды фӕндаг даргъ». Цы сты темӕ дӕр ӕмӕ эпиграф дӕр? - Зонд у ӕрдзы лӕвар, зонындзинӕдтӕ та сты царды лӕвӕрттӕ. Цӕмӕй фылдӕр кӕной, уый тыххӕй хъӕуы хиуыл кусын. « Куы нӕ дӕ фӕнда, уӕд дӕ зонды фандагыл ничи сараздзӕн, ӕцӕг дӕ цӕмӕй бафӕнда, уый тыххӕй дӕр зонд хъӕуы».(Быгъуылты Къола) - Кусӕм дарддӕр. Къордты уӕнгтӕй алчи дӕр хъуыдыйады уӕнгтӕм гӕсгӕ ӕвзары ӕмбисонд. Фӕйнӕгыл ӕвзӕрст цӕуы дыууӕ вазыгджын хъуыдыйады. (ӕмбисӕндтӕ). 1.Тых уӕд фидар у, зонд йӕ разӕй куы цӕуа. (1 къорд) 2. Зондджын сӕр сӕдӕйы хӕссы, ӕдылы та йӕхи дӕр на хӕссы.(2 къорд)
| Скъоладзаутӕ дӕттынц фӕрстытӕн дзуапп. Скъоладзаутӕ таблицӕйыл кусынц.
Тетрӕдты кусынц, фӕлтӕрӕн кӕнынц Дзурынц цӕуыл сӕ фӕндит бӕстондӕр бакусын. Ӕмбисӕндты мидис ӕмбарын кӕнынц - Алы хъуыддаджы дӕр зондай хъӕуы. - Цӕмӕй зондджын уа адӕймаг,уый тыххӕй йӕхиуыл хъуамӕ куса. - Ӕмбисӕндтӕ. сывӕллӕттӕ дзурынц сӕ хъуыдытӕ). Фӕйнӕгыл ӕмӕ сӕ тетрӕдты ӕвзарынц хъуыдыйӕдтӕ | Зонадон: ахуыргӕнӕджы ныхасӕй исынц сӕхицӕн ног информации, ахуырадон хӕстӕ сӕххӕст кӕныныл архайынц анализы фӕрцы . Коммуникативон: фӕрстытӕ дӕттынц, иннӕты фӕрстытӕн дзуапп дӕттынц. Удгоймагон: ӕмбарынц сӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ сыл фӕуӕлахиз кӕныныл архайынц. Зонадрн: хъӕугӕ информаци ссарынмӕ арӕхсынц Коммуникативон: хи хъуыдытӕ ӕргом кӕнынц. Регулятивон: хи рӕдыдтытӕ раст кӕнынц |
Ӕрмӕг бафидар кӕныныл куыст Текстыл куыст. | - Кӕсӕм текс. Байхъусут ӕмӕ зӕгъут ,цы сӕм ис ӕмхуызонӕй? Хӕрзтӕ дӕр ӕмхуызон нӕ вӕййынц. Ис ахӕмтӕ, ӕмӕ йӕ хӕдзар цудын ницӕмӕй уадзы, архайы йӕ тыхтӕ, йӕ фадатмӕ гӕсгӕ, йӕхи хӕдзарӕн, йӕ бинонтӕн. Ӕндӕр дзы дарддӕр ницы ӕфсарм ис… Уый у хӕдзары лӕг, хӕдзары хорз лӕг, хӕдзардарӕг. Ис ӕндӕр хорз лӕг дӕр. Рох дзы нӕу йӕ хӕдзар уымӕй дӕр, фӕлӕ ма уый хӕдзарӕй дарддӕр стыр пайда у ӕгас хъӕуӕн дӕр, йӕ зонд, йе’фсарм ӕмӕ йе’хсарӕй. Уый у хъӕуы лӕг, хъӕуы хорз лӕг… Ӕгас комы дзыллӕмӕ йӕ зонд, йӕ фӕнд кӕмӕн ӕххӕссы, ӕгас комы рӕсугъд фӕндагыл чи арӕзта, фыдбылызӕй сӕ чи хъахъхъӕдта, уый у комы лӕг, уый у стыр лӕг йӕ дзыллӕйӕн.
