Охрана труда:
нормативно-правовые основы и особенности организации
Обучение по оказанию первой помощи пострадавшим
Аккредитация Минтруда (№ 10348)
Подготовьтесь к внеочередной проверке знаний по охране труда и оказанию первой помощи.
Допуск сотрудника к работе без обучения или нарушение порядка его проведения
грозит организации штрафом до 130 000 ₽ (ч. 3 статьи 5.27.1 КоАП РФ).
Повышение квалификации

Свидетельство о регистрации
СМИ: ЭЛ № ФС 77-58841
от 28.07.2014

Почему стоит размещать разработки у нас?
  • Бесплатное свидетельство – подтверждайте авторство без лишних затрат.
  • Доверие профессионалов – нас выбирают тысячи педагогов и экспертов.
  • Подходит для аттестации – дополнительные баллы и документальное подтверждение вашей работы.
Свидетельство о публикации
в СМИ
свидетельство о публикации в СМИ
Дождитесь публикации материала и скачайте свидетельство о публикации в СМИ бесплатно.
Диплом за инновационную
профессиональную
деятельность
Диплом за инновационную профессиональную деятельность
Опубликует не менее 15 материалов в методической библиотеке портала и скачайте документ бесплатно.
05.11.2019

Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг?» Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Ракæс» -мæ гæсгæ

Урочы нысан: Мадӕлон ӕвзагмӕ уарзондзинад гуырын кæнын, Ирыстоны алӕмæттаг ӕрдзмӕ патриотон хъомылад, ахуырмӕ бӕрнон цӕстӕнгас дарын, ахуыр кӕнын хибарӕй куысты хуызтыл, урочы нысан сбӕрӕг кӕнын, ныхасы рӕзтыл бакуыст.
Урочы фӕлгонц: Ирыстоны ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕрдзы нывтӕ, интерактивон фӕйнӕг, карточкæтӕ, презентацион ӕрмӕджытӕ.

1) ахуырадон: уацмысы комплексон анализы бындурыл зæрдыл æрлæууын кæнын грамматикон æрмæг, аивадон мадзæлттæ; уацмысы мидисыл æнцойгæнгæйæ, раргом кæнын æмдзæвгæйы идейæ
2) райрæзтон
ахуыр кæнын царды проблемон уавæртæм хи цæстæнгасæй кæсыныл, хи
хъуыдытæ æдæрсгæ дзурыныл;
3) хъомыладон:
Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинады æнкъарæнтæ æвзæрын кæнын.
Урочы фæлгонц: слайдтæ æмбисæндтимæ, базон-базонтæ æмæ фразеологион дзырдбæстыты хъуыды бацамонынæн.

Содержимое разработки

Пълан

Темæ:«Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг?»

Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Ракæс»-мæ гæсгæ

Оххай-гъе! Не знаг нæ былмæ фæтæры, -

Кадмæ бæлгæйæ æгадæй мæлæм…

Адæмы фарнæй къæдзæх дæр ныннæры, -

Гъе, мардзæ, исчи! – бынтон сæфт кæнæм!..

Хетæгкаты Къоста

Урочы нысантæ:

1)ахуырадон: æмдзæвгæ «Ракæс»-ы мидисыл æнцойгæнгæйæ, раргом кæнын уацмысы идейæ; комплексон анализы бындурыл зæрдыл æрлæууын кæнын грамматикон æрмæг, аивадон мадзæлттæ;

2)райрæзтон: ахуыр кæнын царды проблемон уавæртæм хи цæстæнгасæй кæсыныл, хи хъуыдытæ æдæрсгæ дзурыныл;

3)хъомыладон: скъоладзаутæм гуырын кæнын цымыдисдзинад Къостайы уацмыстæ ахуыр кæнынмæ. Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинады æнкъарæнтæ æвзæрын кæнын.

Урочы фæлгонц: презентаци, киноныв «Къоста»-йæ скъуыддзаг.

