- Курс-практикум «Педагогический драйв: от выгорания к горению»
- «Труд (технология): специфика предмета в условиях реализации ФГОС НОО»
- «ФАООП УО, ФАОП НОО и ФАОП ООО для обучающихся с ОВЗ: специфика организации образовательного процесса по ФГОС»
- «Специфика работы с детьми-мигрантами дошкольного возраста»
- «Учебный курс «Вероятность и статистика»: содержание и специфика преподавания в условиях реализации ФГОС ООО и ФГОС СОО»
- «Центр «Точка роста»: создание современного образовательного пространства в общеобразовательной организации»
- «Риторические аспекты профессиональной коммуникативной деятельности современного педагога»
- «Игровые пособия для работы с детьми дошкольного возраста (палочки Кюизенера, блоки Дьенеша, круги Луллия, ментальные карты Бьюзена)»
- «Обучение английскому языку детей дошкольного возраста»
- «ИКТ-компетентность современного педагога»
Свидетельство о регистрации
СМИ: ЭЛ № ФС 77-58841
от 28.07.2014
- Бесплатное свидетельство – подтверждайте авторство без лишних затрат.
- Доверие профессионалов – нас выбирают тысячи педагогов и экспертов.
- Подходит для аттестации – дополнительные баллы и документальное подтверждение вашей работы.
в СМИ
профессиональную
деятельность
Тематическое планирование
Тематикон пълан ирон ӕвзаджы курсӕн 5-9 къласты.
Ахуырганаг: Гуыбаты Жанна Владимировна
ГБОУ ЦО «Интеллект».
Иумæйаг ахуырадон предмет «Ирон æвзаджы» кусæн программæмæ
Тематикон пълан ирон ӕвзаджы курсӕн 5-9 къласты.
Ахуырганаг: Гуыбаты Жанна Владимировна
ГБОУ ЦО «Интеллект».
Иумæйаг ахуырадон предмет «Ирон æвзаджы» кусæн программæмæ
Тематикон пълан ирон ӕвзаджы курсӕн 5 къласы
№ | Сӕрмагонд темӕ. | Сахӕтты нымӕц. | Программӕйы мидис темӕтӕм гӕсгӕ. | Ахуырдзауты архæйдтытæ. |
1. | Æвзаг. | 1 | Æвзаджы ахадындзинад царды. | Аргъ кæнын æмæ уарзын мадæлон æвзаг. |
2. | Райдайӕн кълӕсты рацыд æрмæг фæлхатын. | 4 | Фонетикон принциптыл орфограммæты фæлхат. Фонетикон æвзæрст. Морфологион приниыпты орфограммæты фæлхат. Хъуыдыйады хуызтæ сфæлхат кæнын. Æрхæцæн нысæнттæ хъуыдыйæдты. | Зонын, пайда кæнын хъæлæсонтæ æмæ æмхъæлæсонты растфыссынадæй. Иртасын зылангон æмæ æзылангон æмхъæлæсонты фембæлд дзырды райдиан æмæ уидаджы. Бӕрӕг кӕнын дзырдтæн сæ арæзт, сæ мыртæ. Арæхсындзырдтæ орфограммæтæм гæсгæ агурынмæ, орфограммæтæ раст æмбарын кæнынмæ, мырон-дамгъон æвзæрст кæнынмæ, дзырдты растфыссынады æгъдæуттæ агурынмæ. Арæхсын хъуыдыйæдты æрхæцæн нысæнттæ раст æвæрынмæ æмæ сæ ӕмбарын кæнын зонын. Арæхсын æмхæст текст раст фыссынмæ, дзырдтæ раст фыссынмæ, хи рæдыдтæ раст кæнынмæ. |
3. | К/К | 2 | Бацӕуӕн контролон диктант. | Арæхсынтекст фыссын хъусгæйæ. |
4. | Фонетикæ, орфоэпи, графикæ. | 14 | Фонетикæ, графикæ, орфоэпии, мыр, хъæлæсон, æмхъæлæсон дамгъæ, дамгъуат, зылангон, æзылангон, цавдон, æнæцавдон. | Раст рахицæн кæнын дзырды мыртæ, классификаци сын кæнын. Мыртæн раст характеристикæ дæттын. Ӕмбарын кӕнын хъæлæсонтæ æмæ æмхъæлæсонты растфыссынад. Иртасын æзылангон æмхъæлæсонты фембæлд дзырды райдиан æмæ уидаджы. Бæрæг кæнын цавдон æмæ æнæцавдон уæнгтæ. Иртасынмыртæ æмæ дамгъæтæ. Раст дзурын æнæхъæн дзырдтæ, ӕрбайсгӕ дзырдтӕ. дзырдтæ транскрипцийы фыссын æмæ кæсын. Арӕхсынмырон-дамгъон æвзæрст кæнынмæ. Агурын дзырдты растфыссынады æгъдæуттæ орфограммæтæм гæсгæ. Зонынирон алфавит, дамгъæтæ раст кæсын. Алфавитæй раст пайда кæнын, дзырдуатимæ кусгæйæ. Зонын мырон-дамгъон анализ кæнын. |
5. | К/К | 2 | Контролон диктант фонетикæ, орфоэпи, графикæйӕ. | Арæхсынтекст фыссын хъусгæйæ. |
6. | Н/Р/К | 2 | Бӕлвырд изложении ныффыссын. | Арæхсынтекст аразгæйæ алыхуызон синтаксисон конституцитæй пайда кæнын зонын. Ныхасы рæдыдтытыл куыст. |
7. | Лексикæ. | 7 | Лексикæ, лексикæйы иуæг, лексикон нысаниуæг, Иунысанон, бирæнысаниуæгад, синонимтæ, антонимтæ, омонимтæ. | Зонын дзырды лексикон нысаниуæг. Арӕхсын алыхуызон мадзæлттæй пайда кæнын: дзырдуатæй пайда кæнгæйæ, уырыссаг æвзагмæ йæ тæлмац кæнгæйæ, синонимтæ æмæ йæм антонимтæ ссаргæйæ, æмуидагон дзырдтæм гæсгæ. Дих кæнындзырдтæ тематикон къордтæм гæсгæ. Раст пайда кæнын дзырдтæй сæ лексикон нысаниуæгмæ гæсгæ.Иртасын дзырды комкоммæ æмæ ахæсгæ нысаниуджытæ.Иртасын омонимтæ бирæнысанон дзырдтæй. Агурын дзырдтæм синонимтæ æмæ антонимтæ. Синонимты рæнхъæй хъæугæ дзырдæвзарын. Агурын тексты аивгæнæн мадзæлттæ (ахæсгæ нысаниуæгы дзырдтæ) Пайда кæнынирон ныхасы хуымæтæгдæр этикетон нормæтæй. Пайда кæнын синонимтæй тексты мидӕг хъуыдыйæдтæ кæрæдзиуыл бæттынæн. |
8. | Н/Р/К | 1 | Сфӕлдыстадон изложении ныффыссын. | Арæхсынтекст аразгæйæ алыхуызон синтаксисон конституцитæй пайда кæнын зонын. Ныхасы рæдыдтытыл куыст. |
9. | Морфемикæ. | 6 | Æмуидагон, уидаг, разæфтуан, фæсæфтуан, кӕрон, бындур. | Арӕхсын дзырды морфемæтæ хицæн кæнынмæ. Иртасынæмуидагон дзырдты нысаниуæг разæфтуантæ æмæ фæсæфтуанты фæрцы куыд ивы, уый; Иртасынморфемæйы нысаниуæг. Раст пайда кæнын алыхуызон разæфтуантæ æмæ фæсæфтуанты фæрцы арæзт дзырдтæй. Бæрæг кæнын дзырдты растфыссынад орфографион дзырдуаты фæрцы. Агурын морфологин принциптыл орфограммæтæ. Къорд кæнын дзырдтæ орфограммæтæм гæсгæ. Агурын æмуидагон дзырдтæ. Арӕхсын орфографион æгъдæуттæй пайда кæнынмæ. Дзургæйæ амонын дзырды растфыссынад. Агурынраиртæстмæ гæсгæ дæнцæгтæ. |
10. | К/К | 1 | Афӕдзы ӕмбисы административон контролон диктант рацыд ӕрмӕгӕй. | Арæхсынтекст фыссын хъусгæйæ. |