Сӕ хъӕумӕ фӕндагыл дыууӕ сыхаджы баиу сты. Кӕрӕдзи афӕрстытӕ кодтой,чи дзы кӕцӕй цӕуы, уымӕй. Кӕстӕр цыд зианӕй,ӕмӕ йӕ хистӕр хынцфарст акодта: - Мард хӕдзары зиан уыд ӕви хъӕуы? - - Уый та куыд ӕмбаргӕ у? - Хорз лӕг йӕ зонд, йе’гъдау ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй вӕййы хъӕуы лӕг, фыццаг ма ахӕмты хуыдтой комы лӕг дӕр,ныр та ис ӕнӕхъӕн Ирыстоны лӕгтӕ дӕр. Ӕмӕ ахӕм лӕгты зианмӕ ӕрцӕуы хъӕубӕстӕ, комбӕстӕ, кӕнӕ ӕппӕт Ирыстонӕй дӕр. Хӕдзары зиан та бавӕрынц хӕстӕг – хиуӕттӕ, сыхӕгтӕ. - Бамбӕрстон! Уӕдӕ ӕз кӕй зианы уыдтӕн, уый хъӕуы лӕг уыд,- дзуапп радта кӕстӕр. Дзырдуатон куыст. Хӕдзардарӕг Хынцфарст 1 къорд
3.Хъуыдыйады уӕнгтӕм гӕсгӕ равзарын: Ис ахӕмтӕ, ӕмӕ йӕ хӕдзар цудын ницӕмӕй уадзы,архайы йӕ тыхтӕ,йӕ фадатмӕ гӕсгӕ, йӕхи хӕдзарӕн,йӕ бинонтӕн. 4.Ссарын орфограммӕтӕ. 2 Къорд 1.Раттын сӕргонд 2.Ссарын сӕйраг уӕнгтӕ ӕмӕ фадатон дзырдтӕ. 3.Хъуыдыйады уӕнгтӕм гӕсгӕ равзарын: Хорз лӕг йӕ зонд, йе’гъдау ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй вӕййы хъӕуы лӕг,фыццаг ма ахӕмты хуыдтой комы лӕг дӕр. 4.Ссарын орфограммӕтӕ. Саразын синквейн дзырд зондимӕ | Хъусынц тексттӕм, фӕрстытӕн дзуапп дӕттынц. Алы къорд дӕр йӕхи текстыл кусы. Сывӕллӕттӕ дзурынц текстмӕ гӕсгӕ сӕ хъуыдытӕ. Ӕххӕст кӕнынц хӕслӕвӕрдтӕ. | Коммуникативон: хи хъуыдытæ æргом кæнын, искæй хъуыдыйæн аргъ кæнын, къорды архайын зонын Зонадон: рацыд æрмæг бафидар кæнын, ног зонындзинæдтæ райсын
Зодадон: хъӕугӕ информац ссарын, хи хъуыдытӕ логикон ӕгъдауӕй равӕрын,хи ныхӕст раст рацаразынмӕ арӕхсын. Регулятивон: хи рӕдыдтытӕ раст кӕнын. Коммуникативон: хи хъуыдытӕ ӕргом кӕнын |
Урочы хатдзӕгтӕ. Рефлекси. Хӕдзармӕ куыст | Ӕхсӕнадон цард бирӕвӕрсыг у. Мӕн фӕнды ӕрлӕууын, зонады бӕрзонд къӕпхӕнмӕ чи схызт, уыдоныл Абайты Васо – профессор, филологон наукӕты дохтыр, дыууӕ хатты сси Хетӕгкаты Къостай премийы лауреат, зындгонд зонадон архайӕг Гуырдзы ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны. Ӕлборты Барысби – фыццаг ирон профессор, филологон наукӕты дохтыр. Бериты Георгий – генерал- мойор,авиаконструктор, Паддзахадон премийы лауреат сси дыууӕ хатты. Гӕбӕраты Никъала – профессор, филологон наукӕты дохтыр. Гуытиаты Тамерлан – зындгонд архитектор, профессор. Туаты Ольга – фыццаг ирон сылгоймаг – профессор ӕмӕ а.