Урочы цыд:

I. Бацæттæгæнæн рæстæг.

Уæ бон хорз! Абон нæм уазджытæ æрбацыд , æмæ сын арфæ ракæнæм се ‘рбацыды тыххæй.

Ирмæ рагæй буц у уазæг.

Уазæг – фысымæн йæ цин.

Уымæн нæм фæзæгъынц арæх:

«Уазæг – Хуыцауы уазæг».

II.Мотиваци

1. Зæгъут-ма, райсомæй фестгæйæ, æддæмæ ракæсгæйæ фыццаджыдæр цы фенут? (скъоладзауты дзуæппытæ. (Хæхтæ…)

2. Цавæр æнкъарæнтæ уæм сæвзæрын кæнынц хæхтæ?

-Цыдæр сты тых мæм цыма фæзыны сæ уындæй.

-Мæнæн та мæ зæрдæ цавæрдæй цинæй айдзаг вæййы.

-Æз та сын фæдис кæнын сæ алæмæты рæсугъддзинадыл.

-Æз та æрымысын поэт В.Высоцкийы ныхас «Лучше гор могут быть только горы!..»

Æвæццæгæн, Ирыстонмæ уазæгуаты чи æрбацæуы, кæннод ирон адæмæй бирæ рæстæджы йæ бæстæй дард чи вæййы, уыдон фыццаджыдæр фенынц нæ урссæр, нæ диссаджы рæсугъд хæхтæ.

Куыд кæсын, афтæмæй уе ‘ппæтæн дæр хæхты уынд рæсугъд æнкъарæнтæ йæ зæрдæйы сæвзæрын кæны, ратты цыдæр æнцойдзинад.

Æмæ ахæм зæрдæйы уагимæ нæ урок райдайæм.

(Хъуысы зарæг «Ракæс». Зары Дулаты Земфирæ)

1. Базыдтат зарæджы ныхæстæ?

2. Уæдæ абон цæуыл дзурдзыстæм? (нæ ныхас уыдзæн…….)

III. Ног æрмæг

Ахуыргæнæг. Къоста! Ацы номимæ баст сты ирон адæймаджы рæсугъддæр бæллицтæ, йæ сæрыстырдзинад. Цас æмæ цас хъуыдытæ равзæры ацы ном фехъусгæйæ. «Ирон адæмы сæуæхсид», «нæ цæугæ мæсыг», «нæ культурæйы астæуккаг цæджындз» - ахæм нæмттæй фæхонынц ирон адæм сæ уарзондæр хъæбул Хетæгкаты Къостайы.

1. Зæгъут-ма, Къостайы цавæрæй зонут, цавæр адæймаг уыди?

(скъоладзауты дзуæппытæ).

2. Куыд уæм кæсы, хъæлдзæг адæймаг уыди?

Байхъусæм-ма нæ иртасæгмæ.

IV. Чысыл проектон куыст.

Иртасæг. Къостайы тыххæй тынг бирæ ис зæгъæн, радзурын йæ царды хабæрттæ, йе сфæлдыстады тыххæй. Фæлæ мæн фæндыд базонын Къостайы, куыд адæймаг: йæ сурæт, йæ миддуне, æрвылбоны цавæр адæймаг уыд. Къоста курдиатджын адæймаг кæй уыдис, уый гуырысхойаг нæу, фæлæ хъæлдзæг адæймаг кæй уыдис, уый бирæтæ нæ зонынц. Уый уыдис тынг хъæлдзæг адæймаг. Æз уый базыдтон йæ зонгæтæ, йе ‘мбæлтты мысинæгтæм гæсгæ.

«Пришел Коста, и в доме оживление, смех. Он смеялся раскатисто, говорил громко и весело», - говорит о нем Нина Смирнова.

