Охрана труда:
нормативно-правовые основы и особенности организации
Обучение по оказанию первой помощи пострадавшим
Аккредитация Минтруда (№ 10348)
Подготовьтесь к внеочередной проверке знаний по охране труда и оказанию первой помощи.
Допуск сотрудника к работе без обучения или нарушение порядка его проведения
грозит организации штрафом до 130 000 ₽ (ч. 3 статьи 5.27.1 КоАП РФ).
Повышение квалификации

Свидетельство о регистрации
СМИ: ЭЛ № ФС 77-58841
от 28.07.2014

Почему стоит размещать разработки у нас?
  • Бесплатное свидетельство – подтверждайте авторство без лишних затрат.
  • Доверие профессионалов – нас выбирают тысячи педагогов и экспертов.
  • Подходит для аттестации – дополнительные баллы и документальное подтверждение вашей работы.
Свидетельство о публикации
в СМИ
свидетельство о публикации в СМИ
Дождитесь публикации материала и скачайте свидетельство о публикации в СМИ бесплатно.
Диплом за инновационную
профессиональную
деятельность
Диплом за инновационную профессиональную деятельность
Опубликует не менее 15 материалов в методической библиотеке портала и скачайте документ бесплатно.
29.11.2021

Ме взаг ма хазна

Бадзиева Алла Владимировна
Воспитатель по родному ( осетинскому) языку
Не‹ взаг – нæ хæзна

Ирон ӕвзаг, мӕ зынджы хай, мӕ арт!
Ӕрттив, ӕхсид нусбонтӕм ӕдасӕй,
Дӕ цӕрайӕ, дӕ рухс, ӕмӕ дӕ тавсӕй
Цӕрдзынӕн ӕз ӕмӕ хӕрдзынӕн ард.
Амонӕг. Фарн уӕм бадзурӕд нӕ зынаргь уазджытӕ, ӕгас нӕм цӕуыт нӕчысыл хуртӕ!
Абон Ирыстон бӕрӕг кӕны ирон ӕвзаг ӕмӕ литерӕтурӕйы бӕрӕгбон. Алы адӕмы хаттӕн дӕр ӕрдзӕй лӕвӕрд вӕййы иу ӕвзаг, кӕцы хуыны- мадӕлон ӕвзаг.

Зӕгьут-ма, сабитӕ, махӕн та цавӕр у нӕ мадӕлон ӕвзаг?(ирон ӕвзаг). Тынг раст!
Ӕмӕ цы у мадӕлон ӕвзаг? Куыд ӕй ӕмбарут?
Саби куы райгуыры, уӕд ӕппӕты фыццаг фехъусы йӕ мады хъӕлӕс.
Амонӕг. Раст загьыс. Сывӕллон дзурын нӕма базоны, афтӕмӕй фехъусы мады фӕлмӕн хъӕлӕс, мадӕлон ӕвзаджы фӕрцы саби банкъары хъӕлӕсӕй йӕ алыварс дуне. Ӕмӕ цӕмӕй нӕ мадӕлон ӕвзаг бахъахъхъӕнӕм, уый тыххӕй дзурын хъӕуы цавӕр ӕвзагыл? (ирон ӕвзагыл).
Уый ма аразгӕ у бинонтӕй дӕр. Нӕ фыдӕлтӕ нын цы рӕсугьд мадӕлон ӕвзаг ныууагьтой, уый хъуамӕ кӕстӕртӕ дӕр царды дарддӕр рӕсугьдӕй хӕссой, сӕрыстыр дзы уой ӕмӕ йӕ хъахъхъӕной, ма рох кӕной нӕ рӕсуыгьд ӕгьдӕуттӕ ӕмӕ традицитӕ.
Алы бӕрӕгбонмӕ дӕр нӕхи фӕцӕдтӕ кӕнӕм, фӕлӕ нын ирон ӕвзаджы бӕрӕгбон хъуамӕ суа нӕ кадджындӕр бӕрӕгбонтӕй иу. Абон мах дӕр нӕхи бацӕттӕ кодтам ирон ӕвзаджы бӕрӕгбонмӕ ӕмӕ нӕм ӕрбацыд диссаджы уазджытӕ. Ирон хӕдзар та уазӕгӕй фидауы. Куыд фӕзӕгьынц уазӕгӕй?
1.Уазӕг - хуыцауы уазӕг. 2. Уазӕгӕн йӕ ӕрбацыд йӕ бар, йӕ ацыд- фысымы бар.
3. Уазӕг цаӕттӕ- фысым ӕдзӕттӕ.
Амонӕг. Уӕдӕ равдисӕм куыд цӕттӕ стӕм нӕ уазджыты фембӕлдмӕ ӕмӕ сын , азарӕм.
«Мадӕлон ӕвзаг»
Мах нырма стӕм сабитӕ
Афтӕмӕй фыссӕм
Ахуыр кӕнӕм абетӕ
Чингуытӕ кӕсӕм.
Цас уарзӕм иронӕвзаг
Уый зӕгьӕн дӕр нӕй
Мады рӕвдыд, мады ад
Базыдтам дӕуӕй.
Бон изӕрмӕ кадджытӕ
Мах фӕкӕсӕм фаг
Зардӕйӕн куыд адджын дӕ
Мадӕлон ӕвзаг.