11. | Синтаксис æмæ пунктуации. Дзырдбаст. | 1 | Дзырдбаст. Сӕйраг. Дӕлбар. | Арӕхсын хъуыдыйадæй дзырдбæстытæ рахицæн кæнынмæ. Агурын дзырдбасты сæйраг æмæ дæлбар дзырдтӕ. Аразын дзырдбæстытæ. |
Хъуыдыйад. | 13 | Хъуыдыйад. Хуымæтæг хъуыдыйад. Сæйраг уæнгтæ. Фæрссаг уæнгтæ. Цыбыр æмæ дæргъвæтин хъуыдыйæдтæ. Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ. Сидæн. Хуымæтæг хъуыдыйад æвзарыны фæтк. Вазыгджын хъуыдыйад. Вазыгджын хъуыдыйады равзарыны фæтк. Комкоммæ ныхас. Диолог. | Зонын ссарын дывæрсыг хъуыдыйады грамматикон бындур. Зонын хъуыдыйады хуыз йæ загъды нысанмæ гæсгæ. Иртасын сӕ арӕзтмӕ гӕсгӕ хуымæтæг æмæ вазыгджын хъуыдыйæдтæ. Аразынлӕвӕрд схемӕмӕ гӕсгӕ хъуыдыйӕдтӕ. Хъуыдыйады интонаци иртасын. Тексты арӕхсын агурын хъуыдыйæдты æмхуызон уæнгтæ. Арӕхсын раст пайда кæнын сидæнтæй ӕмӕ сын зонын сӕ пунктуаци. Амонын æрхæцæн нысæнтты æвæрд хъуыдыйады ӕмхуызон уӕнгтимӕ, сидӕнтимӕ, зонын къӕдзыгӕй хицӕн кӕнын вазыгджын хъуыдыйады хӕйттӕ, комкоммӕ ныхасы раст ӕвӕрын къӕдзыг, тире. Арӕхсын хи æмæ искæй ныхасӕн анализ кӕнынмӕ, ныхасы рæдыдтытæ раст кæнынмӕ. Зонын тексты лингвистикон анализ кӕнын. Арӕхсын фысгæ æмæ дзургæ ныхасы анализ кӕнынмӕ: йæ хъæндзинæдтæ сбæрæг кæнын, хъæугæ информаци ма йæм бафтауынмӕ, текст фæхъæздыгдæр кæнынмӕ æмæ а.д.. | |
12. | К/К | 2 | Контролон диктант синтаксисӕй. | Арæхсынтекст фыссын хъусгæйæ. |
13. | Морфологи. | 1 | Сæрмагонд æмæ æххуысгæнæг ныхасы хæйттæ. | Иртасын ныхасы хæйттæ кæрæдзийæ. Иртасын номдарты, миногонты, нымæцонты æмæ мивдисджыты морфологион æууæлтæ. Арӕхсын дзырдтæ тасындзæг æмæ ифтындзæг кæнынмӕ. Ныхас кæнгæйæ зонын аивын дзырды формæ, раст пайда кæнын рацыд ныхасы хæйттæй. Раст æмæ аив дзурын адæмы æхсæн. Агурынраиртæстмæ гæсгæ дæнцæгтæ. |
14.. | Номдар. | 8 | Лексикон нысаниуӕг. Грамматикон ӕууӕлтӕ. Номдары ивд нымӕцтӕм гӕсгӕ. Номдарты ивынад фастатӕм гӕсгӕ. Сӕрмагонд, иумӕйаг. | Хицӕн кӕнын номдартӕ лексикон – грамматикон нысаниуӕгтӕм гӕсгӕ. Иртасынсӕрмагонд ӕмӕ иумӕйаг номдартӕ, сӕ нымӕцтӕ сын иртасын. Тасындзæг кæнын иууон æмæ бирæон нымæцы номдартæ. Зонын æмбарын кӕнын номдарты бирæон нымæц аразыны хицæндзинæдтæ æмæ сæ растфыссынад. Хицӕн кӕнын номдарты кӕрӕттӕ. Аразын алгоритмтӕ номдарты растфыссынадӕй. Аразын ног текст – ӕрфыст лӕвӕрд темӕйыл. Арӕхсын номдар морфологион æвзæрст кӕнын. Ӕмбарын кӕнын номдарысинтаксисон функци хъуыдыйады. Агурынраиртæстмæ гæсгæ дæнцæгтæ. |
15.. | Миногон | 6 | Лексикон нысаниуӕг. Грамматикон ӕууӕлтӕ. Ахастӕвдисӕг, миниуӕг ӕвдисӕг, бӕрцбарӕнтӕ. | Иртасынминогонкуыд ныхасы хай. Хицӕн кӕнын миниуæгæвдисæг æмæ ахастæвдисæг миногонтæ. Ӕмбарын кӕнын миногонты бæрцбарæнтæ, сæ растфыссынад. Ӕмбарын кӕнын миногонысинтаксисон функции хъуыдыйады. Арæхсынаразын тексттӕ миногонты ныхмӕвӕрд нысаниуджытимӕ, комкоммӕ ӕмӕ ахасгӕ нысаниуджытимӕ. Арынраиртæстмæ гæсгæ дæнцæгтæ. |
16. | Н/Р/К | 2 | Нывӕцӕн – ӕрфыст. | Арæхсынтекст аразгæйæ алыхуызон синтаксисон конституцитæй пайда кæнын зонын. Ныхасы рæдыдтытыл куыст. |
17. | Нымӕцон. | 6 | Лексикон нысаниуӕг. Грамматикон ӕууӕлтӕ. Бæрцон æмæ рæнхъон нымæцонтæ. Дæсгæйттæй нымад. | Иртасын нымæцон куыд ныхасы хай. Агурынраиртæстмæ гæсгæ дæнцæгтæ. Арӕхсын нымӕцонтӕ иронау дзурынмӕ; зонын иронау нымайын. Хицӕн кӕнын нымӕцонтӕ сӕ арӕзтмӕ гӕсгӕ. Иртасын нымцонтӕ сӕ нысаниуӕгмӕ гӕсгӕ. Арӕхсынхъуыдыйӕдтӕ аразынмӕ нымӕцон номдаримӕ дзырдбӕстытӕй. Сбӕлвырд кӕнын нымӕцонты тасындзӕг. |
18. | К/К | 2 | Контролон диктант нымӕцонӕй. | Арæхсынтекст фыссын хъусгæйæ. |
20. | Æрмæг зæрдыл æрлæууын æмæ ныффидар кæнын | 2 | Лексикæ сфæлхатт кæнын. Фонетикон принцыпты растфыссынад. Морфологион принцыпты растфыссынад. | |
21. | К/К | 2 | Рацыд ӕрмӕгӕй афӕдзы кӕрон контролон диктант. | Арæхсынтекст фыссын хъусгæйæ. Арæхсын растфыссынады æгъдæуттæй пайда кæнын |
Тематикон пълан ирон æвзаджы курсæн 6 къласы
№ | Сæрмагон темæ | Сахæтты нымæц | Программæйы мидис темæтæм гæсгæ | Ахуырдзауты архæйдтытæ |
1. | Æвзаг. | 1 | Æвзаджы ахадындзинад царды | Аргъ кæнын æмæ уарзын мадæлон æвзаг. |
2. | 5-æм къласы æрмæг фæлхатын. | 3 | Фонетикон принциптыл орфограммæты фæлхат. Фонетикон æвзæрст. Морфологион принципты орфограммæты фæлхат. Хъуыдыйады хуызтæ сфæлхат кæнын. Æрхæцæн нысæнттæ хъуыдыйæдты. | Зонын, пайда кæнын хъæлæсонтæ æмæ æмхъæлæсонты растфыссынадæй. Иртасын зылангон æмæ æзылангон æмхъæлæсонты фембæлд дзырды райдиан æмæ уидаджы. Бӕрӕг кӕнын дзырдтæн сæ арæзт; сæ мыртæ. Арæхсындзырдтæ орфограммæтæм гæсгæ агурын, орфограммæтæ раст æмбарын кæнынмæ, мырон-дамгъон æвзæрст кæнын, дзырдты растфыссынады æгъдæуттæ.Арæхсын хъуыдыйæдты æрхæцæн нысæнттæ раст æвæрынмæ æмæ сæ ӕмбарын кæнын зонын. Арæхсын æмхæст текст раст фыссынмæ, дзырдтæ раст фыссынмæ, хи рæдыдтытæ раст кæнынмæ. |
3. | К/К | 1 | Бацӕуӕн контролон диктант. | Арæхсынтекст фыссын хъусгæйæ. |