Зындгонд ирон нывгæнæг Тугъанты Махарбег йæ мысинæгты Къостайы тыххæй афтæ фыста: «Къоста фылдæр хатт дардта бæгæныхуыз, кæнæ та цъæх цухъхъа сау куырæтимæ. Йæ диссаджы сатæг сау сæрыхъуынтæ фæсте зындысты йæ сау худы бынæй. Уый асæй уыдис рæстæмбис адæймаг, нарæгастæу, гуырджын, йæ къахайст дæр уыди рог, уæгъдибар. Стыр сау цæстытæ æдзухдæр зынгау æрттывтой… йæ хъæлæсы уаг уыди зæрдæмæдзæугæ, арф æмæ фæлмæн…».

«Иуахæмы, - фыссы Махарбег, - Шанаты Ибрагимы бинонтæм уыди хъæлдзæгдзинады изæр.

Æппæт уазджыты каст дæр уыдис Къостамæ: уый фынджы уæлхъус экспромтæй дзырдта æмдзæвгæтæ. Йæ цыргъ æмæ хъазæн ныхæстæй хъæлдзæг кодта адæмы се ‘ппæты дæр. Хъæлдзæгдзинады изæрмæ чи æрцыди, уыдонмæ Къостайы кой йеддæмæ ныхас нæ уыди. Райхъуысти музыкæйы цагъд. Хъазт байгом. «Мазуркæ» кафгæйæ, Къоста рахызти се ‘ппæты разæй. Йæ рог фæзылдтытæ æмæ арæхст кафтæй йæхимæ æркæсын кодта æппæт уазджыты дæр. «Мазуркæйы» фæстæ Къоста рахызти «вальсмæ» æмæ æндæр ныгуылæневропæйаг кæфтытæм. Уыцы кæфтыты æхсæнмæ-æхсæнты-иу Къоста æрцæгъдын кодта тымбыл кафты цагъд. Гъе, ахæм уыдис Къоста хъæлдзæгдзинады рæстæджы, цалынмæ ахст нæма æрцыди, уæдмæ».

Лæгæй-лæгмæ йæ хорз чи зыдта, ахæмтæ куыд дзурынц, уымæ гæсгæ Къоста «Æппæтæй æххæст лæгæй сыздæхт Уæрæсейæ Ирыстонмæ 25-аздзыд фидыцджын лæппулæг, дзырдарæхст, цыргъзонд, æппæтмæ æвзыгъд – æгъдау раттынмæ, зарынмæ, кафынмæ, нывгæнæг æмæ поэт, уæнгрог æмæ хъаруджын, курдиаты бæрджытæ уыд йæ алы ныхас, йæ алы хъуыддагыл. Къæлæтыйас, сатæгсау æрттиваг цæстытæ йын æвæджиауы æнгæс лæвæрдтой йæ цæсгомæн. Йæ худ-иу куы систа, уæд-иу худы къуырфæй æркалдысты къæбæлдзыг сæрыхъуынты сау тъыфылтæ». (слайды)

Фыццагдæр Иры адæм афтæмæй федтой Къостайы.

Ахуыргæнæг.

Къоста цардис тызмæг æмæ зын рæстæджы. Уыцы уавæрты йæ цард æппæтæй дæр сбаста адæмы хъысмæтимæ. Йе стыр ныфс, йæ куырыхон зонд, йе стыр хъару æнæвгъау лæвæрдта æфхæрд дзыллæты рæсугъддæр æмæ амондджындæр фидæны сæраппонд. Уымæн æй афтæ тынг уарзтой адæм сæхæдæг дæр æмæ-иу уымæн хурыскастау бæллыдысты йæ фенынмæ. Фæлæ Къоста бирæ рæстæг хицæн уыд йæ Райгуырæн бæстæйæ, йæ уарзон адæмæй.

1.Зæгъут-ма, Къоста Ирыстонæй цал азы иппæрд уыд? (14 азы)

Кæм уыдис уыцы рæстæг?