Амонӕг. Ирон адӕммӕ ис бирӕ зындгонд адӕм: фысджытӕ, нывгӕнджытӕ, композитортӕ.
Сабитӕ, зӕгьут ма, ирон литерӕтурӕйы бындурӕвӕрӕг та чи у?(Хетагкаты Къоста). 15 майы 1899 азы фыццаг хатт рацыд мыхуыры Хетӕгкаты Къостайы ӕмбырдгонд чиныг «Ирон фӕндыр». Уымӕ гӕсгӕ 2003 азӕй бӕрӕг кӕнӕм ирон ӕвзаг ӕмӕ литерӕтурӕйы бон. Алы адӕймагӕн дӕр ӕрдзӕй лӕвӕрд вӕййы иу ӕвзаг, кӕцы хуыны- мадӕлон ӕвзаг.

Ӕмдзӕвгӕтӕ. (кӕсынц сабитӕ)
Ирон ӕвзаг нӕ хӕзнаты хазнадӕр
Ӕвидигӕ, ӕлутонау йӕ тых
Нӕй махӕн уымӕй аʼзӕххыл зынаргьдӕр,
Ӕнустӕм у ӕнӕмӕлгӕ, хъӕддых.
-Сты зондӕн уацхӕссӕг
Ӕппӕт дунейы взӕгтӕ
Нӕ дзы взары хӕстӕг ӕмӕ дӕрддаг
Фӕлӕ ныххойыс зӕрдӕйы къӕсӕртӕ
Ӕрмӕстдӕр ды, мӕ мадӕлон ӕвзаг.
-Йӕ уарзтӕн ивӕн нӕй лӕгӕн
Мӕ уарзт дӕр ивгӕ нӕу мӕнӕн
Кӕм фӕнды дӕр цӕрон

Содержимое разработки

Не' взаг – нæ хæзна

Ирон ӕвзаг, мӕ зынджы хай, мӕ арт!

Ӕрттив, ӕхсид нусбонтӕм ӕдасӕй,

Дӕ цӕрайӕ, дӕ рухс, ӕмӕ дӕ тавсӕй

Цӕрдзынӕн ӕз ӕмӕ хӕрдзынӕн ард.

Амонӕг. Фарн уӕм бадзурӕд нӕ зынаргь уазджытӕ, ӕгас нӕм цӕуыт нӕчысыл хуртӕ!