4. | Лексикæ æмæ фразеологии. | 6 | Лексикæйы сæйраг æмбарынадтæ. Иунысанон æмæ бирæнысанон дзырдтæ. Æппæтадæмон дзырдты нысаниуæг бамбарын кæнын. Диалектон æмæ профессионалон дзырдты æмбарынад. Архаизмтæ æмæ неологизмтæ Зæронд дзырдтæ æмæ ног дзырдтæ, историзмтæ, се мбарынæдтæ . Æрбайсгæ æмæ бынæттон дзырдты растфыссынад орфографион принциптæм гæсгæ. Фразеологизмтæ. Сæ нысаниуæг æвзаджы. Фразеологизмы хицæндзинад дзырд æмæ дзырдбастæй. | Зонын ирон æвзаджы дзырдты нысаниуæг,сæ мидис, ныхасы сæ пайда кæнын. Арæхсынпайда кæнын проффессионалон дзырдтæй ныхасы, хицæн кæнынн зонын тексты профессионалон æмæ диалектон дзырдтæ. Иртасынныхасы æмæ тексты дæр хицæн кæнын архаизмтæ æмæ неологизмтæ, арæхстджынæй пайда кæнын ног дзырдтæй урокты мидæг. Зонын уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдтæ раст дзурын æмæ раст фыссын. Зонынфразеологизмтæ æмæ арæхсын сӕпайда кæнын ныхасы æмæ фысгæ куыстыты. |
5. | Н/Р/К | 1 | Бӕлвырд изложении ныффыссын. | Арæхсынтекст аразгæйæ алыхуызон синтаксисон конституцитæй пайда кæнын зонын. Ныхасы рæдыдтытыл куыст. |
6. | Дзырдарæзт. | 2 | Дзырдтæ аразыны мадзæлттæ ирон æвзаджы. Мырты ивынад дзырд аразгæйæ. Вазыгджын дзырдты растфыссынад. Хъæлæсонтæ æмæ æмхъæлæсонты рахауд æмæ æлвæстад разæфтуантææмæфæсæфтуантææфтаугæйæ. | Зонын хицæн бындуртæй ног дзырдтæ аразын. Арæхсын бæрæг кæнын дзырдты растфыссынад орфографион дзырдуаты фæрцы. Зонын орфографион æгъдæутты раиртæстытæ. Арæхсын сæ дзуæппытæ бафидар кæнын хъæугæ дæнцæгтæй. Арæхсын дзырдты орфограммæтæ агурын æмæ сæ æмбарын кæнын, орфографион дзырдтæ раст фыссынмæ. |
7. | К/К | 2 | Контролон диктант лексикæйæ æмæ дзырдарæзтæй. | Арæхсынтекст фыссын хъусгæйæ. |
8. | Номдар. | 6 | Номдарты ивынад хауæнтæм æмæ нымæцтæм гæсгæ.(фæлхатæн). Номдарты дзырдарæзт разæфтуан æм- ы фæрцы æмæ сæ растфыссынад Номдарты дзырдарæзт фæсӕфтуантæ –ад, -он, -дон, -дзинад, -ыстон,-ой, -д–ыйы руаджы, сæ растфыссынад. Вазыгджын номдарты арæзт æмæ сæ растфыссынад. Цыбыргонд вазыгджын номдарты растфыссынад. Номдарты рахызт миногонтæм. Номдарты ратфыссынады æгъдæуттæ. Номдарты морфологион æвзæрсты фæтк. | Зонын тасындзæг кæнын иууон æмæ бирæон нымæцы номдартæ. Арæхсын номдарты бирæон нымæц аразыны хицæндзинæдтæ æмæ сæ растфыссынад. Зонын разæфтуанты фæрцы аразын номдартæ æмæ сæ растфыссынмæ арæхсын. Зонынфæсæфтуанты фæрцы ног дзырдтæ аразын. Арæхсындзырдтæ морфемон æвзæрст кæнынмæ. Арæхсын разæфуантæ æмæ фæсæфтуанты фæрцы ног дзырдтæ аразын зонын. Зонын æмцыбыргонд вазыгджын дзырдтæ аразын. Зонынномдартæй миогонтæ аразын хъуыдыйæдты мидæг. Арæхсын ныхасы пайда кæнын номдар-миногонтæй æмæ сæ иртасын. Раст æмæ аив дзурын адæмы æхсæн. |
8. | Н/Р/К | 2 | Нывœцœн «Æрдз - нœ дарœг» цӕттӕгӕнӕн урок. | Арæхсынтекст аразгæйæ алыхуызон синтаксисон конституцитæй пайда кæнын зонын. Ныхасы рæдыдтытыл куыст. |
9. | Миногон. | 7 | Миниуæгæвдисæг æмæ ахастæвдисæг миногонты нысаниуæг. Миногонты дзырдарæзт разæфтуантææнæ-, æд-, æ- руаджы. Фæсæфтуантæ –æг, -он, -ын, -джын, -ыккон, -гомау-ыруаджы ног дзырдтæ аразын. Миногонты дзырдарæзт дзырдтæ кæрæдзимæ æфтауыны фæрцы æмæ сæ растфыссынады æгъдæуттæ. Миногонтæ номдары ролы кæнын. Миногонты растфыссынады хицæндзинæдтæ. Морфологон æвзæрсты фæтк. | Пайда кæнын миногонтæй ахасгæ нысаниуæджы. Зонын миногонтæ разæфтуанты руаджы аразын æмæ сæ æвзарынмæ арæхсын. Аразын миногонтæ фæсæфтуанты руаджы æмæ сæ æвзарынмӕ арæхсын. Зонын вазыгджын миногонтæ аразын æмæ сæ раст фыссын; Арæхсын вазыгджын миногонтæ æвзарын æмæ сæ пайда кæнын. Зонын пайда кæнын миногонтæй æмæ хи хъуыдытæ миногонты фæрцы фыссын.. |
10. | К/К | 1 | Афӕдзы ӕмбисы административон контролон диктант рацыд ӕрмӕгӕй. | Арæхсынтекст фыссын хъусгæйæ. |
11. | Нымæцон. | 7 | Нымæцонты нысаниуæг æмæ грамматикон æууæлтæ. Ирон нымады хуызтæ. Нымæцонты тасындзæг. Дихон æмæ мурон нымæцонтæ. Хуымæтæг, вазыгджын æмæ амад нымæцонтæ. Бæрцон нымæцонты хицæндзинæдтæ. нымæцонтæ. Нымæцонты растфыссынад. Нымæцонты морфологион æвзæрст. | Арæхсын нымæцонтæ номдартимæ дзурын. Зонын дыууæ нымады хуызæй дæр нымайын; фыссынмæ арæхсын. Зонынтасындзæг кæнын нымæцонтæ номдартимæ. Зонын æмæ арæхсын дихон æмæ мурон нымæцонтимæ хъуыдыйæдтæ аразын. Зонынæмæ арæхсын хуымæтæг нымæцонтæй вазыгджын æмæ амад нымæцонтæ аразын. Зонын аразын бæрцон нымæцонтæй рæнхъон нымæцонтæ. Зонын æмæ арæхсын нымæцонты хуызтæ раст фыссын æмæ дзурын; нымайын, морфологон æвзæрст кæнын. Зонын нымæцонтæ кæм уа, ахæм текст раст кæсын. |
12. | К/К | 2 | Контролон диктант нымӕцонӕй. | Арæхсынтекст фыссын хъусгæйæ. |
13. | Номивæг. | 12 | Номивджыты нысаниуæг æмæ сæ сæйраг грамматикон æууæлтæ. Номивджыты дих. Цæсгомон номивджытæ. Цæсгомон номивджыты цыбыр формæтæ. Здæхгæ номивджытæ. Амонæн номивджытæ. Фарстон-ахастон номивджытæ. Бæлвырд номивджытæ. Æбæлвырд номивджытæ. Æппæрццæг номивджытæ. Номивæджы морфологон æвзæрст. Номивджыты растфыссынад. | Зонын номивджыты грамматикон æууæлтæ. Арæхсын номивджытæй иууон æмæ бирæон нымæцты æвæрдæй хъуыдыйæдтæ аразын Зонын номивджыты цыбыр формæтимæ хъуыдыйæдтæ аразын. Арæхсын раст дзурын семæ ныхасы мидæг. Цыбыр номивджытæ раст фыссын. Номивæджы хицæн хуызтæй хъуыдыйады раст пайда кæнын, цавды нысан сыл раст æвæрын. Зонын номивджы морфологон æвзæрст кæнын. Зонын номивджытæ растфыссынады æгъдæуттæ æмæ сӕ арæхсын раст фыссынмæ. |
14. | Н/Р/К | 1 | Сфœлдыстадон изложении | Арæхсынтекст аразгæйæ алыхуызон синтаксисон конституцитæй пайда кæнын зонын. Ныхасы рæдыдтытыл куыст. |
15. | К/К | 1 | Контролон диктант номивӕгӕй. | Арæхсынтекст фыссын хъусгæйæ. |