(1870 азы алыгъдысты Лабæмæ, 1871-1881 азмæ ахуыр кодта Стъараполы гимназы, уый фæстæ та Бетъырбухы Аивæдты академийы)

2. Райгуырæн бæстæйæ дард уæвгæйæ адæймаг амондджын вæййы?

(скъоладзауты дзуæппытæ)

Уæ ныхæстæ фидаргонд цæуынц ацы æмбисæндтæй:

Райгуырæн бæстæ адджын у.

Фыдыбæстæ ныййарæг мадау - адджын.

Лæгæн дунейыл адджындæр цы баззад? – Мад, хæдзар, Райгуырæн бæстæ.

Дард бæлццон йæ райгуырæн бæстæм куы ‘ рыфты, уæд ног райгуырæгау вæййы.

Æнахуыр бæсты æлдарæй дæр зын цæрæн у.

Уæдæ Къоста дæр афтæ, нæ уыдис амондджын æнæ Райгуырæн бæстæ. Къоста тынг мысыд йæ уарзон Ирыстоны зæхх, йæ адæмы, уый тыххæй зæрдæбын ныхæстæ ракодта йе ‘мдзæвгæ «Ракæс»-ы.

Скъоладзау кæсы æмдзæвгæ «Ракæс».

1.Дзырдуатон куыст бакæнын.

2. Ацы рæнхъытæ уын уæ зæрдыл цавæр цаутæ æрлæууын кодтой Къостайы цардæй?

Дзæгъæл мæ ныууагъта мæ фыд,

Нæ зонын мæ мады рæвдыд,

Нæ бæстæй фæхицæн дæр сонтæй.

Кæмдæрты æнæсæронæй,

Æдыхæй, æцæгæлонæй

Мæ уалдзæг æрвыстон фыдбонтæй…

(Къоста хæрз гыццылæй баззад æнæ мадæй, æмæ æмдзæвгæйы мысы йæ сидзæр сабийы бонтæ, стæй йæ ахуыры азтæ Бетъырбухы)

3. Цы уавæры сæййæфта поэт йæ уарзон Ирыстон, йæ иубæстон адæмы? Цы зæгъы уый тыххæй йæхæдæг?

(Къоста тынг мæгуырæй, зын уавæрты сæййæфта йæ Ирыстон, йæ адæмы. Уымæн афтæ зæгъы:

Æрцыдтæн… Мæхицæй фыддæр,

Мæгуырæй куы ссардтон дæу дæр,

Мæ уарзон, мæ иубæстон адæм.

Кæд поэт «кæмдæрты æнæсæронæй, æдыхæй, æцæгæлонæй йæ уалдзæг æрвыста фыдбонæй», уæддæр бафæрæзтаид йæхи зынтæн, йæхи зæрдæйы мастæн. Фæлæ поэт нæ быхсы йæ адæмы мастæн, йæ адæмы æфхæрдæн.

4. Æмдзæвгæйы кæцы рæнхъыты зыны уæлдай тыхджындæрæй поэты уарзондзинад райгуырæн бæстæмæ?

(Мæ цæстысыг донау мызти,

Мæ зæрдæ фырцинæй рызти –

Куы скастæн мæ цъитиджын хæхтæм).

5. Куыд æмбарут ацы рæнхъыты хъуыды?

Лæджы хуызæн лæг нæм – ыстæм,

Бæрæг дæр нæ нал ис, цы стæм,

Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг? -

(Поэты зæрдæ уæлдай тынгдæр уымæн риссы, æмæ йæ мæгуыр иубæстон адæмы сæрыл чи рахæца, сæ зæрдæты сын сæрибары хъуыдытæ чи бауадза, ахæм фæтæг сын кæй нæй).

Эпиграф

Адæмы фарнæй къæдзæх дæр ныннæры, -

Гъе, мардзæ, исчи! – бынтон сæфт кæнæм!..

Ацы рæнхъытæ цы иу кæны, цы сæм ис иумæйагæй?

Иу сæ кæны адæмы фидæныл сагъæс.