д. Уыдонимӕ ма физиктӕ, биолгтӕ, геологтӕ , филологтӕ… Ацы куырыхон адӕмы иу кӕны зонындзинӕдтӕм тырнындзинад. Уыдон канд Ирыстонӕн не скодтой ном, фӕлӕ ныууагътой арф фӕд зонады. Мах дзурӕм ӕрмӕст зонадыл. Фӕлӕ куы’ркӕсӕм ирон адӕмы сгуыхтдзинадмӕ ФСХ, нӕ культурӕйы курдиатджын архайджытӕм, спорты уӕлдӕр ӕнтыстдзинӕдта чи равдыста уыдонмӕ, уӕд ӕй арф банкъарӕм, ирон адӕймаг уӕлахиз кӕны йӕ хъӕбатыр зӕрдӕ ӕмӕ фидардзинадӕй. Цӕмӕй уӕ Ирыстоны лӕгтӕ рауайа, уый тыххай зындзинӕдты раз макуы ӕркъул кӕнут уӕ сӕртӕ. Фацудыдтай,ницы кӕны, дӕ тыхтӕ ӕрбамбырд кӕн ӕмӕ размӕ, ног бӕрзӕндтӕм, уӕлахизмӕ. - ногӕй цы базыдтон урочы; - цавӕр куысты хуызт фӕцыдысты мӕ зӕрдӕмӕ;ӕ; - урочы мӕм цымыдисаг фӕкаст; - къордтӕй хуыздӕр бакуыста. Ныффыссын нывӕцӕн темӕ «Зонды фӕндаг даргъ у». | Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд | Зонадон: хатдзӕгтӕ кӕнынц,исын ног информаци Регулятивон: ӕмбарынц сӕ зонындзинӕдтӕ фаг кӕй не сты. Коммуникативон: дӕттынц фӕрстытӕ, цӕмӕй райсой хъӕугӕ зонындзинӕдтӕ проблемӕ бахынцынмӕ.
Регулятивон: скъоладзаутӕ ӕрцӕуынц хатдзӕгмӕ цы бамбӕрстой, ӕмӕ сӕ куыд дарын хъӕуы хи ӕхсӕнадон царды мидӕг ,цӕмӕ тырнын хъӕуы, Удгоймагон: аргъ кӕнынц зонады ӕбӕрзонд къӕпхӕнмӕ ,чи схызт, Ирыстоны ном ӕмӕ кад чи размӕ ӕк |
Адрес публикации: https://www.prodlenka.org/metodicheskie-razrabotki/552344-glavnye-chleny-predlozhenija
БЕСПЛАТНО!
Для скачивания материалов с сайта необходимо авторизоваться на сайте (войти под своим логином и паролем)
Если Вы не регистрировались ранее, Вы можете зарегистрироваться.
После авторизации/регистрации на сайте Вы сможете скачивать необходимый в работе материал.
- «Техника безопасности в кабинете физики: организация и проведение инструктажа»
- «Этические основы социальной работы»
- «Особенности организации психологической работы с детьми и подростками»
- «Содержание и технологии психолого-педагогического сопровождения семей, воспитывающих детей с ОВЗ»
- «Основные аспекты социальной работы с людьми, затронутыми ВИЧ-инфекцией»
- «Основные аспекты социальной работы с семьями, воспитывающими детей с инвалидностью»
- Педагогика и методика преподавания физической культуры
- Педагогика и методика преподавания технологии
- Менеджмент в образовании
- Педагогика и методика преподавания истории и обществознания
- Преподавание в организации среднего профессионального образования
- Преподаватель среднего профессионального образования

Чтобы оставлять комментарии, вам необходимо авторизоваться на сайте. Если у вас еще нет учетной записи на нашем сайте, предлагаем зарегистрироваться. Это займет не более 5 минут.