Абон Ирыстон бӕрӕг кӕны ирон ӕвзаг ӕмӕ литерӕтурӕйы бӕрӕгбон. Алы адӕмы хаттӕн дӕр ӕрдзӕй лӕвӕрд вӕййы иу ӕвзаг, кӕцы хуыны- мадӕлон ӕвзаг.

Зӕгьут-ма, сабитӕ, махӕн та цавӕр у нӕ мадӕлон ӕвзаг?(ирон ӕвзаг). Тынг раст!

Ӕмӕ цы у мадӕлон ӕвзаг? Куыд ӕй ӕмбарут?

Саби куы райгуыры, уӕд ӕппӕты фыццаг фехъусы йӕ мады хъӕлӕс.

Амонӕг. Раст загьыс. Сывӕллон дзурын нӕма базоны, афтӕмӕй фехъусы мады фӕлмӕн хъӕлӕс, мадӕлон ӕвзаджы фӕрцы саби банкъары хъӕлӕсӕй йӕ алыварс дуне. Ӕмӕ цӕмӕй нӕ мадӕлон ӕвзаг бахъахъхъӕнӕм, уый тыххӕй дзурын хъӕуы цавӕр ӕвзагыл? (ирон ӕвзагыл).

Уый ма аразгӕ у бинонтӕй дӕр. Нӕ фыдӕлтӕ нын цы рӕсугьд мадӕлон ӕвзаг ныууагьтой, уый хъуамӕ кӕстӕртӕ дӕр царды дарддӕр рӕсугьдӕй хӕссой, сӕрыстыр дзы уой ӕмӕ йӕ хъахъхъӕной, ма рох кӕной нӕ рӕсуыгьд ӕгьдӕуттӕ ӕмӕ традицитӕ.

Алы бӕрӕгбонмӕ дӕр нӕхи фӕцӕдтӕ кӕнӕм, фӕлӕ нын ирон ӕвзаджы бӕрӕгбон хъуамӕ суа нӕ кадджындӕр бӕрӕгбонтӕй иу. Абон мах дӕр нӕхи бацӕттӕ кодтам ирон ӕвзаджы бӕрӕгбонмӕ ӕмӕ нӕм ӕрбацыд диссаджы уазджытӕ. Ирон хӕдзар та уазӕгӕй фидауы. Куыд фӕзӕгьынц уазӕгӕй?

1.Уазӕг - хуыцауы уазӕг. 2. Уазӕгӕн йӕ ӕрбацыд йӕ бар, йӕ ацыд- фысымы бар.

3. Уазӕг цаӕттӕ- фысым ӕдзӕттӕ.

Амонӕг. Уӕдӕ равдисӕм куыд цӕттӕ стӕм нӕ уазджыты фембӕлдмӕ ӕмӕ сын , азарӕм.

"Мадӕлон ӕвзаг"

Мах нырма стӕм сабитӕ

Афтӕмӕй фыссӕм

Ахуыр кӕнӕм абетӕ

Чингуытӕ кӕсӕм.

Цас уарзӕм иронӕвзаг

Уый зӕгьӕн дӕр нӕй

Мады рӕвдыд, мады ад

Базыдтам дӕуӕй.

Бон изӕрмӕ кадджытӕ

Мах фӕкӕсӕм фаг

Зардӕйӕн куыд адджын дӕ

Мадӕлон ӕвзаг.

Амонӕг. Ирон адӕммӕ ис бирӕ зындгонд адӕм: фысджытӕ, нывгӕнджытӕ, композитортӕ.

Сабитӕ, зӕгьут ма, ирон литерӕтурӕйы бындурӕвӕрӕг та чи у?(Хетагкаты Къоста). 15 майы 1899 азы фыццаг хатт рацыд мыхуыры Хетӕгкаты Къостайы ӕмбырдгонд чиныг "Ирон фӕндыр". Уымӕ гӕсгӕ 2003 азӕй бӕрӕг кӕнӕм ирон ӕвзаг ӕмӕ литерӕтурӕйы бон. Алы адӕймагӕн дӕр ӕрдзӕй лӕвӕрд вӕййы иу ӕвзаг, кӕцы хуыны- мадӕлон ӕвзаг.