Ахуыргæнæг. Ацы ныхæстæ бакæсгæйæ зæрдыл æрлæууы æмбисонд «Адæмы фарн бирæ у». Къоста ацы ныхæстæй зæгъы, йæ зæрдæ кæй дары адæмы æгæрон ныфс æмæ хъаруйыл. Ныфс куы нæ уа, уæд та цард æдзæллагмæ цæуы, уæд фидæн дæр нæй.

6. Кæмæ дзуры поэт æххуысмæ? (Уастырджимæ)

Йе, Уастырджи, ракæс, цæмæй

Нæ фæуæм бынтондæр фыдвæндаг!..

7. Чи у Уастырджи? Сылгоймæгтæ йæ хонынц? Цæмæн?

Ахуыргæнæг:

Куыд федтам, афтæмæй ацы æмдзæвгæйы Къоста бавæрдта арф хъуыдытæ. Цавæр хъуыдытæ сты?

Уацмысы, иуæрдыгæй, дзырд цæуы поэтæн йæхи уæззау царды хъысмæтыл, иннæрдыгæй та – адæмы историон хъысмæтыл, йæ фидæныл. Афтæмæй æмдзæвгæйы баиу вæййы поэты хъысмæт райгуырæн бæстæйы хъысмæтимæ.

Æмæ уый хуымæтæджы нæу: Къоста йæхи никуы хицæн кодта йæ райгуырæн бæстæйæ, йæ адæмæй. Йæ адæм æнамонд сты, Къоста дæр у æнамонд, йæ адæм амондджын сты, Къоста дæр у амондджын.

Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг? – ацы стыр æмæ ахсджиаг фарст Къоста æрæвæрдта йæхи раз дæр æмæ адæмы раз дæр, цæмæй алчидæр хъуыды кодтаид йæ нацийы фидæныл. Уыцы хъуыды уыдис ирон дзыллæты зæрдæйы. Ууыл дзуры ирон таурæгъ мæлæнбоны тыххæй. (инсценировкæ)

Таурæгъ

Иуахæмы, зæгъы таурæгъ, адæм æрхатыдысты Лæгты дзуармæ, цæмæй сын Хуыцауæй ракуырдтаид, алчидæр йæ мæлæнбон цæмæй зона, уый.

- Нæ уæ хъæуы уый зонын, - загъта сын Лæгты дзуар, фæлæ йæм адæм нæ байхъуыстой, æмæ сын ракуырдта Хуыцауæй мæлæнбон зоныны фæтк.

Уæдæй рацыд бирæ азтæ æмæ Лæгты дзуар рараст, адæмы цард куыд раивта, уый уынынмæ.

Кæсы, æмæ дын иу лæг йæхицæн кæрдæгæй халагъуд аразы.

- Цы ми кæныс уый, хорз лæг?

- Мæнæ хæдзар аразын мæхицæн.

- Æмæ дын райсоммæ дæ кæрдæгæй конд хæдзар куы ныккæлдзæн, уæд уый циу?

- Æмæ мæн æндæр цæмæ хъæуы? Ахсæв æз мæлгæ кæндзынæн æмæ мæ фæстæ кæрдæг дæр мауал æрзайæд.

- Хорз нæ зæгъыс, фæрныг, - бакодта ма Лæгты дзуар æмæ рараст хъæумæ.

Хъæуы хистæртæ йæм бацыдысты сæргуыбырæй æмæ йын загътой:

- Хатыр нын бакæн, дæ дзырд ныл æрцыдис… Хуыцау нæ айста мæлæты тас, фæлæ уыйадыл нал ис нæ зæрдæйы фидæны мæт дæр: хъæбул съомыл кæныныл, хæдзар саразыныл ничиуал хъуыды кæны.

- Нал ис не ‘ хсæн сомбоны фæлтæртæй æфсæрм дæр. Раздæр алчидæр тарст фæстаггæтты раз худинагæй, æмæ æвзæр ми йæ сæрмæ ничи хаста.