16. | Мивдисæг. | 7 | Мивдисæджы афонтæ. Хуымæтæг æмæ вазыгджын мивдисджытæ. Мивдисæджы æбæлвырд формæ. Мивдисджыты разæфтуанты нысаниуæг æмæ сæ растфыссынад. Мивдисæджы хуызтæ. (æххæст, æнæххæст) Мивдисджыты растфыссынад ивгъуыд афоны. Мивдисæджы æвзæрсты пълан практикон æгъдауæй ныффидар кæнын. Мивдисджыты растфыссынад суинаг афоны. Мивдисджыты растфыссынад. | Зонынифтындзæг кæнын мивдисæг иууон æмæ бирæон нымæцты. Арæхсынмивдисджытæй баххæст кæнын ххъуыдыйæдтæ. Зонынмивдисæджы æргомон здæхæны нырыккон афоны формæйæ ивгъуыд æмæ суинаг афоны пайда кæнын. Зонын æмæ арæхсын хуымæтæг мивдиджытæй вазыгджынтæ аразын. Зонын æмæ арæхсын æбæлвырд формæйы мивдисджытæй ног мивдисджытæ аразынмæ. Арæхсын разæфтуанты фæрцы архайдæн йе здæхт æмæ йæ миниуджытæ æвдисынмæ. Иртасын æххæст æмæ æнæххæст мивдисджытæ кæрæдзийæ. |
17. | К/К | 1 | Контролон диктант мивдисӕгӕй. | Арæхсынтекст фыссын хъусгæйæ. |
18. | Рацыд æрмæг сфæлхат кæнын. | 3 | Морфологийыл афæлгæст. Текстыл куысты мидæг фæлхатын морфологи. | Зонын æмæ арæхсын раст, æнæ рæдыдæй фыссын. |
19. | К/К | 1 | Рацыд ӕрмӕгӕй афӕдзы кӕрон контролон диктант. | Арæхсынтекст фыссын хъусгæйæ. Арæхсын растфыссынады æгъдæуттæй пайда кæнын |
Тематикон пълан ирон æвзаджы курсæн 7 къласы
№ | Сæрмагон темæ | Сахæтты нымæц | Программæйы мидис темæтæм гæсгæ | Ахуырдзауты архæйдтытæ |
1. | Мадæлон æвзаг. | 1 | Зындгонд адæймæгты хъуыдытæ ирон ӕвзаджы тыххӕй | Ӕмбарын мадæлон æвзаджы нысаниуæг, йӕахадындзианад адæймаджы царды. Иртасын ирон æвзаджы хъысмæт, йæ абоны уавæр.Зонын, цæмæн хъæуы мадæлон æвзаг хъахъхъæнын. Зонын, зындгонд адæймæгтæ ирон æвзаджы тыххæй, цы дзырдтой, уый. Ӕнкъарынирон æвзаджы аивдзинад æмæ йæ эстетикон тых. |
2. | 6 – æм къласы рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. | 2 | Ирон æвзаджы лексикæйы сæйраг фæлтæртæ. Цавд дзырдтæ æмæ дзырдты къордыл.Ныхасы хæйттæ. Номдар. Миногон. Нымӕцон. Номивæг. Мивдисæг. | Иртасын ирон æвзаг куыд наукæ. Зонын æвзаджы хæйтты, сæ хицæндзинадтӕ. Зонын ирон æвзаджы лексикон арæзт. Аразын фразеологион дзырдбæстытæ. Иртасындзырды хæйттæ. Зонын ӕмӕ арæхсын вазыгджын дзырдтæ, сæ растфыссынад. Бакусын орфографи æмæ пунктуацийы æгъдæуттыл. |
3. | К/К | 1 | Бацӕуӕн контролон диктант. | Арæхсынтекст фыссын хъусгæйæ. |
4. | Морфологи. Мивдисæг. | 12 | Мивдисæджы тыххæй 5-æм æмæ 6-æм къласы цы базыдтой, уый зæрдыл æрлæууын кæнын. Цæугæ æмæ æдзæугæ мивдисджытæ. Мивдисæджы бындуртæ. Хъæлæсонты æмæ æмхъæлæсонты ивынад ивгъуыд афоны бындуры ( ӕ – а, у – ы, д – с, т – с, нд – с, нт – с, ндз – гъ, дз – гъ) æмæ сæ растфыссынад. Мивдисæджы здæхæнтæ (æргомон, бæллиццаг, фæдзæхстон, бадзырдон). Сæ нысаниуæг. Мивдисæджы ифтындзæг бадзырдон æмæ бæллиццаг здæхæнты. Мивдисджыты дзырдарæзт. Мивдисæджы вазыгджын формæтæ. Мивдисæджы æнæцæсгомон формæ æмæ æнæцæсгомон мивдисджытæ. Мивдисæджы синтаксисон хӕстӕ. Мивдисджыты растфыссынад. | Зонынмивдисæджы грамматикон æууæлтæ. Арæхсын раст фыссын хъæлæсонтæ æмæ æмхъæлæсонты ивынад ивгъуыд афоны бындуры (æ-а, у-ы, д-с, т-с, нд-с, нт-с, ндз-гъ, дз-гъ). Зонын ӕмӕ арæхсын мивдисæджы здæхæнтæ (æргомон, бæлиццаг, бадзырдон, фæдзæхстон) иртасын. Æнкъарын мадæлон æвзаджы аивдзинад; гуырын кæнын орфографион нормæтæй пайда кæнынмæ тырнындзинад. Зонынмивдисæджы ифтындзæг ӕмӕ бакусын мивдисӕджырастфыссынадыл. Зонын ӕмӕ арӕхсын мивдисджытыæнæцæсгомон формæтӕ. Арæхсынсинтаксисон хӕстӕ кӕнын. |
5. | Н/Р/К. | 2 | Мивдисæджы цæсгомы формæ баивгæйæ бацæттæ кæнын изложении. | Арæхсынтекст аразгæйæ алыхуызон синтаксисон конституцитæй пайда кæнын зонын. Ныхасы рæдыдтытыл куыст. |
6. | К/К | 1 | К/К. Контролон диктант мивдисӕгӕй. | Арæхсынтекст фыссын хъусгæйæ. |
Миногми. | 4 | Миногми куыд мивдисæджы сæрмагонд формæ: йæ иумæйаг нысаниуæг, йæ арæзт (-æг, -д, -т, -ст, -ад, -ыд, -инаг), йæ морфологион æууæлтæ æмæ синтаксисон функцитæ. Миногмиты афонтæ. Миногмиты рахызт номдартæм æмæ миногонтæм. Миногмиты растфыссынад. | Зонын ивгъуыд æмæ суинаг афоны миногмиты нысаниуæг æмæ хицæндзинæдтæ. Миногми номдар æмæ миногонæй иртасын зонын. Арæхсын миногмийæ предметтæ æмæ фæзындты æууæлтæ бæрæг кæнын. Миногми – бæрæггæнæн бæрæггæнинаг дзырдтимæ иу цавдимæ дзурын зонын. Бæлвырд фæткмæ гæсгæ миногми ӕвзарын. | |
7. | Фæрссагми. | 4 | Фæрссагми куыд мивдисæджы сæрмагонд формæ: йæ иумæйаг нысаниуæг, йæ арæзт, йæ морфологион æууæлтæ йæ синтаксисон функцитæ, йæ арæзт (-гæ, -гӕйæ, -кæсгæ – кæсын). Æххæст æмæ æнæххæст хуызы фæрссагмитæ æмæ сæ арæзт. Фæрссагмион здæхт. Къæдзыг ӕвæрыны ӕгъдæуттӕ хицæн фӕрссагмитӕ æмӕ фæрссагмион здæхтытимæ. Фæрссагмиты растфыссынад. | Зонын фæрссагми куыд мивдисæджы сæрмагонд формæ: йæ нысаниуæг, морфологион æууæлтæ æмæ синтаксисон роль. Иртасын æххæст æмæ æнæххæст хуызы фæрссагмиты арæзт. Бӕрӕг кӕнын фæрссагмион здæхт. Фæрссагмиты растфыссынадыл бакусын. Фæрссагми æмæ фæрссагмион здæхтимæ хъуыдыйадаразын зонын, фæрссагми синонимон мивдисæгæй ивын зонын. |
8. | Н/Р/К | 2 | Бӕлвырд изложении ныффыссын. | Арæхсынтекст аразгæйæ алыхуызон синтаксисон конституцитæй пайда кæнын зонын. Ныхасы рæдыдтытыл куыст. |
9. | К/К | 1 | Афӕдзы ӕмбисы административон контролон диктант рацыд ӕрмӕгӕй. | Арæхсынтекст фыссын хъусгæйæ. |
10. | Фæрсдзырд. | 9 | Фæрсдзырдты нысаниуæг æмæ сæ грамматикон æууæлтæ. Фæрсдзырдты дих сæ амындмæ гæсгæ. Фæрсдзырдты арæзт. Фæрсдзырдты бæрцбарæнтæ. Фæрсдзырдты растфыссынад. | Зонынфæрсдзырд куыд сæрмагонд ныхасы хай. Иртасын фæрсдзырд æмæ миногон сæ синтаксисон æууæлтæм гæсгæ кæрæдзийæ. Зонын миногонтæй арæзт фæрсдзырдты нысаниуджытæ æмæ сæ дзырдарæзт. Зонын фæрсдзырдты арæзт нымæцонтæй. Зонын фæрсдзырдты равзæрд фæрсдзырдтæй æмæ сæ хицæндзинæдтæ. Зонын фæрссагмитæй арæзт фæрсдзырдты хицæндзинæдтæ. |