Ӕмдзӕвгӕтӕ. (кӕсынц сабитӕ)

Ирон ӕвзаг нӕ хӕзнаты хазнадӕр

Ӕвидигӕ, ӕлутонау йӕ тых

Нӕй махӕн уымӕй аʼзӕххыл зынаргьдӕр,

Ӕнустӕм у ӕнӕмӕлгӕ, хъӕддых.

-Сты зондӕн уацхӕссӕг

Ӕппӕт дунейы взӕгтӕ

Нӕ дзы взары хӕстӕг ӕмӕ дӕрддаг

Фӕлӕ ныххойыс зӕрдӕйы къӕсӕртӕ

Ӕрмӕстдӕр ды, мӕ мадӕлон ӕвзаг.

-Йӕ уарзтӕн ивӕн нӕй лӕгӕн

Мӕ уарзт дӕр ивгӕ нӕу мӕнӕн

Кӕм фӕнды дӕр цӕрон

Уӕддӕр уыдзынӕн ӕз ирон Дӕ хӕрзтӕ Ир,нӕ бафидзыстӕм донӕй Дӕуӕй зонӕм ныййарӕг мады ад!

Мах дзурдзыстӕм кӕддӕриддӕр иронау Нӕ ферох уыдзан мадалон авзаг.(иумӕ)

Амонӕг. Тынг хорз бакастыстут ӕмдзӕвгӕтӕ.

Раджы заман ирон хӕдзары уыд бирӕ алыхуызон мигӕӕнтӕ.

уыдонӕй бирӕтӕн сӕ ахадындзинад нӕ заманы фӕкъаддӕр .

Загьут ма мын, цы хуынынц ацы мигӕнӕнтӕ ӕмӕ цӕмӕн хъӕуынц?

Хъазт."Чи тагьддӕр ӕрӕмбырд кӕндзӕн ныв хӕйттӕй"

Сабитӕ, ирон ӕвзаджы тыххӕй ӕмбисондтӕ зонут? Загьут ма дзы цалдӕр.

Ӕмбисӕндтӕ

-Мадӕлон ӕвзаг мадау адджын у!

-Йӕ мадӕлон ӕвзаг чи нӕ уарзы,

уымӕн уый йӕ худинаджы аккаг у. --- -- -Ирон авзаг, куыд тыхджын дӕ, уӕвгӕ!

-Адӕмӕн сӕ егьаудӕр хъӕздыгдзинад у сеʼвзаг. Амонӕг.Арвы риуӕй мӕй йӕ тынтӕ уафы

Мидбыл худгӕ стъалытӕн зӕгьы

Акӕсут: ирон фӕсивӕд зарынц

Байхъусут, ирон фӕндыр цӕгьды.

"Ирон кафт"

Амонӕг. Дарддӕр нӕ уазджытӕн равдисӕм нӕ зонындзинӕдтӕ . -Сабитӕ, загьут ма, цы хуыны нӕ райгуырӕн бӕстӕ?

-Цы хуыны нӕ республикӕ?

-Цы хуыны Ирыстоны сӕйраг горӕт?

-Цы хуыны нӕ цӕрӕн бынат, кӕм цӕрӕм уыцы горӕт?

-Цавӕр уынгтӕ ис Беслӕны?

-Цӕмӕн хуыны нӕ республикӕ Цӕгат Ирыстон?

-Цавӕр ӕвзагыл дзурынц ирона дӕм?

-Цал хуызӕй арӕзт у ирон тырыса?

-Цы амонынц ӕртӕ хуызы?(урс хуыз-сыгьдӕгдзинад, сырх хуыз-ӕхсардзинад, бур хуыз-бӕркад).

-Цал къахыл лӕууы ирон фынг?