- Бæллыд алчидæр, фæстаггæтты цæсты йæ ном кадджын куы уыдаид, уымæ. Ныр сæфтмæ цæуæм, æмæ дæ курæм: балæуу-ма иу хатт Хуыцауы раз минæвар æмæ йын зæгъ – айсæд фæстæмæ нæ мæлæнбоны зонд!

Лæгты дзуар фæтæригъæд кодта адæмæн, зæгъы таурæгъ, бахатыд Хуыцаумæ, æмæ та сын уый радта ногæй мæлæты тас æмæ фидæны мæт.

Ахуыргæнæг:

Раст у, адæм адæм нал вæййынц, адæймаг та – адæймаг, сæ фидæныл куы нал фæхъуыды кæнынц, уæд. Æмæ Къоста уыцы стыр фарст æрæвæрдта æппæт адæмы раз, цæмæй алчидæр хъуыды кодтаид йæ нацийы фидæныл:

Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг?

Æмæ уæдæй фæстæмæ йæ адæмы фидæны мæт никуыуал рахицæн Къостайы зæрдæйæ. Йæ уацмысты сеппæты дæр ис уыцы сагъæс.

ФИЗМИНУТКÆ. Уæ цæстытæ бахгæнут æмæ байхъусут музыкæйы зæлтæм.

IV.Æвзаджы ахуыргæнæг:

Куыд загътат, афтæмæй æмдзæвгæ «Ракæс»-ы баиу вæййы поэты хъысмæт райгуырæн бæстæйы хъысмæтимæ

Иуæрдыгæй дзы дзырд цæуы поэтæн йæхи уæззау цардыл, иннæрдыгæй та – адæмы историон хъысмæтыл, йæ фидæныл

Фæлæ цавæр аивдон мадзæлтты фæрцы бафтыд йæ къухы уый равдисын , уый та сбæрæг кæндзыстæм, æмдзæвгæйæн анализ скæнгæйæ. Æмдзæвгæмæ байхъусæм.

Ахуырдзау аив кæсы æмдзæвгæ.

1. Зæгъут-ма, цал строфайы ис æмдзæвгæйы?

-Цыппар.

Алы строфайы дæр ис дыууæ хъуыдыйады. Æдæппæтæй æмдзæвгæйы ис аст хъуыдыйады.

2. Уæдæ дзы микротемæтæ та цал ис рахицæнгæнæн?

-Æртæ:

- Сидзæры хъысмæт.

-Райгуырæн бæстæимæ фембæлд.

- Катай йæ бæстæйы, йæ адæмы фидæныл.

3. Æркæсæм хъуыдыйæдты арæзтмæ. Цавæр сты?

- Æмбæлы дзы алыхуызон хъуыдыйæдтæ:

хуымæтæг, домгæвазыгджын, æнæбæттæгвазыгджын.

- Хуымæтæг хъуыдыйæдтæ сты вазыгджынгондæмхуызон уæнгтæй, бавæргæ дзырдæй. (дæнцæг)

Æмхуызон уæнгты фæрцы та авторы эмоцитæ тыхджындæр кæнынц. (дæнцæг)

- Ноджы ма поэт йе ‘мдзæвгæйы дыууæ хатты спайда кодта сидæнтæй:

Фыццаг хатт йæ иубæстон адæммæ дзургæйæ, дыккаг хатт та – Лæгты дзуармæ кувгæйæ, цæмæй ирон адæмæн баххуыс кæна раст фæндагыл ацæуынмæ.

- Домгæвазыгджын хъуыдыйад. (дæнцæг)

- Æнæбæттæг вазыгджын хъуыдыйæдтæ хæрз цыбырæй, фæлæ тынг ирдæй æвдисынц авторы æнкъарæнтæ: йæ сабибонтæ мысы, йæ мæгуыры хъысмæтыл хъыг кæны, бары йæ йæ бæстæйы хъысмæтимæ, æмæ ноджы арфдæр йæ уарзæгой, йæ рыст зæрдæйы маст бацæуы.