11. | Н/Р/К | 2 | Бӕлвырд изложении ныффыссын. | Арæхсынтекст аразгæйæ алыхуызон синтаксисон конституцитæй пайда кæнын зонын. Ныхасы рæдыдтытыл куыст. |
12. | К/К | 1 | Контролон диктант фӕрсдзырдӕй. | Арæхсынтекст фыссын хъусгæйæ. |
13. | Фæсæвæрд. | 6 | Фæсæвæрдты нысаниуæг. Фæсæвæрдты бастдзинад, сæ разæй цы дзырдтæ вæййынц, уыдонимæ. Фæсæвæрдты равзæрд. Фæсæвæрдтæ иртасын се мхуызон номдар æмæ ферсдзырдтæй. Фæсæвæрдты растфыссынад. | Зонын фæсæвæрдты равзæрд ӕмӕ сӕ нысаниуӕг. Арæхсыниртасын фæсæвæрдтæ се' мхуызон номдартæ æмæ фæрсдзырдтæй. Пайда кӕнын фæсæвæрдты растфыссынады æгъдæуттæй. Бæлвырд фæткмæ гæсгæ ӕвзарын фæсæвæрд. |
14. | Разæвæрд. | 3 | Разæвæрдты нысаниуæг. Разæвæрдты бастдзинад дзырдтимæ. Разæвæрдты растфыссынад. | Зонын разæвæрды равзæрд ӕмӕ сӕ нысаниуӕг. Арæхсыниртасын разæвæрдтæ се' мхуызон номдартæ æмæ фæрсдзырдтæй. Пайда кӕнын разæвæрдты растфыссынады æгъдæуттæй. Бæлвырд фæткмæ гæсгæ ӕвзарын разæвæрд. |
15. | Бæттæг. | 3 | Бæттæгты нысаниуæг. Хуымæтæг æмæ вазыгджын бæттæгтæ. Бабæтгæ бастдзинады бæттæгтæ хуымæтæг æмæ бабæтгæ вазыгджын хъуыдыйæдты. Домгæ бастдзинады бæттæгтæ домгæвазыгджын хъуыдыйады. Вазыгджын бæттæгты растфыссынад. | Зонын бæттæгты равзæрд ӕмӕ сӕ нысаниуӕг. Иртасын бæттæгты хуызтӕ. Пайда кӕнын бæттæгты растфыссынады æгъдæуттæй. Пайда кӕнын бæттæгтӕй БВХЪ ӕмӕ ДВХЪ. Бæлвырд фæткмæ гæсгæ ӕвзарын рæзæвæрд. |
16. | Н/Р/К | 2 | Æлвӕст изложени ныффыссын. | Арæхсынтекст аразгæйæ алыхуызон синтаксисон конституцитæй пайда кæнын зонын. Ныхасы рæдыдтытыл куыст. |
17. | Хайыг. | 3 | Хайыгты нысаниуæг. Сæ грамматикон миниуджытæ. Хайыгты дих сæ амындмæ гæсгæ. Хайыгты растфыссынад. | Хицæн кæнын зонын хайыгтæ се' мхуызон ныхасы хæйттæй. Зонын амонын, хайыг хъуыдыйады цы дзырдимæ баст у, уый. Бæлвырд фæткмæ гæсгæ ӕвзарын хайыгтæ. Пайда кӕнын хайыгты растфыссынады ӕгъдӕуттӕй. |
18. | Æвастхъæр. | 3 | Æвастхъæры нысаниуæг. Æвастхъæрты растфыссынад. Сæ пунктуации. | Зонын æвастхъæрты нысаниуæг. Пайда кӕнын æвастхъæрты растфыссынады ӕгъдӕуттӕй. |
19. | Рацыд æрмæг сфæлхат кæнын. | 4 | Морфологийыл афæлгæст. Текстыл куысты мидæг фæлхатын морфологи. | Зонын æмæ арæхсын раст, æнæ рæдыдæй фыссын. |
20. | К/К | 1 | Рацыд ӕрмӕгӕй афӕдзы кӕрон контролон диктант. | Арæхсынтекст фыссын хъусгæйæ. Арæхсын растфыссынады æгъдæуттæй пайда кæнын |
21. | Н/Р/К | 2 | Нывӕцӕн ныффыссын. | Арæхсынтекст аразгæйæ алыхуызон синтаксисон конституцитæй пайда кæнын зонын. Ныхасы рæдыдтытыл куыст. |
Тематикон пълан ирон æвзаджы курсæн 8 къласы
№ | Сæрмагон темæ | Сахæтты нымæц | Программæйы мидис темæтæм гæсгæ | Ахуырдзауты архæйдтытæ |
1. | Ирон литературон æвзаг æмæ иумæйаг адæмон æвзаджы хуызтæ. | 1 | Ирон литературон æвзаг æмæ иумæйаг адæмон æвзаджы иннæ хуызтæ. | Ӕмбарын æмæ зонын мадæлон æвзаджы бынат ӕмӕ нысаниуæг адæймаджы царды. Иртасын ирон æвзаджы хъысмæт, йæ абоны уавæр.Ӕмбарын цæмæн хъæуы мадæлон æвзаг хъахъхъæнын. |
2. | 5-7 – æм къласы рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. | 3 | Фонетикæ. Орфографии. Лексикæ. Дзырдарæзт. Морфологи. Синтаксис. Стильтæ. | Арæхсын дзырдты фонетикон æмæ морфемиконанализ кӕнынмӕ. Иртасын дзырдты лексикон нысаниуæг. Арæхсын дзырд дзырды хæйттæм гӕсгӕ авзарынмӕ. Раст пайда кӕнын ирон æвзаджы орфографийы принциптæй. |
3. | К/К | 1 | Бацӕуӕн контролон диктант. | Арæхсынтекст фыссын хъусгæйæ. |
4. | Ситаксис. Пунктуаци. Дзырдбаст. | 2 | Дзырдбастӕй 5-æм къласы рацыд æрмæг сфæлхат кæнын. Дзырдбасты нысаниуæг. Домгæ бастдзинады хуызтæ дзырдбасты (æмарæзт, æфтыдад). Дзырдбасты хуызтæ сæйраг дзырды морфологион æууæлтæм гæсгæ (мивдисæгон, номон, фæрсдзырдон). | Зонын дзырдбасты нысаниуæг, йӕ хуызтӕ. Иртасын дзырдбасты хуызтæ сæйраг дзырды морфологион арæзтмæ гæсгæ. Арæхсын дзырдбаст аразынмӕ. Синонимон дзырдбæстытæй ныхасы мидæг пайда кæнынмӕ. |
5. | Хуымæтæг дывæрсыг хъуыдыйадтæ. Хъуыдыйады сæйраг уæнгтæ. Хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ. | 18 | Хъуыдыйадæй тыххæй зонындзинӕдтӕ зæрдыл æрлæууын кæнын. Хъуыдыйады грамматикон бындур. Дзырдты рæнхъæвæрд хъуыдыйады. Лирикон цавд. Хуымæтæг хъуыдыйады интонаци. Логикон цавд. Дывæрсыг хъуыдыйад. Хъуыдыйады сæйраг уæнгтæ. Сæйраты тыххæй рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. Сæйраты морфологион арæзт. Дзырдбастæй арӕзт сæйрат. Зæгъинаг. Зæгъинаджы тыххæй рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. Хуымæтæг æмæ вазыгджын зæгъинæгтæ. Хуымæтæг мивдисæгон зæгъинаг. Амад мивдисæгон зæгъинаг. Тире сæйрат æмæ зæгъинаджы æхсæн. Фæрссаг уæнгты тыххæй рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. Фæрссаг уæнгты æмбарынад, сæ хуызтæ. Æххæстгæнæн. Æххæстгæнæны хуызтæ ирон æвзаджы. Æххæстгæнæджы нысаниуæг. Комкоммæ æмæ фæрссаг æххæстгæнæнтæ. Æххæстгæнæны бынат хъуыдыйады. Бæрæггæнæн. Бæрæггæнæны нысаниуæг. Бæрæггæнæны бастдзинад бæрæггæнинаг дзырдимæ. Бæрæггæнæн бæрæггæнинаг дзырдтимæ иу цавдимæ кæсын зонын. Æмхасæн. Æмхасæн куыд бæрæггæнæны хицæн хуыз. Æрхæцæн нысанттæ æмхасæнимæ. Фадатон дзырдтæ. Фадатон дзырдты нысаниуæг, сæ бастдзинад