-Цал чъирийы кувӕм ирон фынгыл?

-Цы амонынц ӕртӕ чъирийы?(1-хур,2-дон, 3-захх)

-Чи уыдысты нӕ рагфыдӕлтӕ? (Алантӕ, Скифтӕ, Сӕрмӕттӕ)

Тынг раст дзуӕппытӕ раттат.

Зарӕг: "Алантӕ"

Ирон адӕммӕ ис ирон хъӕстытӕ, фӕнды уӕ ахъазын? Ирон хъӕзтытӕ

1.Бӕхтыл хъазт.

2.Бӕндӕнӕй хъазт.

3.Дӕ бынат ссар.

Амонӕг. Уӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд хъазын?

Дарддӕр нӕ зонындзинӕдтӕ сбӕрӕг кӕнӕм.

Хуынцинӕгтӕ.

-Къалиуыл бады ӕртӕ цъиуы, иу ма сӕм бафтыд. Цал цъиуы бады къалиуыл?

-Стъолыл уыдис цыппар фӕткъуыйы. Алан дзы иу бахордта. Цал фӕткъуыйы ма баззад стъолыл?

-Тӕрхӕгыл ис ӕхсаз чиныджы. Мӕдинӕ дзы иу райста. Цал чиыджы ма дзы баззад?

-Чыргьӕды ис фондз портийы. Ирӕ ма сӕм иу порти ныппӕрста. Цал портийы ис чыргьӕды?

-Рӕвдауондоны кӕрты хъазыд дӕс сывӕллоны. Дыууӕйы дзы сӕмадӕлтӕ акодтой. Цал сывӕллоны ма баззад кӕрты?

Тынг раст дзуӕппытӕ раттат. Сабитӕ, аргьӕуттӕ уарзут?

Ныртӕккӕ нын астӕуккаг къорды сабитӕ равдисдзысты аргьау "Гидайы гуырӕн бон"

Амонӕг. Цӕй адджы ндӕ, цӕй кадджын дӕ,

Нӕ ирон, мадӕлон ӕвзаг!

Сабитӕ. -Неʼвзаг-ирон лӕджы царды бындур. -Неʼвзагимӕ ныл скӕсы нӕ хур.-

Неʼвзаг нӕ къонайы судзгӕ цырагь!

-Неʼвзаг хӕзнадон, баркадджын къӕбиц

-Неʼвзаг-нӕртон лӕджы царды бӕллиц..

-Неʼвзаг у не гьдау, нӕ амонды сӕр.

-Неʼвзаг нӕ фыдӕлты фарн ӕмӕ кад.

Сабитӕ, ныртаккӕ сымах бакӕсдыстут равдыстмӕ, бацӕттӕ йӕ кодтой хистӕр сабиты къорд.

Абон нӕ равдыст кӕронмӕ ӕрхӕццӕ.

Адрес публикации: https://www.prodlenka.org/metodicheskie-razrabotki/472306-me-vzagma-hazna

Свидетельство участника экспертной комиссии
Рецензия на методическую разработку
Опубликуйте материал и закажите рецензию на методическую разработку.
Также вас может заинтересовать
Свидетельство участника экспертной комиссии
Свидетельство участника экспертной комиссии
Оставляйте комментарии к работам коллег и получите документ
БЕСПЛАТНО!
У вас недостаточно прав для добавления комментариев.

Чтобы оставлять комментарии, вам необходимо авторизоваться на сайте. Если у вас еще нет учетной записи на нашем сайте, предлагаем зарегистрироваться. Это займет не более 5 минут.

 

Для скачивания материалов с сайта необходимо авторизоваться на сайте (войти под своим логином и паролем)

Если Вы не регистрировались ранее, Вы можете зарегистрироваться.
После авторизации/регистрации на сайте Вы сможете скачивать необходимый в работе материал.

Рекомендуем Вам курсы повышения квалификации и переподготовки