4.Æнæ зæгъгæ нæй пунктуацийы тыххæй дæр.

- Къоста пайда кæны бирæстъæлфыгтæй, тиретæй, хъæры æмæ фарсты нысæнттæй.

- Æрхæцæн нысæнттæн ацы æмдзæвгæйы ис стыр ахадындзинад: уыдон фæрцы дзы ис бæрæг ритм æмæ интонаци, цыма, цæмæй дзы мацы айрох уа, уыйау нымайы йæ хъыгтæ, дзуры йæ циныл, йæ фыдæнхъæлдзинадыл. Фæуромы йæ ныхас æмæ та дарддæр ног интонациимæ райдайы йæ хъæлæс бæрзонддæргæнгæйæ.

Сымах 9 кълас каст куы фæуат, уæд ратдзыстут ОГЭ кæй хонынц, уыцы фæлварæн уырыссаг æвзагæй. Æмæ уым æнæмæнгæй хъæудзæн текст анализ кæнын. 3 фарст у аивадон мадзæлтты тыххæй. Æркæсæм-ма, цавæр аивадон мадзæлттæй спайда кодта Къоста йе ‘мдзæвгæйы.

5. Къоста арæхстджынæй пайда кæны алыхуызон аивадон мадзæлттæй:

-синтаксисон параллелизмæй:

Нæ бæстæй фæхицæн дæн сонтæй.

Мæ уалдзæг æрвыстон фыдбонтæй.

Мæ цæстысыг донау мызти,

Мæ зæрдæ фырцинæй рызти…

-лексикон фæлхатæнтæй:

Кæм кусæм, кæм цæуæм, кæм бадæм.

Пайда дзы фæкæнынц ныхас фæтыхджындæр кæныны тыххæй.

-анафорæйæ:

Нæ зонын мæ мады рæвдыд.

Нæ бæстæй фæхицæн дæн сонтæй.

Фæхæссон ма, загътон, уæддæр

Фæстæмæ мæ иунæджы сæр

Мæ Ирмæ, мæ Райгуырæн бæтæм…

Мæцæстысыг донау мызти,

Мæ зæрдæ фырцинæй рызти…

- Поэт тынг арæхстджынæй пайда кæныинверсийæ.

Дзæгъæл мæ ныууагъта мæ фыд,

Нæ зонын мæ мады рæвдыд,

Нæ бæстæй фæхицæн дæн сонтæ.

Инверси дæтты æмдзæвгæйæн цыдæр бæрæг ритм æмæ зæлынад.

6. Рифмæ аразæг дзырдтæм æркæсгæйæ, зæгъæн ис авторы хъуыдытæ æмæ эмоцитæ тыхджындæргæнгæ кæй цæуынц, уый.

Сонтæй-фыдбонтæй, бæстæм-хæхтæм, адæм-бадæм, фæстаг-фыдвæндаг.

7. Æмбæлæм дзы ахæсгæ нысаниуæг кæмæн ис, ахæм дзырдтæ æмæ дзырдбæстытыл, ома,

метафорæтыл.

Мæ иунæджы сæр, хилæм куырмæй, мæ уалдзæг, фыдвæндаг;

- абарстыл:

мæ цæсытысыг донау мызти.

8. Иуæй-иу дзырдтæн ахæссæн ис хуымæтæг ныхасы стильмæ: фыдбон, фыдвæндаг, фыддæр. Ацы дзырдтæ сты æмуидагон, сæ иумæйаг хай «фыд», нысан кæны «æвзæр».

9.Поэт йæхи тыххæй дзургæйæ пайда кæны ахæмэпитеттæй:

Дзæгъæл, æнæсæрон, æцæгæлон, æдых, иунæг. Ацы контекстуалон синонимты фæрцы æнцонæй бамбарæн ис поэты уæззау цард.