зæгъинагимæ. Афоны æмæ бынаты фадаты дзырдты нысаниуæг. Архайды хуызы фадат. Архайды хуыз æвдисæг фадатон дзырдтæ. Æфсоны æмæ нысаны фадæттæ. Æфсоны æмæ нысан æвдисæг фадатон дзырдтæ. Фадатон дзырдты бастдзинад зæгъинагимæ, сæ бынат хъуыдыйады. | Зонын хъуыдыйады хуызтӕ интонацимӕ гӕсгӕ, сӕ арӕзтмӕ гӕсгӕ. Арæхсын хъуыдыйад синтаксисон æвзæрст кӕнынмӕ. Раст пайда кӕнын дзырдты рæнхъæвæрдӕй хъуыдыйады. Зонын сæйрат ӕмӕ йӕ морфологион арӕзт. Арæхсын сæйраты ролы алыхуызон ныхасы хæйттæ иртасынмӕ. Зонын дзырдбастæй арæзт сæйрат иртасынмӕ. Зонын зæгъинаг ӕмӕ йӕ морфологион арӕзт. Иртасын хуымæтæг æмæ вазыгджын зæгъинæгтæ. Арæхсын вазыгджын зæгъинагæй ныхасы мидæг пайда кæнынмӕ. Арæхсын сæйрат æмæ зæгъинаджы 'хсæн тире кæм ис, ахæм хъуыдыйæдтӕ æвзæрынмӕ. Æххæстгæнæны бастдзинад, цы дзырдтæ фæбæрæг кæны, уыдонмӕ сӕ иртасын зонын. Æххæстгæнæны морфологион арæзт иртасын зонын. Бæрæггæнæн бæрæггæнинаг дзырдтимæ иу цавдимæкæсын зонын. Зонын бæрæггæнæнæй ныхасы мидæг пайда кæнын. Арæхсын æмхасæнæй ныхасы мидæг пайда кæнын. Зонын фадатон дзырдтæ иртасын. Афоны æмæ бынаты фадатон дзырдтæй хъуыдыйадыпайда кæнын, хъуыдыйады сæ агурын зонын. Зонын иртасын архайды хуыз æвдисæг фадатон дзырдтæ бӕрӕггӕнӕнтӕй. Зонын иртасын Æфсоны æмæ нысаны фадæттæ Ныхасы мидæг архайды хуызы фадатон дзырдтæйпайда кæнын. Æфсоны æмæ нысан æвдисæг фадатон дзырдтæ хъуыдыйады агурын зонын; ныхасы мидæг сæ раст пайда кæныныл куыст. Абарстон здæхтимæ æрхæцæн нысæнттæ раст æвæрын. |
6. | К/К | 1 | Афӕдзы ӕмбисы административон контролон диктант рацыд ӕрмӕгӕй. | Арæхсынтекст фыссын хъусгæйæ. |
7. | Хуымæтæг иувæрсыг хъуыдыйæдтӕ. | 7 | Иувæрсыг хъуыдыйæдты нысаниуæг, сæ хуызтæ. Бæлвырдцæсгомон иувæрсыг хъуыдыйад Æбæлвырдцæсгомон иувæрсыг хъуыдыйад. Æнæцæсгомон иувæрсыг хъуыдыйад. Номхуындон иувæрсыг хъуыдыйад. Номхуындон иувæрсыг хъуыдыйады арæзт, сæ сæйрагдæр нысан ныхасы мидæг. | Зонынхицæн кæнын дывæрсыг æмæ иувæрсыг хъуыдыйæдтæ. Арӕхсынтекстыбæлвырдцæсгомон иувæрсыг хъуыдыйæдтæ иртасын. Арӕхсынтекстыæбæлвырдцæсгомон иувæрсыг хъуыдыйæдтæ иртасын. Арӕхсынтекстыæнæцæсгомон иувæрсыг хъуыдыйæдтæ иртасын. Арӕхсын иртасын номхуындон иувæрсыг хъуыдыйад тексты. Зонын пайда кæнын номхуындон хъуыдыйадæй æрфыстон текст аразгæйæ. |
8. | Н/Р/К | 2 | Æлвӕст изложени ныффыссын. | Арæхсынтекст аразгæйæ алыхуызон синтаксисон конституцитæй пайда кæнын зонын. Ныхасы рæдыдтытыл куыст. |
9. | Æнæххæст хъуыдыйæдтæ. | 2 | Æххæст æмæ æнæххæст хъуыдыйæдты хицæндзинæдтæ. Æххæст хъуыдыйады арæзт. Æнæххæст хъуыдыйад æмæ иувæрсыг хъуыдыйæдты хицæндзинæдтæ. Æнæххæст хъуыдыйæдты хуызтæ.. Диалогон æнæххæст хъуыдыйæдтæ. Ныхасы уавæртæм гæсгæ сæвзæргæ æнæххæст хъуыдыйæдтæ. Æнæххæст хъуыдыйады тире æвæрыны æгъдæуттæ. | Арӕхсын æнæххæст хъуыдыйæдтæ тексты агурынмӕ. Арӕхсын æххæст хъуыдыйадæй æнæххæст хъуыдыйад аразынмæ. Æнæххæст хъуыдыйады синтаксисон анализ кӕнынмӕарӕхсын. Алыхуызон æнæххæст хъуыдыйæдтæ аразынмӕ арӕхсын. |
10. | Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ. | 4 | Æмхуызон уæнгты тыххæй рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. Æмхуызон æмæ алыхуызон бæрæггæнæнты æмбарынад, сæ хицæндзинæдтæ, хъæлæсы уагæй сæ хицæн кæнын. Æмхуызон уæнгты бастдзинад иугæнæг, ныхмæвæрды æмæ дихон бæттæгты фæрцы. Æмхуызон уæнгты бастдзинад хъæлæсы уагæй (иугæнæг, ныхмæвæрды æмæ дихгæнæг интонациимӕ). Æмхуызон уæнгты иугæнæг дзырдтæ. Иугæнæг дзырды нысаниуæг, йæ бынат хъуыдыйады. Æрхæцæн нысæнттæ хъуыдыйады уæнгтимæ. Дыстъæлф æмæ тире хъуыдыйады æмхуызон уæнгты иугæнæг дзырдтимæ. Къæдзыг хъуыдыйады æмхуызон уæнгты 'хсæн. | Зонынхъуыдыйадыæмхуызон уæнгты ӕмбарынад. Зонын æмхуызон æмæ алыхуызон бæрæггæнæнты æмбарынад, сæ хицæндзинæдтæ. Архайын хицæн кæныныл æмхуызон æмæ алыхуызон бæрæггæнæнтæ хъæлæсы уагæй . Арæхсын хъуыдыйады синтаксисон æвзæрст кӕнын. Арæхсын æмхуызон уæнгты бастдзинад иугæнæг, ныхмæвæрды æмæ дихон бæттæгты фæрцыиртасынмӕ. Æмхуызон уæнгты бастдзинад раст хъæлæсы уагæйдзурын (иугæнæг, ныхмæвæрды æмæ дихгæнæг интонациимӕ). |
11. | К/К | 1 | Контролон диктант хъуыдыйады ӕмхуызон уӕнгтимӕ. | Арæхсынтекст фыссын хъусгæйæ. Арæхсын растфыссынады æгъдæуттæй пайда кæнын |
12. | Н/Р/К | 2 | Æлвӕст изложени ныффыссын. | Арæхсынтекст аразгæйæ алыхуызон синтаксисон конституцитæй пайда кæнын зонын. Ныхасы рæдыдтытыл куыст. |
13. | Сидæнтæ, бавæргæ дзырдтæ, æвастхъæртæ. | 4 | Сидæны тыххæй рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. Сидæны бынат хъуыдыйады. Цыбыргонд æмæ даргъгонд сидæнтæ. Æрхæцæн нысæнттæ сидæнтимæ. Бавæргæ дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдты нысаниуæг, ныхасы мидæг сæ раст пайда кæнын. Æрхæцæн нысæнттæ бавæргæ дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтимæ, хъæлæсы уагæй сæ раст кæсын. Æвастхъæрты нысаниуæг хъуыдыйæды. Æрхæцæн нысæнттæ æвастхъæртимæ, раст хъæлæсы уагæй сæ дзурын ӕмӕ кæсын. | Зонын сидæны нысаниуӕг. Иртасын цыбыргонд æмæ даргъгонд сидæнтæ. Арӕхсын æрхæцæн нысæнттæ ӕвӕрынмӕ хъуыдыйады сидæнтимæ. Бӕлвырд кӕнын сидæн куыд аивадон-нывæфтыд мадзал. Арӕхсын хъуыдыйæдтæ бавæргæ дзырдтимæ æвзарынмӕ. Арӕхсын хъуыдыйæдтæ хъуыды кæнынмӕ бавæргæ дзырдтимæ. Арӕхсын хъуыдыйæдтæ æвастхъæртимæ æвзарын. Арӕхсын тексты анализ кӕнын (æвастхъæртæ кæм ис, ахæм). Арӕхсын хъуыдыйæдтæ æвастхъæртимæ хъуыды кæнын, текст æвастхъæртæй аххæст кæнын. |