Лексикон синонимтæ ФИДÆН, ФÆСТАГ æвдисынц поэты сæйрагдæр æнкъарæн – Райгуырæн бæстæйы сомбоныл мæт. (3 синоним )))

10. Ирыстоны кой кæм кæны, уыцы рæнхъыты пайда кæны йæ уарзондзинад æвдисæг зæрдæбын эпитеттæй:

Уарзон, иубæстон адæм, райгуырæн бæстæ.

Фæлæ йæ фыдуавæры куы сæййæфта, уæд та:

Мæхицæй фыддæр, мæгуыр, куырм.

11. Æмдзæвгæйы 4 строфайы зæрдæйы уаг ивы мæнæ афтæ:

æнкъард – цин – ноджы æнкъарддæр – хъыг æмæ маст.

12. Æмдзæвгæйы райдайæн æмæ кæрон куы абарæм, уæд зæгъæн ис:

Лирикон хъайтар тындзыдта йæ Райгуырæн Ирмæ ныфсагур, фæлæ фæфыдæнхъæл: уый йын йæхимæ æнхъæлмæ каст æххуысмæ. Æмæ поэт йе ‘мдзæвгæ уымæн фæцис фæдзæхстон здæхæны мивдисæг æмæ хъæрон хъуыдыйадæй (риторикон сидæнæй),йæ зæрдæ дары æрмæст уæларвон тыхтыл æмæ сæм сиды æххуысмæ.

13.Æмæ æппынфæстаг Къостамæ сæвзæрд фарст, сæдæ азæй фылдæр кæуыл цæуы, фæлæ абон дæр актуалон чи у, ахæм фарст:

Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг?..

Ахуыргæнæг. Æвæццæгæн, мах нæ фæрæдидзыстæм, ацы фарст риториконкуы схонæм, уæд. Ныр дæр бæрæг нæма у дзуапп. Никæй бон у нырма бæлвырдæй зæгъын, цы нæм æнхъæлмæ кæсы, уый. Стæй таурæгъмæ гæсгæ, чи зоны, æмæ нæ хъæуы йæ зонын дæр. Фæлæ абон афтæ цæрын хъæуы, цæмæй нæ фидæн уа рæсугъддæр æмæ амондджындæр. Махæн нæ хистæр фæлтæртæ цы хæзнатæ балæвар кодтой, уыдон сыгъдæгæй хъуамæ мах дæр адæттæм нæ фæстагæттæн.

Къостайы гений у æнæмæлгæ, уымæн æмæ йын нæй нæ рæстæджы, нæ тыгъдады дæрддзæгтæ. Цыма 1885 азы нæ, фæлæ ныртæккæ радта ацы риссаг фарст, афтæ мæм фæкæсы æдзух…

V. Хатдзæгтæ.

VI. Хæдзармæ куыст.

Адрес публикации: https://www.prodlenka.org/metodicheskie-razrabotki/379002-cy-uydzn-n-fidn-n-fstag-hetgkaty-kostaj

Свидетельство участника экспертной комиссии
Рецензия на методическую разработку
Опубликуйте материал и закажите рецензию на методическую разработку.
Также вас может заинтересовать
Свидетельство участника экспертной комиссии
Свидетельство участника экспертной комиссии
Оставляйте комментарии к работам коллег и получите документ
БЕСПЛАТНО!
У вас недостаточно прав для добавления комментариев.

Чтобы оставлять комментарии, вам необходимо авторизоваться на сайте. Если у вас еще нет учетной записи на нашем сайте, предлагаем зарегистрироваться. Это займет не более 5 минут.

 

Для скачивания материалов с сайта необходимо авторизоваться на сайте (войти под своим логином и паролем)

Если Вы не регистрировались ранее, Вы можете зарегистрироваться.
После авторизации/регистрации на сайте Вы сможете скачивать необходимый в работе материал.

Рекомендуем Вам курсы повышения квалификации и переподготовки