14. | К/К | 1 | Контролон диктант сидæнтæ, бавæргæ дзырдтæ, æвастхъæртимӕ. | Арæхсынтекст фыссын хъусгæйæ. Арæхсын растфыссынады æгъдæуттæй пайда кæнын |
15. | Хъуыдыйæдтæ иртастгонд фæрссаг уæнгтимæ. | 5 | Иртӕстгонддзинады æмбарынад.. Иртæстгонд бæрæггæнæнтæ æмæ æмхасæнтæ. Иртæстгонд бæрæггæнæнтæ. Иртастгонд фадатон дзырдтæ. Æрхæцæн нысæнттæ иртæстгонд фадатон уæнгтимæ. Хъуыды бæлвырдгæнæг дзырдтæ. | Иртæстгонддзинад синтаксисон синонимæй ивынмæ арæхсын. Арӕхсын ныхасы мидæг иртастгонд дзырдтӕй пайда кæнынмӕ, раст хъæлæсы уагæй сæ кæсынмӕ. Арӕхсын æрхæцæн нысæнттæ иртæстгонд фадатон уæнгтимæ ӕвӕрын. Дзургæ æмæ фысгæ ныхасы хъуыды бæлвырдгæнæг дзырдтæй раст пайда кæнын, интонаци æмæ сæ æрхæцæн нысæнттæй раст хицæн кæнын. |
16. | К/К | 1 | Контролон диктант иртӕстгонд уӕнгтимӕ. | Арæхсынтекст фыссын хъусгæйæ. Арæхсын растфыссынады æгъдæуттæй пайда кæнын |
17. | Комкоммæ æмæ фæрссаг ныхас. | 4 | Комкоммæ ныхасы тыххæй рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. Комкоммæ ныхас аразыныл фæлтæрын. Фæрссаг ныхас. Комкоммæ ныхасæй фæрссаг ныхас аразын. Фæрссаг ныхас аразыны грамматикон фæрæзтæ. Фæрссаг ныхас аразыныл фæлтæрын. Æрхæцæн нысæнттæ комкоммæ ныхасимæ.Цитатæ. Æрхæцæн нысæнттæ цитатæимæ. | Фæрссаг ныхас аразыныл фæлтæрын. Комкоммæ ныхас кæм æмбæлы, ахæм текст аразыныл фæлтæрын. Зонын ӕмӕ арӕхсын комкоммæ ныхасы ӕрхæцæн нысæнтты ӕвӕрыны фӕтк. Фæлтæрын комкоммæ ныхасæй фæрссаг ныхас, фæрссаг ныхасæй комкоммæ ныхас аразынмӕ. |
18 | Н/Р/К | 2 | Æлвӕст изложени ныффыссын. | Арæхсынтекст аразгæйæ алыхуызон синтаксисон конституцитæй пайда кæнын зонын. Ныхасы рæдыдтытыл куыст. |
19. | 8- æм къласы рацыд æрмæг зӕрдыл æрлӕууын кæнын. | 4 | Хуымæтæг хъуыдыйад. Хуымæтæг хъуыдыйады синтаксисон æвзæрст. Хуымæтæг хъуыдыйады пунктограммæтæ. | Арӕхсын æрхæцæн нысæнттæ сидæн, бавæргæ конструкцитæ, æмхуызон уæнгты ӕвӕрын. |
20. | К/К | 1 | Рацыд ӕрмӕгӕй афӕдзы кӕрон контролон диктант. | Арæхсынтекст фыссын хъусгæйæ. Арæхсын растфыссынады æгъдæуттæй пайда кæнын |
21. | Н/Р/К | 2 | Нывӕцӕн ныффыссын. | Арæхсынтекст аразгæйæ алыхуызон синтаксисон конституцитæй пайда кæнын зонын. Ныхасы рæдыдтытыл куыст. |
Тематикон пълан ирон æвзаджы курсæн 9 къласы
№ | Сæрмагон темæ | Сахæтты нымæц | Программæйы мидис темæтæм гæсгæ | Ахуырдзауты архæйдтытæ |
1. | Мадæлон æвзаджы нысаниуæг адæймаджы царды. | 1 | Зындгонд адæймæгтæ мадæлон æвзаджы тыххæй. | Æмбарын мадæлон æвзаджы ахадындзианад царды. Æнкъарынирон æвзаджы аивдзинад æмæ йæ эстетикон тых. |
2. | 5- 8- æм къласы рацыд æрмæг синтаксисæй зӕрдыл æрлӕууын кæнын. | 3 | Дзырдбаст. Хуымæтæг хъуыдыйад. Хъуыдыйады уæнгтæ. Хъуыдыйдтæ сидæнтимæ, бавæргæ дзырдтимæ, æвастхъæртимæ. Бæттæгтæ хъуыдыйады æмхуызон уæнгтимæ. Вазыгджын хъуыдыйад. Бæттæгтæ вазыгджын хъуыдыйады. Текст. Ныхасы стильтæ. | Зонын дзырдбаст æмæ хъуыдыйады хицæндзинæдтæ, дзырдбаст æмæ хъуыдыйад аразыны мадзæлттæ. Зонын ӕвзаджы иуӕгтӕ барын кӕрӕдзиуыл, арӕхсын сын анализ кӕнынмӕ. Зонынсинтаксисон æмбарынæдтæ: сидæн, бавæргæ конструкцитæ, æмхуызон уæнгтæ. Арӕхсын æрхæцæн нысæнттæ сидæн, бавæргæ конструкцитæ, æмхуызон уæнгты ӕвӕрынмӕ. |
3. | К/К | 1 | Бацӕуӕн контролон диктант. | Арæхсынтекст фыссын хъусгæйæ. |
4. | Вазыгджын хъуыдыйад. Бабæтгæвазыгджын хъуыдыйад. | 8 | Бабæтгæвазыгджын хъуыдыйад æмæ йæ грамматикон хицæндзинæдтæ хуымæтæг хъуыдыйадæй. Бабæтгæвазыгджын хъуыдыйæдтæ иугæнæг, ныхмæвæрды æмæ дихон бæттæгтимæ. Æрхæцæн нысæнттæ бабæтгæвазыгджын хъуыдыйæдты. | Равзарынбæттæгджын вазыгджын хъуыдыйады хицæндзинæдтæ. Зонын бабæтгæвазыгджын хъуыдыйæдты иугæнæг, ныхмæвæрды æмæ дихон бæттæгты. Æмбарынтексты бабæтгæвазыгджын хъуыдыйады функционалон нысаниуæг. Арӕхсын æрхæцæн нысæнттæ бабæтгæвазыгджын хъуыдыйæдты ӕвӕрын. |
5. | К/К | 1 | Бабæтгæвазыгджын хъуыдыйадӕй контролон диктант. | |
6. | Н/Р/К | 2 | Æлвӕст изложени ныффыссын. | Арæхсынтекст аразгæйæ алыхуызон синтаксисон конституцитæй пайда кæнын зонын. Ныхасы рæдыдтытыл куыст. |
7. | Домгæвазыгджын хъуыдыйад. | 14 | Домгæвазыгджын хъуыдыйад æмæ йæ грамматикон хицæндзинæдтæ. Сæйраг æмæ уæлæмхæст хъуыдыйæдтæ. Уæлæмхæст хъуыдыйæдты сæйраг хуызтæ. Бæттæгтæ æмæ бæттæг дзырдтæ уæлæмхæст хъуыдыйæдты. Амонæн дзырдтæ сæйраг хъуыдыйады. Домгæвазыгджын хъуыдыйад къорд уæлæмхæст хъуыдыйæдтимæ. (æмхуызон, æмдомгæ, алыхуызон æмдомгæ æмæ къæпхæны уæлӕмхæст). Æрхæцæн нысæнттæ домгæвазыгджын хъуыдыйады. | Зонын домгæвазыгджын хъуыдыйады нысаниуæг,равзарын ын йæ хицæндзинад бабæтгæвазыгджын хъуыдыйадæй. Зонын сæйраг æмæ уæлæмхæст хæйтты æмбарынад. Арӕхсын домгæвазыгджын хъуыдыйады синтаксисон æвзæрст кӕнынмӕ. Зонын домгæвазыгджын хъуыдыйады функционалон нысаниуæг. |
8. | Н/Р/К | 2 | Æлвӕст изложени ныффыссын. | Арæхсынтекст аразгæйæ алыхуызон синтаксисон конституцитæй пайда кæнын зонын. Ныхасы рæдыдтытыл куыст. |
9. | К/К | 1 | Афӕдзы ӕмбисы административон контролон диктант рацыд ӕрмӕгӕй. | Арæхсынтекст фыссын хъусгæйæ. |
10. | Æнæбæттæг вазыгджын хъуыдыйад. | 7 | Æнæбæттæг вазыгджын хъуыдыйады æмæ йæ грамматикон хицæндзинæдтæ. Æнæбæттæг вазыгджын хъуыдыйады хæйтты ахаст кæрæдзимæ сæ хъуыды æмæ хъæлæсы уагмæ гӕсгæ. Æрхæцæн нысæнттæ вазыгджын хъуыдыйады. | Зонын æнæбæттæг вазыгджын хъуыдыйад æмæ йæ хицæндзинæдтæ. Зонын æнæбæттæг вазыгджын хъуыдыйады хæйтты ахаст кæрæдзимæ. Арӕхсын сæ дзурынмӕ хъуыды æмæ хъæлæсы уагмæ гæсгæ. Арӕхсын æрхæцæн нысæнттæ æнæбæттæг вазыгджын хъуыдыйæдты раст ӕвæрынмӕ. |
11. | К/К | 1 | Æнæбæттæг вазыгджын хъуыдыйадӕй контролон диктант. | Арæхсынтекст фыссын хъусгæйæ. Арæхсын растфыссынады æгъдæуттæй пайда кæнын |
12. | Вазыгджын хъуыдыйадтæ алыхуызон бастдзинæдтæ: бæттæгты руаджы æмæ æнӕ бæттæгтæй. | 5 | Алыхуызон бастдзинæдтæ цы вазыгджын хъуыдыйæдты æмбæлы, уыдоны хуызтæ, æмæ æрхӕцæн нысӕнттæ ахæм хъуыдыйæдты. | Зонын алыхуызон бастдзинæдтæ цы вазыгджын хъуыдыйæдты æмбæлы, уыдоны хуызтæ. Зонын вазыгджын хъуыдыйады вазыгджын конструкцийы хæйтты ахаст кæрæдзимæ Арӕхсын æрхæцæн нысæнттæ вазыгджын хъуыдыйæдты вазыгджын конструкциты ӕвæрынмӕ. |
13. | К/К | 1 | Вазыгджын хъуыдыйадӕй контролон диктант. | Арæхсынтекст фыссын хъусгæйæ. Арæхсын растфыссынады æгъдæуттæй пайда кæнын |
14. | Стилистикæ. | 7 | Офицалон – хъуыддаджы, наукон, публицистикон æмæ дзургæ ныхасы стильтæ; се 'взагон арæзт. Аив литературон стиль, йæ хицӕндзинæд иннæ стильтæй. Лексикон, фразеологион æмæ грамматикон синонимтæ. Сæйраг домæнтæ дзургæ æмæ фысгæ ныхасмæ: мидисджын уæвын, логикон æгъдауæй раст уæвын, литературон æвзаджы нормæтæн дзуапп дæттын; аивадон нывгæнæн æмæ æндæр лексикон – грамматикон, стилистикон фӕрæзтæй хъæздыг уæвын. Æвзаджы сыгъдæгдзинад. | Зонын стилистикæйы æмбарынæдтæ. Арӕхсын тексты хуызтæ æмæ ныхасы стильтæй пайда кӕнынмӕ. Арӕхсын, фӕлтӕрын, дзургæ æмæ фысгæ ныхасы мидисджын, логикон æгъдауæй раст, литературон æвзаджы нормæтæн дзуапп дæттгӕйӕ, аивадон нывгæнæн æмæ æндæр лексикон – грамматикон, стилистикон фӕрæзтæй хъæздыг уæвгӕйӕ, текст аразынмӕ. Арӕхсын хъахъхъӕнын æвзаджы сыгъдæгдзинадыл. |
15. | Æвзаджы тыххæй иумæйаг зонинæгтæ. | 5 | Æвзаджы ахадындзинад æхсæнадон царды. Æвзаджы рæзты бастдзинад æхсæнады рæзтимæ. Иумæйаг æмбарынад æвзæгты хæстæгдзинады тыххæй. Ирон æвзаджы бынат иннæ æвзæгты 'хсæн. Ирон æвзаджы диалекттæ æмæ ныхасыздæхтытæ. Литературон æвзаг ирон диалекты бындурыл. Литерæтурон æвзаг дыгурон диалекты бындурыл. Литерӕтурон ӕвзаг æмæ диалекттæ, ныхасыздӕхтыты ахастдзинӕдтæ. Ирон æвзаджы рæзт. Ирон æвзагзонынады историйæ. Ирон æвзагзонынады зынгæ ахуыргæ ндтæ. | Зонын иумæйаг æмбарынад æвзæгты хæстæгдзинады тыххæй. Зонын ирон æвзаджы бынат иннæ æвзæгты ’хсæн. Æнкъарын ирон æвзаг нæ адæмы культурон хæзна кæй у, уый; не ’взаг нæ адæмæн кæрæдзи æмбарыны сæйраг фæрæз кæй у, уый. Æвзарынирон æмæ дыгурон диалектты иуæй-иу грамматикон хицæндзинæдтæ. Æрдзурын æвзаджы сыгъдæгдзинадыл. Æмбарынмадæлон æвзаджы ахадындзинад адæймаджы царды.Ирон ӕвзаджы дзырдуӕттӕй пайда кӕнынмӕ арӕхсын. Зонын литературон æвзаджы нормæтӕ. |
16. | Н/Р/К | 2 | Нывӕцӕн ныффыссын. | Арæхсынтекст аразгæйæ алыхуызон синтаксисон конституцитæй пайда кæнын зонын. Ныхасы рæдыдтытыл куыст. |
17. | 9- æм къласы рацыд æрмæг зӕрдыл æрлӕууын кæнын | 4 | Дзырды лексикон нысаниуæг. Бирæнысанон дзырдты хицæндзинад. Иумæйаг æмбарынад ныхасы хæйтты тыххæй. Ныхасы хæйтты растфыссынад. Пунктограммæтæ æмæ орфограммæты фæлхат. Вазыгджын синтаксисон иуæг. Тексты иумæйаг æвзæрсты фæтк. | Арӕхсын æрхæцæн нысæнттæ сидæн, бавæргæ конструкцитæ, æмхуызон уæнгты ӕвӕрынмӕ. Арӕхсын æрхæцæн нысæнттæ вазыгджын хъуыдыйæдты вазыгджын конструкциты ӕвæрынмӕ. Арӕхсын æрхæцæн нысæнттæ бабæтгæвазыгджын хъуыдыйæдты ӕвӕрынмӕ. Арӕхсын æрхæцæн нысæнттæ æнæбæттæг вазыгджын хъуыдыйæдты ӕвæрынмӕ. |
18. | К/К | 1 | Рацыд ӕрмӕгӕй афӕдзы кӕрон контролон диктант. | Арæхсынтекст фыссын хъусгæйæ. Арæхсын растфыссынады æгъдæуттæй пайда кæнын |
19. | Н/Р/К | 2 | Æлвӕст изложени ныффыссын. | Арæхсынтекст аразгæйæ алыхуызон синтаксисон конституцитæй пайда кæнын зонын. Ныхасы рæдыдтытыл куыст. |
Адрес публикации: https://www.prodlenka.org/metodicheskie-razrabotki/613741-tematicheskoe-planirovanie
БЕСПЛАТНО!
Для скачивания материалов с сайта необходимо авторизоваться на сайте (войти под своим логином и паролем)
Если Вы не регистрировались ранее, Вы можете зарегистрироваться.
После авторизации/регистрации на сайте Вы сможете скачивать необходимый в работе материал.
- «Дополнительное образование детей в рамках дошкольной образовательной организации»
- «Организационно-методические аспекты подготовки обучающихся к ВПР в соответствии с ФГОС ООО и ФГОС СОО»
- «Теоретические основы тифлопедагогики и технологии работы с обучающимися с нарушениями зрения»
- «ИКТ-компетентность педагога»
- «Нарушения опорно-двигательного аппарата: организация коррекционно-развивающей работы с обучающимися с НОДА по ФГОС»
- «Современные подходы к устройству детей-сирот, оставшихся без попечения родителей»
- Педагогика и методика преподавания физической культуры
- Секретарь учебной части. Делопроизводство в образовательной организации
- Педагогика и методика дошкольного образования
- Учитель-методист в образовательной организации. Содержание методического сопровождения реализации общеобразовательных программ
- Менеджмент в сфере образования. Организация работы специальной (коррекционной) школы
- Логопедическая работа при нарушениях речи у детей дошкольного возраста

Чтобы оставлять комментарии, вам необходимо авторизоваться на сайте. Если у вас еще нет учетной записи на нашем сайте, предлагаем зарегистрироваться. Это займет не более 5 минут.